Дзагурти Дигорхан
Сосӕг уарзт
Рацӕй тудта, рарӕдувта!Сосӕг уарзт зӕгъӕн нӕййес!
Ӕрвитӕбӕл,зӕнхи реубӕл
Ниййазӕлдӕй ӕ ес-бес!
Устурдӕр мулкӕн дзиллитӕн
Хуцауӕй исконд лӕвар:
Уарзонадӕ! Уарзун зонун!
Ци циткин ӕй, ци хъазар!
Уод цӕми дӕр ес дуйнетӕбӕл,-
Бӕллунцӕ ин ӕ рохсмӕ...
Устур дессагӕн ӕ ауӕ
Уотӕ хиццаг цӕмӕ йӕй?
Куд хъӕбӕр нӕ исраст кӕнуй,
Нӕ рӕдуд ис уй фӕлвӕрд...
Уарзонадӕ, цъӕпп ӕртайӕ
Кӕнианӕ ди ӕдзох!

Ӕрдзи зӕлтӕ.
Мӕнӕ куд рӕсугъд ӕй
Нӕ ӕрдзи цӕсгон!
Бауӕри бизирттӕ
Хӕссунцӕ ӕргом!
Изӕдти цӕстити
Нӕхе дӕр уинӕн,
Ӕндӕр хузи дзенет
Уодмӕ нӕ хӕссӕн !
Уарзонади тӕфӕй
Дуйне абузуй,
Мӕнӕн дӕр мӕ реуи
Ӕ ауӕ цӕруй!..
Мӕнӕ куд рӕсугъд ӕй
Хуцауи лӕвар!
Уотид ӕ уиндӕй дӕр
Ма уотӕ ӕдзард...

Базонгӕ уотӕ
Ӕ изӕд алке фӕсмӕруй...
Хъури хатт дӕр ӕртасуй...
Къахи 'фсӕрстӕй, къохи 'мбӕлдӕй,
Ӕ тӕфӕй дӕр лӕдӕруй!
Кӕмӕн - зӕнхӕ смаг фӕсуарун,
Кӕмӕн - бӕласи сифтау,
Кӕмӕн - уарун, кӕмӕн - дзоллаг,
Кӕмӕн - дзедзедай уӕсау !
Мӕн изӕд ба - сау ӕхсинцъи
Ӕхе,цума, нивдулдта !
Фӕткъуй хафтӕй, сӕнӕфсерӕй :
Мӕхе дӕр мин рамулдта!
Ее,мӕ къӕфгӕ,родмесентӕй
Рацӕйцудан дууемӕй!
Нӕ базуртӕ ирӕзунцӕ,
Ӕви губун рабурдӕй?..
Тухсгӕ ма кӕнӕ, ӕмбойни
Нӕ базуртӕ исбӕтдзиан!
Зӕрин халӕй, хори тунӕй ,-
Хъӕбӕр рӕуӕг истӕхдзиан!..

Къӕхкъуӕрӕн
Цумӕданӕ нӕхстӕрбӕлМӕ разӕй баййафтон!
Бӕдӕйнаги,дан,мин нӕ дӕ :
Мӕ билет исафтон!
Бӕргӕ гъавтон сосӕгкай,
Ӕсхъиуттитӕ кӕнгӕ
Фӕттилеф ун, нидӕнгай ,
Маке мӕ фӕййинӕд!
Сӕребари адгиг тӕф
Мӕ сӕр куд разела...
Фалӕ, кӕсай, ами дӕр :
Цумӕданӕ телӕ!
Дӕ дӕлмустӕ, мӕкъурбӕл,
Дӕ фӕллад усхъӕбӕл...
Эх,тӕходуй,сӕребарӕ,
Кӕбӕд уайис, кӕбӕл?..

Нӕ цъететӕ
Нӕ хуӕнхтӕбӕл тӕгӕр цохъаКуд федауцӕ 'й, куд рӕсугъд !
Ездон кафтмӕ, цума, цӕуй,
Къахифийтӕбӕл урдуг !
Куддӕр зӕлтӕ райгъусонцӕ
Ирон цӕгъдӕн гӕр-гӕрӕй,-
Изӕдтӕ дӕр ӕрлӕууонцӕ
Сӕ кафт уӕлӕрвтӕбӕл ӕй!
Семгӕ, Ирӕ 'ма Дигорӕ!
Уазай цъопп ӕнгъӕл кӕсуй:
Ка 'й рахондзӕй ездон кафдмӕ,
Ке аллуагӕй фезмӕлдзӕй!

Ӕлхуйни хъиамӕт
Мӕ мизихъаг,тӕлтӕг амондӔлхуйнӕбӕл низзилдӕй,
Сӕребарӕ нӕ фӕсмӕргӕй
Унгӕги мин бафтудӕй.
Дӕ дзиуарӕ - ӕнӕбӕрӕг,
Идард нӕдтӕбӕл ӕвӕрд,
Аци царди нӕ дууӕ дӕр
Уодзиан ӕлвист, ӕдзӕрӕг...
Ци гӕнӕн ес, еске харзӕй
Муди къос хуӕрӕн нӕййес!...
Фалӕ ескӕд...даруг зӕрдӕ...
Балвессӕнӕй мӕ ес-бес...

Картина Фидара Фидарова.
Ӕгадӕ мард
Ескӕд марун фӕндӕ
Дӕхе ку 'скӕнай ,-
Хъӕдори тӕбӕгътӕ
Еу фондз ниццӕвай...
Удта цивзи дзосӕй
Низмӕнтай хъалац !
Хуӕрдӕйристи нӕхстӕр
Индзӕнӕ ӕргъӕц !
Далисбӕл ӕ билӕ
'Рбадти нӕ сӕрфта ,
Губуни уацари ӕ
Цард ӕрвиста...
Губуни ӕгадӕ
Фарнитӕ хуӕруй,
Дӕлуймонти дуйне
Губуни цӕруй !
Закъӕй, ниуазтгунӕй
Лӕхъуӕнтӕ идзаг,
Сӕ зунд бахуардтонцӕ :
Фӕцӕй ӕдзӕрӕг!
Уӕцъӕф гӕллеу кӕнгӕ,
Динбӕл, цит, дзоруй,
Ӕ сунти фӕтӕнтӕй
Хӕдонӕ тонуй,
Илгъаг, закъӕгинтӕ,
Цъилинӕй ӕхснад !
Гъӕуаггинӕй евгъуйуй
Къудурӕй ӕ цард !
Дзиллитӕн ӕносмӕ
Исӕфт ӕрцудӕй :
Къӕдзӕкъах фудиндтӕ ,
Муггаг исафуй...

Нӕ хуӕртӕ
Нӕ бинонтӕ - зӕнхи тӕгӕл,
Нӕ ӕнгъӕлцӕ, нӕ бундор !
Хуӕртӕ уонцӕ, ӕнсувӕртӕ, -
Хуӕцетӕ сӕбӕл ӕнгон !
Уӕ ниййергутӕн табедзи
Сӕумӕй изӕрмӕ кӕнтӕ :
Алке дӕр уи хуӕри нифсӕй
Хуӕнхти федарау лӕууӕд !
Хъури бунӕй ма уадзетӕ,
Ӕфсадетӕ кӕрӕдзей
Хъуритӕй уа, фӕлмӕн дзурдӕй,
Хилтӕ дӕр си рауайуй...
Царди алци дӕр рауайуй!
Фалӕ, зонетӕ :
Хуӕрӕн къудуронбӕл,
Ӕнӕ дзебӕл, мӕ сӕр дӕр ӕрӕвӕрдзӕн!

