Уарзти дзӕгӕрӕг
Дзагурти Дигорхан Алборти Зӕринӕн
Дӕ уарзонбӕл сагъӕс кӕнгӕй
Дӕ рагуалдзӕг раздахтай...
Дӕ дадзинти, уоди зӕнай
Хори тунтӕ бауагьтай!
Ӕрбандзӕвгӕй ӕ зӕрдӕбӕл
Дзӕгӕргутӕ, цит, фестис,
Уарзонадӕ, куд рӕсугъд дӕ,
Цардӕн хъауритӕ дӕттис!..

