ГЕГКИТИ СОСЛАН
ГЪÆУККАГ ДЗÆХÆРА
Ӕртӕх - дӕ дзабуртӕ,
Дӕ ходӕ - цъӕх арв.
Уӕлдӕфӕй рӕугутӕ
Райдзаг унцӕ арф!
Ӕ куст, ӕ фӕллойнӕй
Лӕг фарнӕй цӕра!
Зӕгъун, уодӕнцойнӕ 'й
Гъӕккаг дзӕхӕра.
Ӕ сӕр рацӕйдаруй
Сифаууон фӕткъу,
Ӕ рос ӕрбадаруй
Армӕмӕ кӕрдту.
Бали - нӕуӕг киндзӕ,
Радтуй мин агъдау,
Мӕ фий цъӕх гъӕдиндзӕ
Сцӕвуй сурх зингау.
Мӕнӕн хуӕргӕнасӕ
Ӕ хъаурӕ дӕтдзӕй,
Ӕнхъуӕти бӕласӕ
Аууонӕн бӕздзӕй.
Цума ка мӕ соруй
Горӕтмӕ зӕнхӕй?
Хӕзнатӕ мӕ цори
Лӕуунцӕ хӕрхӕй.
Горӕт ӕнӕнцойнӕ 'й:
Пӕс-пӕс, геттӕра...
Зӕгъун, уодӕнцойнӕ 'й
Гъӕуккаг дзӕхӕра.
2022
ЗӔРИН ДАРӔС
Римӕхсуй и фӕззӕг уӕззау сагъӕс,
Зӕнхибуни ӕвӕрд ӕрзӕтау.
Цӕмӕн тонуй уотӕ зӕрин дарӕс
И бӕлӕстӕй дунгӕ ӕнӕвгъау?
Ӕркӕлунцӕ бор сифтӕ зӕнхӕмӕ,
Ӕнӕбари ӕруагъд цӕссугтау.
Исхаттонцӕ сӕ къохтӕ уӕлӕмӕ
Фес бӕлӕстӕ цума фӕрсӕгау.
Сӕ цъӕхӕй нин адтӕнцӕ лӕфдонӕ,
Сӕ борӕй къӕхти буни - сӕ мард.
Куд кӕсон сӕмӕ уӕд ӕд ӕнцойнӕ?
Куд кӕсон сӕмӕ уӕд ӕнӕ 'нкъард?
2019 анз
БАЗУРТӔ
Арвмӕ цӕстӕ рӕуӕг ӕй кӕсунмӕ,
Римӕхсуй ӕнӕбӕрӕг фӕдзӕхст.
Ӕз зонун, лӕгбӕл дарӕси бунмӕ
Ке фӕууй базурти къай римӕхст.
Мегъафонӕ ӕййивдӕ бурдӕнӕй…
Лӕг фӕцӕй цӕунахур ӕгӕр.
Кадӕр сӕ ӕстӕфгӕ дӕр не 'ркӕнуй,
Феронх уй сӕ, ӕнгъӕлдӕн, кадӕр.
Нӕ фадуат нӕ бон кӕнуй цубуртӕ,
Хезуй арв ӕма хезуй сайтан:
Еунӕг лӕги тӕхунгъон базуртӕ
Мин цӕуӕги ӕгади нисан.
Арв дӕбӕл исхатонцӕ ӕсхъуммӕ,
Ӕви бауай къӕхтӕй цъифи нӕхст,-
Ду зонӕ, лӕгбӕл дарӕси бунмӕ
Ке фӕууй базурти къай римӕхст.
2016 анз
МАДИ ЗӔРДӔ
Ӕнсувӕртӕ хуӕцгутӕ адтӕнцӕ,
Ӕндавта сӕ дууей дӕр еу арт.
Сӕумӕцъӕхти ледзунмӕ уадӕнцӕ
Ӕнӕзевӕг ӕма разӕнгард.
Алли бон сӕ мадӕн фӕдзахстонцӕ:
«Ранӕ игъал кӕндзӕнӕ раздӕр,
Хор кӕса, е цъӕх мегътӕ бадонцӕ
Ӕрледзун нӕ гъӕудзӕй гъеуӕддӕр»
Алли сӕумӕ уотӕ фӕлмӕн мадӕ
Нӕ уагъта сӕ сӕ фагӕ фунӕй.
Сӕ тӕрегъӕдӕй ба сӕ фӕсрандӕ
Фӕммаридӕ ӕхе кӕунӕй.
2019 анз
ӔФСНАЙӔГ
Ӕфснайӕгӕй не 'скъолай
Еу уосӕ куста,
Фӕсурок дзӕнгӕрӕг ниццӕгъдидӕ.
Ахурдзаутӕй еске
Кӕд фудаг хе 'вдиста,
Уӕд уомӕн хилӕ дӕр ракӕнидӕ.
Куд хеонбӕл уотӕ
Ахур ибӕл иссан,
Тӕрсгӕ дӕр си кодтан ӕнӕмӕнгӕ.
Уотемӕй, гъе, нӕ ӕнзтӕ
Скъолай нимадтан
Нӕ фӕстаг дзӕнгӕрӕги уалӕнгӕ.
Нур ӕрӕги еу уосӕ
Фӕснад фӕууидтон,
Губур сунтӕ ӕма уорс дзигкотӕ.
Нӕ кӕддӕри 'фснайӕги
Туххӕй базудтон
Ӕнӕнгъӕлти. Нийвадӕй гъеууотӕ!
Цавддорау ниллӕудтӕн,
Сайд, цума, бавзурстон,
Ӕз радӕн ӕнӕнгъӕлти куддӕртӕ.
Уорс дзиккоти нигӕд
Скъолай бонтӕ уидтон,
Ӕрмӕгур ӕй мӕ реуи мӕ зӕрдӕ.
Ӕфснайӕгай не 'скъолай
Еу уосӕ куста,
Фӕсурок дзӕнгӕрӕг ниццӕгъдидӕ…
2020 анз
ТӔХГӔЦЪЕУ
Тӕхгӕцъеу ӕз дӕ рази
Ӕд базур, ӕд кӕбот.
Фӕццӕуис 'ма де 'нгаси
Фӕххӕссис мин мӕ уод.
Ниттар ун 'ма нийвайун,
Нифс, ӕууӕнкӕ ми цох.
Лӕдӕрун ӕй байдайун:
Нӕй мӕ къохи дӕ къох.
Ду байсис мӕ сагъӕстӕ,
Ракӕсис мӕ фунтӕй.
Кӕд сӕ хурфи - дӕ бӕстӕ?
Кӕд сӕ хъаппӕ ду дӕ?
Дӕ бакаст - уодӕнцойнӕ,
Дӕ бамбӕлд - цӕфсгӕ арт,
Дӕ исдзурд – тӕдзгӕ сойнӕ,
Фӕккӕна ӕхцон уард!
Тӕхгӕцъеу дӕн дӕ рази
Ӕд базур 'ма къӕбот.
Ду рандӕ дӕ - де 'нгаси
Фӕххастай мин мӕ уод.
2020 анз
