Дзагурти Дигорхан
Ӕнгъӕлцӕй - ӕцӕгадӕмӕ.
Дзилли хъиамӕттӕй къӕдзӕхтӕ
Ӕнӕбари амайун,
Алке зӕрдӕй дӕр ристтитӕ
Ӕлвист халӕбӕл цӕвун.
Ӕруарӕнтӕ дони 'ртӕхӕй,
Фӕссӕласӕд цӕугӕдон,
Налмӕзтӕ си исӕвзурӕд,
Тӕмӕн калӕд Дигоргом!

Хуасийнӕ
Уарзт гъӕуаггин ӕрмӕтъӕл дӕн :
Ӕнгъалдтон агоргӕй,
Хори цъӕппити ниххаудтӕн :
Мӕхе ӕрлӕдӕрдтӕн !

Ӕрвти базуртӕ.
Цъеу нӕ уогӕй исцӕйтагъттӕн
Сауӕнг уӕлӕрвтӕмӕ :
Мӕн хузӕнттӕ ин базуртӕ
Уарзти рохс хӕссунмӕ!..

