Мæ хъуыдытӕ «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-ы 1-аг томы къухфысты тыххæй
«Ирон-уырыссаг дзырдуат»-ы фыццаг том мӕм æркӕсынмӕ куы радтой, уӕд мӕм ӕппӕты фыццаг цы ӕнкъарӕн фӕзынд, уый уыд цин. Стӕй хуымӕтӕджы цин нӕ, фӕлӕ стыр цин, бирӕ адӕймӕгтимӕ мын иумӕйаг чи уыдзӕн, ахӕм цин. Кӕд къухфыст дзырдуаты фыццаг том уыд, уӕддӕр мӕ цин нӕ фӕкъаддӕр. Цӕмӕн, зӕгъгӕ, мӕ исчи куы бафӕрса, уӕд ын дзуапп ратдзынӕн: иугӕр фыццаг том кӕм сцӕттӕ, уым иннӕ чингуытӕн дӕр ӕнӕфӕзынгӕ нӕй, уӕлдайдӕр сыл чи кусы, уыцы ахуыргӕндты нымӕц къордæй фылдӕр кӕй у ӕмӕ нӕ ӕвзагзонынады дӕсныдӕртӕй кæй сты, уый зӕрдыл куы дарӕм, уӕд.
Бакастӕн, йӕ гуырахст дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз мыхуырон сыфы кӕмæн у, ӕртындӕс ахуыргонды бирӕ азты иумӕйаг уыцы фӕллойы иу хай ӕмӕ мӕм цы хъуыдытӕ сӕвзӕрд, уыдоны сӕйрагдӕртӕ ранымайыныл бацархайдзынӕн.
Цы зӕгъӕн ис иумӕйагӕй дзырдуаты тыххӕй? Ӕппӕты фыццаг уый, ӕмӕ амӕй размӕйы дзырдуӕттӕй ӕххӕстдӕр, бӕлвырддӕр, биноныгдӕр ӕмӕ бӕстондӕр арӕзт кӕй у. Йӕ хорздзинӕдты тыххӕй бӕлвырддӕр дзурын дӕр мӕ бон у, стæй, чи зоны, дарддӕр уыдонæй кӕцыдӕртӕ фиппайгӕ дӕр бакӕнон, фӕлӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, уый сӕйраг нӕу. Сӕйрагдӕр у цухдзинӕдтыл ӕрлӕууын, къуыхцытӕм хъус ӕрдарын ӕмӕ сӕ аиуфарс кӕныны мадзӕлттӕ бацамонын, цӕмӕй «Дзырдуат» йӕ кӕсджытӕм ӕнӕсахъатдӕрӕй бахӕццӕ уа ӕмӕ дзы бирӕ азты дӕргъы чи пайда кӕндзӕн, уыдон райгонд ӕмӕ арфӕгондӕй баззайой.
Ӕппӕты фыццаг уал зӕгъдзынӕн уый, ӕмӕ «Дзырдуат»-ы алы хӕйттӕ ӕмхуызон хӕрзхъӕд кӕй не сты. Ахуыргӕндтæй дзы чи кӕцы ӕрмӕг цӕттӕ кодта, уый нӕ зонын, фӕлӕ бӕлвырд у, автортӕ чиныгмӕ фӕйнӕхуызон бавӕрӕн кӕй бахастой. Уый, мӕнмӕ гӕсгӕ, аипп у. Хъуамӕ «Дзырдуат»-ы ныхӕстӕ, фӕрстӕ ӕмӕ ӕнӕхъӕн хӕйттӕ фӕйнӕрдӕм ма хӕцой, фӕлӕ, иу цӕды ифтыгъд уӕвгӕйӕ, бӕлвырд нысанмӕ тырной. Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй ӕрцӕуӕн ис иумӕйаг угӕлахизмӕ, ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй фесгуыхдзӕн чиныг ӕмткæй. Ацы хъуыддаджы стыр уӕз ӕнцайы «Дзырдуат»-ы редакторыл. Уый хъуамӕ бацархайа, куыд ацы томы, афтӕ иннӕ томты ӕппӕт хӕйтты иудзинадыл, сæ хӕрзхъӕддзинады бӕрзӕндыл, бирӕ ахуыргӕндты иумӕйаг сфӕлдыстадон ӕмвӕзадыл, кӕннод афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ дзырдты иу хай иртӕст ӕрцӕудзӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ, иннӕтӕ та баззайдзысты дӕлджинӕджы бынаты. Афтӕ та хъуамӕ ма уа, уымӕн ӕмӕ дзырдтӕ иууылдӕр ӕмбар сты, ӕмхуызон цӕстӕй сӕм кӕсын хъӕуы. Куы зӕгъын, фыццаг томы иуӕй-иу дзырдты къордтӕ та бӕлвырддӕр иртӕст цæуынц, иннӕтӕ - уӕлæнгайдӕр. Уый та- иу хатт ма йӕ зӕгъын аипп у.
Зӕгъдзынӕн мӕ иннӕ фиппаинӕгтӕ дӕр. Уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр хауынц «Дзырдуат»-ы ӕппӕт хӕйттӕм. Дзырдтӕ иртӕст кӕм цӕуынц, уырдӕм рахизыны агъоммӕ уал цалдӕр хъуыдыйы.
Цымӕ, «Предисловие», зæгъгӕ, уыцы уацхъуыд ӕрмӕст уырыссагау дӕттын хъӕуы? Иугӕр «Дзырдуат» «ирон-уырыссаг» у, уӕд йе 'ппӕт хӕйттӕ дӕр дыууӕ 'взагыл дӕттын нӕ хъӕуы? В. Миллеры «Осетинско-русско-немецкий словарь»-ы дӕр ис ахӕм «Предисловие». Уый лӕвӕрд цӕуы немыцагау дӕр. Емӕ уӕвгӕ дӕр хъуамӕ афтӕ уа. Раст мӕм нӕ фӕкаст, иронау лӕвӕрд кӕй не 'рцыд, уый. Цӕмӕн, уый уӕлдӕр загътон. Миллеры дзырдуаты ном «Осетинско-русско-немецкий словарь» фыстӕуы уырыссагау ӕмӕ немыцагау, фӕлӕ иронауӕн йӕ кой дӕр нӕй, афтӕмӕй та хъуамӕ ӕппӕты разӕй фыст ӕрцыдаид, уымӕн ӕмӕ чиныг «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат» хуыйны. Уӕдӕ, йӕ редактор Гуыриаты Тамерлан кӕмӕн у, уыцы «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-ӕн дӕр хъуамӕ иу ном ма уа, фӕлӕ йыл ӕдде фыст уа «Осетинско-русский словарь», кӕннод Бигъуылаты Б., Гагкайты Хъ., Хъуылаты Г. ӕмӕ Туаты О. цы дзырдуат сарӕзтой ӕмӕ 1970 азы мыхуыры чи рацыд, уый рӕдыд ӕндӕрырдӕм бафӕзмдзӕн. Уыцы «Дзырдуат» та кӕд «Ирон-уырыссаг» уыди, уӕддӕр йе 'ддаг цъарыл фыст ӕрцыд ӕрмӕстдӕр уырыссагау «Осетинско-русский словарь», фыссын та йыл хъуыд дыууӕ 'взагыл дӕр, уыимӕ фыццаг иронау: «Ирон-уырыссаг дзырдуат», уый фӕстӕ та - уырыссагау.
Уымӕ гӕсгӕ «Предисловие» дӕр дыууӕ 'взагыл дӕтгӕ у, фыццаг, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иронау.
Ацы фӕткыл аразын хъӕуы «О структуре словаря», «Условные сокращения», «Осетинский алфавит» ӕмӕ ма иннӕ томты ахӕм хуызы цы фӕзына, уыдон дӕр.
Ныр рахизӕм сӕйраг хаймӕ, ома дзырдтӕ ӕвзӕрст кӕм цӕуынц, уымӕ.
Иумӕйаг фиппаинӕгтӕ мӕм ахӕмтӕ сӕвзӕрд.
Уырыссаг дзырдтӕ – уӕвгӕ, уыдонӕн сӕ фылдӕр интернацион дзырдтӕ сты – дзы ис ӕнӕхъуаджы бирӕ, афтӕмӕй сӕ сӕр ӕппындӕр ницӕмӕн хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ницы информаци хӕссынц, адӕймаджы зонындзинӕдтыл не 'фтауынц, уымӕй размӕ цы дзырды мидис не 'мбӕрста, уый «Дзырдуат»-ы фӕрцы нӕ бамбардзӕн. Зӕгъӕм, ӕппӕты фыццаг нӕ размӕ цы дзырдтӕ фӕци, уыдонӕй иуцалдӕр: абонемент, абордаж, абсолют, абсцесс. Уыдон цыппар дӕр, уырыссаг ӕвзаджы фӕрцы не 'взагмӕ цы фӕсарӕйнаг дзырдтӕ ӕрбахӕссынмӕ хъавӕм, ахӕмтӕ сты, фӕлӕ сӕ ирон хуызæй сӕ фӕсарӕйнаг хуызӕй ницы уӕлдай ис, цы амонынц, уый та ӕмбӕрстгонд нӕ цӕуы. Уӕдӕ цӕмӕн хъӕуы уыдон «Дзырдуат»-мӕ хӕссын? Иронау ӕмӕ сæ уырыссагау уыцы-иу дамгъӕтӕй куы ныффыссай, уӕд зонындзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕнынӕн исты ӕххуыс сты? Афтӕмӕй «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-мӕ ӕнӕхъӕнӕй бахӕссӕн ис, 19 мин дзырды кӕм ис, уыцы «Фӕсарӕйнаг ныхӕсты дзырдуат» æмӕ не 'взаджы лексикӕйыл бафтид, 1970 азы уагъд «Дзырдуат»-ы цы дзырдтӕ ис — 28 мины бӕрц уыдоны ӕмбисӕй дзӕвгар фылдӕр.
Уӕдӕ-ма ӕркӕсӕм, «Фӕсарӕйнаг ныхӕсты дзырдуат»-ы уӕлдӕр цы дзырдты кой скодтам, уыдон куыд амынд цӕуынц, уымӕ. «Абонемент» - право пользования чем-л. на определенный срок: библиотекой, местом в театре или концертном зале, катком, бассейном и пр., а также документ, удостоверяющий это право». Иннӕ дзырдты кой нал кӕнын, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр афтӕ бӕлвырд амынд цæуынц. «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-ы та фӕсарӕйнаг дзырдтыл тынг арӕх ӕмбӕлӕм дӕсгай, ссӕдзгӕйттыл фӕд-фӕдыл, суанг-ма ӕнӕхъӕн фӕрстыл дӕр. Ӕххуыс та ницы сты, æнӕхъуаджы чиныг бӕзджын кӕнынц ӕндӕр. Том афтӕ гуырахстджын кӕй рауад, уый сӕйраг аххосӕгтæй иу у, уӕлдай ныхӕстӕ йӕм бирӕ хаст кӕй æрцыд.
Цы хонын ӕз «уӕлдай ныхӕстӕ»? Номдартӕ алы хаугӕнты лӕвӕрд куы фӕцӕуынц, хъӕуа-нӕхъӕуайы хуызты куы ныххал вæййынц, уæд. Зӕгъӕм: агай-агай. - агаинаг - агай- аг - агайӕг - агайӕггаг - агайӕн- агайгӕ - агайд – агай - агайгæйӕ - агайдӕмбарынхъомдзинад агайынад. Цыбыр ныхасæй, дзырдуатмӕ хаст цӕуынц дзырдты ӕппӕт хуызтӕ дӕр. Уый сӕр та ницӕмӕн хъӕуы. Фаг у сӕйраг хуыз бацамонын, ӕмӕ уый фӕрцы чиныгкӕсӕджы бон бауыдзӕн раст фӕндагыл ӕрлӕууын ӕмӕ йӕ цы хъӕуы, уый ссарын.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ирон ӕвзаджы «хъӕздыг» суффикстӕ ис. Уыдоны номхыгъдмӕ ахӕссын ӕмбӕлы «дзинад» дӕр. Бирӕ ныхӕстӕ рӕвзӕрд ацы дзырды хайӕ ӕмӕ дзы уый тыххӕй ӕнӕмӕнг бузныг уӕвын ӕмбӕлы. Гъе ӕрмӕст дзырдуатаразджытӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕгӕр авнӕлдтой: «дзинад»-ы бон цы у ӕмӕ цы нӕ у, уый дӕр дзы домынц. Мӕ хъуыды фӕбӕлвырддӕр кӕндзынӕн: зӕгъӕм, «раст»-æй рӕстдзинад куы саразӕм, уӕд нӕм ничи ницыфФау ӕрхӕсдзӕн, фӕлӕ «дзинад»-ы фӕрцы, мӕнмӕ гӕсгӕ, мӕнӕ ахӕм дзырдтӕ аразӕн нӕй: афӕзмындзинад, афӕсвӕддзинад, афтыддзинад, афхӕрындзинад, аххосдзинад, ахъаздзинад, ӕввахсдзинад, ӕвдисӕндзинад, ӕвиппайддзинад, ӕдӕрсгӕдзинад, ӕдзухдзинад, ӕдзынӕгдзинад, ӕмбалдзинад, ӕмбӕрцӕгдзинад, ӕмдзинад, ӕнахъаздзинад ӕ.а.д. Дзырдуатаразджытӕ нӕ цы фӕндагыл ардауынц, ууыл куы ацӕуӕм, уӕд «дзинад»-ы фӕрцы цы нӕ дзырд саразӕн ис, ахӕм зын ссарӕн у. Цӕмӕй нӕ хъуыды фӕбӕлвырддӕр кӕнон, уый тыххӕй мах дӕр ацы суффиксы фӕрцы саразӕм, ныронг кӕй никуыма фехъуыстӕуыд, ахӕм дзырдтӕ, зӕгъӕм: царддзинад, сойдзинад, каддзинад, рынчындзинад, цӕуындзинад, хӕрындзинад, кӕсындзинад, амонддзинад, ӕгъдаудзинад, тасдзинад, кӕсындзинад ӕ.а.д. Ӕнӕмӕнг «Дзырдуат» асыгъдӕггӕнинаг у «дзинад»-ы, стӕй канд уый фӕрцы нæ - тыхарӕзт дзырдтӕй. Ахӕмтӕ та къухфысты дзӕвгар ис.
Сӕрмагондӕй мӕ зӕгъын фӕнды, дзырдты мидис хуыздӕр ӕмӕ ирддӕрӕй равдисынӕн цы дӕнцӕгтӕ хаст цӕуы, уыдоны тыххӕй. Иуӕй-иу дзырдтӕм дзы ахӕм хъулон цæстæй каст ӕрцыд, ӕмӕ иннӕтӕ - уыдон та сты сӕ 80-90 процентӕй фылдӕр - сӕ цуры сидзӕрты хуызӕн зынынц. Сӕ хъуыды ӕххӕстдӕрӕй ӕвдыст кӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ адӕймаг ӕхсызгонæн кӕй кӕсы, иуæй-иу хатт суанг аивадон литературӕйы хуызӕн - уыцы дзырдтӕй иуцалдӕр ранымайдзынæн: арм, ау, ӕвӕрын, ӕвзаг, ӕвзӕр, ӕгӕр, ӕгъдау, ӕдылы, ӕлдар ӕ.а.д. Фӕлӕ, хъыгагӕн, фылдӕр дзырдтӕм ахӕм ӕргом здӕхт нӕ цӕуы ӕмӕ дынджыр къабузджын бӕласыл иу сыфтӕр куы уа, уый хуызӕн зынынц. Ацы ран, мӕнмӕ гӕсгӕ, бафӕзминаг у Всеволод Миллеры «Ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуат». Цас ногдзинӕдтимӕ базонгӕ вæййы ацы диссаджы ӕртӕ чиныджы кӕсгӕйӕ адӕймаг? Ам парахатӕй ӕвдыст ӕрцыд ирон адӕймаджы удыхъӕд, нӕ истори, литературӕ. Куыд дӕсныйӕ пайда кæнынц Миллер æмӕ йе 'ххуысгӕнджытӕ нӕ аргъӕуттӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕй, таурӕгътӕ ӕмӕ кадджытӕй, зарджытӕ ӕмӕ хъарджытæй! Мӕнмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-мӕ цӕстуарзонӕй ӕрбахӕссын хъӕуы ӕрмӕгфидаргӕнӕн дӕнцӕгтӕ ирон адӕмон хъӕздыг сфӕлдыстадӕй, нæ литературӕйы хуыздӕр уацмыстӕй, Гуытъиаты Хъазыбеджы «Ирон ӕмбисӕндтӕй». Ацы хъуыддагӕн дывӕр ахадындзинад ис. Иуӕй, дзырдты хъуыды ӕмбӕрстгонд ӕрцӕудзӕн, иннæмæй, чиныгкӕсӕджы зонындзинӕдтыл бафтдзӕн.
Къухфысты дӕсгай ӕмӕ сӕдӕгай ахӕм дзырдтӕ ис, ӕмӕ ӕнæ дæнцӕгӕй бамбарӕн кӕмӕн нӕй. Иуӕй-иу дзырдты мидисӕн рабӕрӕггӕнӕн ис, кӕм дзы спайда кӕнай, уымӕ гӕсгӕ. Уый тыххӕй та йӕ ӕнӕмӕнг хъуыдыйады бавӕрын фӕхъуы. Ӕрвылбон цы дзырдтӕ хъусӕм ӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ хорз кæй зонӕм, уыцы дзырдты уавӕр ӕндӕр у. Зӕгъӕм «дон» кæнӕ «хур» цӕмӕй бамбарай, уый тыххӕй, чи зоны, ӕмӕ бирӕ хъуыдыйӕдтӕ хӕссын ницӕмӕн хъæуы, фӕлӕ дзырд «сис»-ы хъуыддаг афтӕ нӕу, цалдӕр нысаниуӕджы йын кӕй ис, уый тыххӕй. Сис зæххæй цы исын кӕнай, уый; сис - хъазы сис; сис быру, къул ӕ.а.д. Ноджы вазыгджындӕр у, иу кӕнæ иннӕ дзырд хъуыдыйады кӕм сфидаудзӕн, уый бӕлвырд куы нӕ зонай, уӕд. Ахӕм дзырдтӕ дӕр «Дзырдуат»-ы чысыл нæй. Сӕ иу хай, ӕцӕгӕйдӕр, ӕппæт адӕм нæ зонынц ӕмӕ сӕ цӕмӕй базоной, уый тыххæй цавӕр хъуыдыйады кӕцы дзырдимӕ бадынц, уый равдисӕн ис дӕнцӕджы фӕрцы. Иннӕ хай та мӕм, ӕргом дзургæйӕ, уӕлдӕр «дзинад»-имӕ цы дзырдты кой скодтон, уыдон хуызӕн кӕсы. Ранымайдзынӕн дзы иуцалдӕр: айдзӕгъдаг, аймыст, айрӕмцӕн, акӕрзт, аккаггонд, акурӕггаг, акуымд, акуырд, акъӕвда кӕнын, акъӕфаг, алы-алы, алӕвӕрд, алӕхурд, амарувӕн, амӕхст, амӕцӕггаг, амбарӕг, анӕм-анӕм кӕнын, анцъух-анцъух кӕнын, анывӕц кӕнын, аппӕт, арӕдыфсӕн, арӕй-арӕй кӕнын, арӕнӕг, арӕнджын, арӕцугъ-арӕцугъ кӕнын, арвырхауд, асинтой кӕнын, асмӕ, асомы уевын, атав-атав кӕнын, ауӕлахиз уӕвын, ауацхъуыд кӕнын, а-уау-уай, аузӕл-аузӕл кӕнын, ауигъ-ауигъ кенын, афад-афад кӕнын, афау-афау кӕнын, афыстӕг, ахатын кӕнын, ахадыд, ахил, ахълахъула, ахъыз, ӕвзӕгъод, ӕвицог, ӕлиз, ӕлхъамурӕ, ӕмпъез, ӕндыг ӕ.а.д.
Алы дзырд дӕр кӕм сфидаудзӕн, адӕймаг ӕппӕты фыццаг ууыл кæй ахъуыды кӕны, уымӕ гӕсгӕ уӕлдӕр ранымад дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ, иу адӕймагӕй мӕн, кӕм бахъӕудзысты, уый раиртасын мӕ бон нӕу. Уыцы хъуыддаджы мын хъуамӕ баххуыс кодтаиккой дзырдуатаразджытӕ, фӕлӕ уыдон ууыл нӕ бацархайдтой, иунӕг дӕнцӕг дӕр не 'рхастой æмӕ ӕз цыппар фӕндаджы астӕу ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ баззайдзынӕн, чи дзы кӕцы хъуыды райхалынӕн баххуыс кӕндзӕн, уый ӕххӕст ӕмбӕрстгонд хъуыдыйӕдты ӕвдыст куы нӕ рцӕуа, уӕд.
Дзырдтӕ ӕмбарын кӕныны тыххӕй цы хъуыдыйӕдтӕ хаст цӕуы, уыдонмӕ мӕм ис ахӕм иумӕйаг цалдӕр фиппаинаджы. Фыццаг: уырыссаг ныхӕстыл дзы ӕгӕр арӕх ӕмбӕлӕм. Ӕрхӕсдзынӕн ахӕм ӕвдисӕнтӕ: Акварелæй конд портрет. Премийы аккаг кӕнын. Стыр политикон ахаядындзинады акт. Ӕфснайӕн кассӕйы ӕвӕрӕг. Цайдан пецыл ӕвӕрын (Цымӕ «тӕбӕгъ тӕрхӕгыл ӕвӕрын» хуыздӕр не уыдаид?). Ӕвзарӕн къамис. Гидравликон пец. Ӕнцониртасæн темӕ ӕ.а.д.
Ӕмбисӕндтӕй пайда кӕныныл кӕй архайдӕуы, уый раппӕлинаг хъуыддаг у, ӕрмӕст ӕмбисӕндтӕм куыдфӕндыйы цæстӕй кæсӕн нӕй: адӕмы 'хсӕн куыд ныффидар сты, ахӕм хуызы дзы пайда кӕнын хъӕуы. Къухфысты кӕсӕм: «Амӕлӕг мӕгуыр у». Мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕмбисонд ӕндӕрхуызон хъуысы: «Мӕгуыр амӕлӕг, ӕгас та истытӕ кӕндзӕн». Дзырд «алчи» ӕвзаргӕйӕ ӕрхастӕуыд ахӕм ӕмбисонд: «Алчидӕр йӕхи гоны фарс хойы». Дзырд «арв» ӕвзаргӕйӕ та кӕсӕм: «Арв куы фӕнӕры, уӕд алчидӕр йӕхи гоны фарс фӕхойы». Мӕнмӕ гӕсгӕ, дыууӕ раны дӕр ӕмбисонд хӕлд ӕрцыд. Хъуамӕ уыдаид афтӕ: «Арв фыццаг хатт куы ныннӕры, уӕд алчидӕр йӕхи гоны фарс фӕхойы». Стӕй иу ӕмбисондӕй цалдӕр хатты пайда кӕнын уыйас ахадгӕ фӕрӕз нӕу. «Дзырдуат»-ы та ахӕм цаутыл къорд раны ӕмбӕлӕм. Зӕгъӕм, цалдӕр хатты бакӕсӕн ис ахӕм ӕмбисӕндтӕн: «Арс нӕма амардтой, афтӕмӕй йын йӕ царм байуӕрстой». «Уӕ устытӕ нӕлтӕ арӕнт, уӕ фос та - сылтӕ». «Ӕнӕзонд сӕр къӕхты мӕстӕй мары». «Асаст, нæ асаст, уӕддӕр йӕ хъӕр айхъуыст». «Бирӕгъыл фыдбон куы 'ркӕны, уӕд куыдзы бын дӕр атулы». (Чи зоны «мӕгуыры бон»).
Сӕрмагондӕй мӕ зӕгъын фӕнды дыгурон дзырдты тыххæй. Ирон ӕвзаджы чи нӕй, уыдон кой кӕнын. «Дзырдуат»-мӕ сӕ ӕрбахӕссыны фӕлтӕрӕныл цӕст хӕцы, фӕлӕ уый ӕрмӕстдӕр фӕлтӕрӕн у. Бирӕ сты уыцы дзырдтӕ ӕмӕ сæ нæ активмӕ ӕрбахӕссынӕн нырӕй хуыздӕр фадат зын ссарӕн у. Ӕрмӕст се 'ппæты дӕр бамбарын кӕнын хъӕуы, кӕннод «Дзырдуат» аразджытӕ цы зондыл хӕст сты, афтӕмай, ома уырыссаг ӕвзагмӕ хуымӕтӕджы тӕлмацгондæй, сӕ пайда цӕсты уыйас нӕ сахаддзӕн. Иу хатт ма йӕ зӕгъын: дыгурон ӕвзаджы бирӕ хӕдбындур дзырдтӕ ис. Уыдон фӕрцы ирон ӕвзаджы авналӕнтӕ дзӕвгар фӕуӕрӕхдӕр уаиккой ӕмӕ уыцы ӕвӕджиауы фадатӕй спайда кæнын хъæуы.
«Дзырдуат» кӕсгӕйӕ мӕм цы хъуыдытӕ сӕвзӕрд, уыдоныл се 'ппæтыл ам нӕ дзурдзынӕн. Къухфысты мӕ бирӕ фиппаинӕгтӕм хъусӕрдарӕг куы фӕуа, уӕд, чи зоны, «Дзырдуат» аразджытӕн исты ӕххуыс фӕуыдзысты. Зӕгъдзынæн ма цалдӕр хъуыддаджы тыххӕй.
Иугæй-иу хатт дзырдтӕй раст пайдагонд не 'рцӕуы. Райсӕм-ма ахӕм хъуыдыйад: «Цы азимаг ӕм ис?» Ӕвӕццӕгӕн, ацы ран растдӕр уыдаид афтӕ бафӕрсын: цы азым ӕм ис? Кӕд дзырд «азимаг»-имӕ хъӕуы хъуыдыйад, уӕд та тынгдӕр мӕнæ ахӕм ран сфидыдтаид: «Мӕхи азимаг нӕ кӕнын». Аипп ӕрхӕссӕн ис ахӕм хъуыдыйадмӕ дӕр: «Адзалы къахыл ныллӕууыд». Хъуыди: мӕлӕты къахыл ныллӕууыд. Уæдӕ «Адзалӕн амал най», зæгъгæ, дæр нчя фӕзӕгъынц, уымӕн ӕмӕ не 'взаджы ис фидар дзырдбаст: «Адзалӕн мадзал нӕй» (кӕд нӕ рӕдийын, уӕд уыцы хъуыдыйад ӕнӕхъӕнӕй дӕр райстам араббаг ӕвзагӕй). Куыд ӕмбаргӕ у мӕнӕ ахӕм хъуыдыйад та: «Мах арӕзт нӕу, ма йӕ ахæр». Цы ма ахӕр? «Искӕй хойраг ӕндӕр ад кӕны». Цыма «Ӕндӕр хойраг ӕндӕр ад кӕны», зӕгъгӕ, фӕзӕгъынц, афтӕ мӕм кӕсы.
Цалдӕр ныхасы тӕлмацы тыххæй. Иуӕй-иу хатт «Дзырдуат» аразджытӕ ӕгӕр уӕрӕх авналынц искӕцы дзырды нысаниуӕг иртасгӕйӕ, ӕмӕ, цæмӕй райдайынц, уый, цӕмӕ ахӕцца вӕййынц, уымæн ӕцӕгӕлон свæййы, иннӕ хатт та дзырды бирӕнысаниуӕгдзинад кӕронмӕ иртӕст не 'рцӕуы. Хаттӕй-хатт дзырд къудагондӕй лӕвӕрд ӕрцӕуы. Зӕгъӕм, «агуыри» тӕлмацгонд цӕуы «черепица»-йӕ. Мӕнмӕ гӕсгӕ, «агуыри» ӕнӕ «дур»-ӕй не 'взаджы не 'мбæлы, уираг куыд не 'мбӕлы, афтӕ. Æнӕмӕнг дзурын хъӕуы: агуыридур, уирагдур. Агуыридурӕй ма фӕзӕгъынц ӕмбӕрзӕн дур, кæнæ машинӕйы дур дӕр. «Агъд»-ӕн йӕ бирӕон нымӕц «агъдтӕ» нӕ, фӕлӕ хъуамӕ «ӕгъдтӕ» уаид. «Адаргӕ» тӕлмацгонд цæуы «подержанный, изношенный, поношенный, старый», афтӕмӕй ма «адаргӕ»-йӕн ис ӕндӕр нысаниуӕг дӕр. Райсӕм ахӕм хъуыдыйад: «Ацы дзаума дын фылдӕр адаргӕ уыд». Дзырд «адарын» иртасгӕйӕ ӕрхастӕуыд ахӕм хъуыдыйад: «Быдыртӕ цъӕх адардтой». «Адарын» ӕвзӕрст куы цӕуы, уӕд дӕнцӕг «адардтой»-имӕ лӕвӕрд цӕмӕн цӕуы? Ахӕм хъуыддагыл бирӕ рӕтты ӕмбӕлӕм, ӕмӕ рӕдыдтӕ сраст кӕнын хъӕуы.
Ноджыдӕр ма дзырдты нысӕниуӕгтӕ ӕххӕстӕй иртӕст кӕм на цӕуынц, ахӕм дӕнцӕгтӕ. «Адасӕг» - «побривший, обривший». Ӕмӕ ахӕм хъуыдыйады та: «Адасӕг æй на фӕци»? «Адасгӕ» - то, что бреется. Ацы ныхасӕн дӕр ма ис ӕндӕр нысаниуӕг. Зӕгъӕм: «Уый афтӕ адасгӕ нау». «Адаст» «бритье». Æндӕр нысаниуӕг ын ис ахæм хъуыдыйады: «Иу хатт дӕр ӕй нӕма адаст». «Адау» «слабость». Ис ма йын ӕндӕрхуызон нысаниуӕг: «Рӕстӕй йыл адау кодтой». «Азылд» - «обход». «Иннӕрдӕм азылд».
Уырыссаг ӕвзагӕй нӕм цы дзырдтӕ 'рбацыд, уыдон кӕрӕтты хъӕлӕсон мыр «а» куы вӕййы, уӕд бирӕ рӕтты ахауы. Зӕгъӕм, Бухара – Бухар, бригадӕ бригад, танкæ - танк, тоннæ - тонн. Уыдоны рӕнхъы мӕнмӕ гӕсгӕ ис дзырд «арендӕ» дӕр. «Дзырдуат»-ы «арендӕдӕттӕг» тӕлмацгонд цӕуы «арендователь». Фыццаджыдӕр, «арендӕдӕттӕг» нӕ, фӕлӕ «арендыдӕттӕг», дыккаджы та, ӕвæццӕгӕн, «арендователь»-ы бӕсты «арендатор» растдӕр уыдаид.
«Дзырдуат»-ы тыхарӕзт дзырдты номхыгъдыл разӕфтуан «ӕнӕ»-йы фӕрцы дзӕвгар бафтыд. Зӕгъӕм, ӕнӕахсджиаг, ӕнӕбакаст, ӕнӕбӕзгӕ, ӕнӕбиноныг, ӕнӕмкъайд, ӕнӕрӕвдздзинад, ӕнӕрӕстӕг, ӕнӕсӕххӕст, ӕнӕсыгъдӕг, ӕнӕхайырджын ӕ.а.д.
Сӕрмагондӕй мӕ зӕгъын фӕнды дзырд «бердзенаджы» тыххӕй. Дамгъӕ «н»-йыл цы номдартӕ фӕвæййынц, уыдонæй фӕсӕфтуан «аг»-ы руаджы миногонтӕ куы рауайы, уӕд йӕ размӕ фӕзыны мыр «й». Зӕгъӕм: Ӕрыдон - ӕрыдойнаг, Хъобан - хъобайнаг, кӕрон - кӕройнаг, хӕдон - хӕдойнаг, дон - дойнаг (дур) ӕ.а.д. «Бердзен»-ы хъуыддаг дӕр мӕм афтӕ кӕсы. Кӕд мӕ хъуыды раст у, уӕд ӕй фыссын хъеуы «бердзейнаг».
Чи зоны, мӕйтӕн дӕттын хъæуы сӕ ирон нӕмттӕ дӕр. «Авдысæр» уст. «понедельник». Мӕнмӕ гӕсгӕ, «авдысӕр» зӕронд дзырд нӕу, уымӕн ӕмӕ «къуырисӕр» дыгурæттæ ныртӕккӕ дӕр «авдысӕр» хонынц.
Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ирон ӕвзаджы цавд хауы фыццаг кæнӕ дыккаг уӕнгыл, фӕлӕ цӕмӕдӕр гӕсгӕ нæ дзырдуӕтты цавд ӕвӕрд иу ран дӕр нӕй. Кӕд рӕдийын, уӕддӕр нӕ зонын, фӕлӕ цыма дыууӕвзагон дзырдуаты цавд ӕвӕрын хъӕуы, афтӕ мӕм кӕсы. Уый стыр ӕххуыс уаид, ирон ӕвзаг чи нæ зоны, фӕлӕ йӕ дзырдуатмӕ гӕсгӕ ахуыр кӕнын йӕ зӕрды кӕмӕн ис, уыдонӕн.
Мӕ ныхас ууыл фӕуынмӕ хъавын, фӕлӕ, дыккаг хатт ма йӕ зӕгъын: цы ныффыстон, уымӕй мӕм фылдӕр зӕгъинæгтӕ уыд. Уый ӕнцонӕй раиртасӕн ис, къухфысты фӕрстыл цы фиппаинӕгтӕ скодтон, уыдонӕй. Хъус ӕрдарӕг сӕм куы фӕуа, уӕд хъуамӕ истӕмӕн феххуыс уой.
1991 аз
Дзасохты Музафер
