СӔРМӔТ КОСИРАТИ
ЦАРД ӔВЗАГӔН НӔ, ФӔЛӔ ӔВЗАГ - ЦАРДӔН
Литературон, Къостайы «цыцыгӕнӕг» ирон ӕвзаджы здӕхт хъуамӕ уа ирон литературон ӕвзаджы бындур. Афтӕ загъта Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны рухсады кусджыты ӕмбырд, былты фынк калгӕйӕ ныр дыккаг хатт «Хурзӕрины» рӕнхъытӕй уый тыххӕй дзуры В. Т., афтӕ дзурӕм мах дӕр. Хъуамӕ сӕвзӕра ирон литературон ӕвзаг, кӕцыйы руаджы ирон фӕллойгӕнӕг адӕм фӕхайджын уыдзысты культурӕйӕ ӕмӕ культурон адӕмтимӕ ӕмцыд акӕндзысты. Уыцы хъуыддаг гуырысхойаг нӕу махӕн дӕр. Фӕлӕ В. Т. йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъды, ирон ӕвзаджы патриот нӕ мачи банхъӕлӕд, зӕгъгӕ. Ӕрмӕст тох кӕны ӕмӕ домы, цӕмӕй аразӕм, кӕрӕдзи кӕй фӕрцы ӕмбарӕм, нӕ уыцы литературон «цыцыгӕнӕг» ирон ӕвзаг. Худы ӕмӕ худинаг кӕны Цӕгат Ирыстоны хъуыддаджы сӕр «дыгурон бадджыты», кӕцытӕ литературон ӕвзагыл нымайынц дыгурон ӕвзаг. В. Т. рӕстдзинадай тӕрсгӕйæ йæхицӕн сӕрзилӕджы ныхæстӕ кӕны, уыййедтӕмӕ афтӕ на дзурид.
Ирон «цыцыгӕнӕг» ӕвзаг ӕппӕты иугӕнӕг кӕй нӕ у нырма, уый базонид В. Т. йӕ цӕрӕн бынаты къуымӕй Ирыстоны алы хъӕутыл куы азилид ӕмӕ афӕлгӕсид, уӕд.
Дыгуры фылдӕр хъӕуты нырма нӕма ӕмбарынц сыгъдӕг ирон ныхас (дзурыны кой та кӕнгӕ дӕр ма кӕн!). Уымӕ гӕсгӕ цалынмӕ ирон газет «Рӕстдзинады» дыгурон фыстытӕ фӕзындысты 1925 азы фӕззӕг, уӕды онг ӕм иунӕг дыгурон дӕр нӕ фыста. Дыгуры зылд у Цӕгат Ирыстоны ӕртыццаг хай ӕмӕ дзы ӕрвыстой газетмӕ ӕрмӕст ирӕттӕ ӕмӕ уырыссӕгтӕ мӕй 7- 8 писмойы. Дыгуры зӕхкусӕг адӕм ӕппындӕр на кастысты нӕдӕр ирон газет, нӕдӕр ирон чиныг. Уый уымӕн, ӕмӕ «кӕрӕдзи ӕмбарынгӕнӕг» ирон ӕвзаг ӕцӕг ахӕм нӕ уыд дыгурӕттӕн.
Раст аз цӕуы, кӕдӕй «Рӕстдзинады» райдыдтой мыхуыр кӕнын дыгурон фыстытӕ, ӕмӕ азы дӕргъы фӕзындысты дыгурон уацхӕсджытæ, дыгурон кӕсджытӕ. Фарон нӕм иунӕг дыгурон уацхӕссӕг дӕр нӕ уыд, ацы аз та сты 53. Фарон иу уацхъуыд дӕр дыгурон не 'рвыста газетмӕ, ныр та ӕрвылмӕй дыгурон писмотӕ хӕццӕ кӕнынц 300-350 онг. Фарон газет «Рӕстдзинад» ӕрмӕст кӕсӕндӕттӕ ӕмӕ хъӕууон ӕххӕсткомтӕ истой, абон та ис ахӕм дыгурон хъӕутӕ, ӕвдисӕнӕн зӕгъӕм Цыкола, кӕцыйы зӕхкусджытӕ исынц газет «Рӕстдзинад» 120-130 номыры, Лескен - 24 номыры ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Дыгурон фыстытӕ чи бакӕса газеты, уый, ӕнӕмӕнгӕй, зивӕг нал кӕндзӕн иронау фыстытӕ бакӕсынмӕ дӕр. Афтӕ ирон дӕр, чысылгай фӕлвардзӕн дыгуронау кӕсыныл. Дыгуроны уынгӕ дӕр чи нӕ кодта (ӕмӕ ныр дӕр стӕммӕ чи нӕ уыны), ахӕм ирӕттӕ, ныхасӕн зӕгъӕм - ногирӕгтӕй, газет «Рӕстдзинады» кӕсджытӕй бирӕтӕ сыгъдӕг кӕсынц дыгуронау, ӕмбарынц йæ алы фӕзылд, йӕ алы здӕхт дӕр. Афтӕмӕй (мах уавӕры уал ӕрмӕст афтӕмӕй) ис базонӕн на ирон ӕвзаджы дыууӕ здӕхты ӕмӕ сӕ, базонгӕйӕ та, нӕ бон суыдзӕн канд «цыцы» ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ хъуыддагӕй саразын ирон ӕцӕг иугонд литературон ӕвзаг.
Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны рухсады кусджыты ӕмбырды фӕндтӕ ӕппӕт раст кæй нæ уыдысты, уый рӕхджы цард равдыста. Стӕй дыгурон ӕвзаг бынтон иуварс дæр нæ кодта.
Ӕппӕтӕй уыцы ӕмбырды уынаффӕтӕ куы ӕххӕст кодтаиккам, уӕд рӕсугъд ныхӕстӕй нӕ хъуыддаг ӕмбӕрзгӕйӕ, дыгурон фӕллойгӕнӕг адӕмы национ культурӕйӕ бынтон фӕиуварс кодтаиккам. Нӕ царды уынаффӕтӕ дӕр хъуамӕ ӕвӕрд уой диалектикон бындурыл. Цӕгат Ирыстоны стыр хай Дыгур ирон чиныгӕй, ирон литературӕйæ бынтон цухгонд уыд ныры онг. Литературон ӕвзаг аразынмӕ ӕрмӕст уӕд бавналдзысты, ӕмӕ алчи йӕхи ӕвзаджы здӕхт куы базона.
Чиныджы ӕнӕ кӕсгӕйӕ литературон ӕвзаг аразӕн нӕй. Уыдӕттӕ кӕд ӕнӕрхъуыдыйӕ баззадысты рухсады кусджытӕн, уӕддӕр сӕ сӕргом кодта царды диалектикӕ ӕмӕ сӕ нӕ разы ӕрӕвӕрдта. Мах та афӕлгӕстыстӕм нӕ алфамбылай, Ирыстоны хъӕутыл, ӕмӕ афтӕ бакодтам, цард цы хуыздӕр амалтӕ амыдта, уымӕ гӕсгӕ.
См.: Составитель: Сармат Ю. А. С Красным знаменем: Сборник статей и рассказов
