ДИГОРИ ЗӔРОНД ЗАР
Дигорӕ авд сабати авд ӕмбурди кодтонцӕ Мӕцутæмӕ;
Се 'мбурд адтӕй унафти тухӕй:
Бафони ӕфцӕгбӕл ӕвцӕггӕс ниввӕрӕн, нӕхе гъӕуай кӕнуни туххӕй.
Тӕрсӕн кӕсӕги Биаслантӕй.
Фурӕскъӕдтаг-Дигор Хъабан нигъгъӕр кодта:
«Сумахӕн ӕвцӕггӕс ка бацӕуа,
Уӕхӕн лӕг мӕммӕ ӕрцудӕй иуазӕг,
Мазайраг, ӕ ном Бадели».
Уобӕл Задӕлескон Текъойти Лало загъта:
«Цӕугутӕ уодзӕнӕй,
Фал нин цӕбӕл ниллӕудзӕнӕй, уой нин зӕгъӕ?»
«Ракордзӕнӕй, зӕгъгæ, Хӕдзарӕй далис Дигорӕй».
Текъойти Лало ин загъта:
«Мах хӕдзарӕн далис нӕ бафетдзинан,
Фал ин бафетдзинан хӕдзарӕн гудун афӕдзи-афӕймӕ».
Уобӕл исарази ӕй Бадели Дигорӕн.
Дигорӕмӕ йеунӕг рауӕнбӕл адтӕй ӕрбацӕуӕн, Бафони ӕфцӕгбæл.
Йеци рауӕн Бадели бакуста Дигорӕн ӕвцӕггӕсӕй хӕдзарӕн гудунбӕл афӕдзи-афӕймӕ.
Афӕй ку фӕцӕй, уӕд Дигорӕбӕл исдонг анз искодта,
Ӕма Бадели ӕ хӕдзарӕн гудун хӕдзарӕн далисӕй райивта.
Йеци бонӕй фӕсдӕмӕ Бадели Дигори асдӕу цӕргӕ байзадӕй,
Уӕд Баделиӕн ӕртӕ лӕхъуӕни райгурдӕй:
Хъубади 'ма Туйгъан ӕма Абисал.
Дигорӕмӕ Уӕрӕсеӕй киунугӕ иссудӕй:
«Йеу ӕртӕ битдзеуи нӕмӕ радтетӕ,
Не взагӕй куд исахуронцӕ, уотӕ».
Уомӕй ӕнахургонд адӕм тарстӕнцӕ,
Алкедӕр ӕ битдзеуи фесӕфун ӕнгъалдта.
Уӕд Бадели загъта:
«Ӕз ратдзӕнӕн Дигори сӕрбӕл ме 'ртӕ битдзеуи».
'Ма Бадели ракурдта Дигорӕй,
Ӕ бидзеутӕ Дигори сӕрбӕл ке «фесафта», уой туххӕй фӕдкæ:
Басилти - хай,
Коууадзӕни дӕр - хай,
Хист кӕнгӕй дӕр, кизгӕ ӕрветгӕй дӕр - хай.
Уӕд Баделиӕн ӕ фурттӕ Уӕрӕсеӕй иссудӕнцӕ ахургондтӕй Дигори ӕнахургонд адӕми астӕумӕ.
'Ма син тухӕ кӕнун байдӕдтонцӕ.
Радзурдта ӕй Дзӕукъати Дзӕрӕхмӕти фурт Цицеу, 6 февраль, 1927 анз,
Киристонгъæу. Ниффинста ӕй Толасти Андрей.
ЦИНИИ-йи архив, фольклор № 15, папкӕ 82, ф. 333-334.
