СУВӔЛЛОНИ ЦÆСТИАРФӔ
Сафа, уæларв Сафа!
Аци сувӕллон де 'уазӕг!
Мади цӕстӕ, фиди цӕстӕ,
Синхони цӕстӕ салдар ӕй!
Аци сувӕллонмӕ фуд цӕстӕ,
Фуд зӕрдӕ ка бадара,
Йе фӕххӕтӕд коко синдзӕбӕл бӕгъӕнбадӕй!
Сискъи, хъӕсхъӕр ӕ хуӕруйнаг.
Уӕлкъӕйӕбӕл ӕ хунгӕндӕ,
Уӕлундугбӕл ӕ хуасгӕрцӕ!
Онӕмӕ дон хуфийнӕй фӕххӕссӕд,
Фӕрӕти комбӕл сӕ фӕссодзӕд!
Еци дзурдти фӕсте ба цӕнхи къӕртт рӕхиси цӕгти ӕртӕ хатти раласӕд дзоргӕй: «Сафа, уӕларв, Сафа! Аци сувӕллон де 'уазӕг», зӕгъгæ, ӕма и цӕнхи къӕртт цӕхӕри багӕлдзӕд ӕма зӕгъӕд:
Цӕстӕгӕнӕги цӕстӕ
Отӕ фӕтътъӕпп уӕд!
Ниффинста ӕй Гарданти Михал, 31 август, 1920 анз, Киристонгъӕу. Йӕ радзорӕг бӕрӕг нӕй.
«Памятники народного творчества осетин» вып. 2, ф. 174.
БУДТУТЫ ТАМАРӔЙЫ ЗАРӔГ
Хӕрзбон, нӕ Кавказы урс хӕхтӕ,
Фыдыбӕсты хӕстмӕ
Фӕцӕуы Тамарӕ, гъей!
Карз знагимӕ тохмӕ
Хӕхбӕстӕй рарастис
Тамарӕ, сахъ чызгай, гей!
Тамарӕ, радзуры:
«Ныййарӕг мын кӕй бадардта,
Уый мын ма уӕд хӕлар, гъей!
Знаджы ныхмӕ тохы
Ме'ппӕт тыхтӕ дӕр
Ӕз куы бавгъау кӕнон, гъей!»
Хӕстон госпитӕлы
Цӕфтӕ дзӕбӕх кӕны
Тамарӕ, сахъ чызгай, гъей!
Уымӕн йæ фӕлмӕн къух,
Уымӕн йӕ рӕвдыд дзырд
Адзӕбӕх кӕны цӕф, гъей!
Знаджы нӕмыгӕй
Хӕсты быдыры
Тамарӕ фӕмарди, гъей!
Ӕмбӕлтты уадзгӕйӕ,
Тамарӕ фӕдзӕхста;
«Цӕвут сӕ карзӕй, гъей,
Дард нал, у уӕлахиз.
Мӕ мадӕн та иу бон
Ӕркӕндзыстут мӕ хабар, гъей!
Знаджы ныхмӕ карз тох
Кӕй кодтон ӕдзухдӕр».
Уӕй, рухсаг ӕрбауай, гъей!
Дæ тохы кадыл дын
Зардзысты фӕлтӕртӕ,
Будтуты Тамарӕ, гъей!
Зарӕг скодтой Цколайы Кертанты С., Тегаты С. ӕмӕ Дзадзаты Р.
«Ирон адӕмон сфӕлдыстад», Дзӕуджыхъӕу, 1949, ф. 491-492.
ХУӔНХАГ МӔГУРТИ ЗАР
-Ниууадзӕн нӕ сау кӕмттӕ,
Нӕ мӕгур хуӕнхтӕ,
Нӕ бӕгънӕг къӕдзӕхти,
Цӕуӕн лигъз будурмӕ, -
Отæ зæгъунцӕ мӕгуртӕ, -
Советон хецауадӕ нин
Фӕндон лӕвар ку кӕнуй,
Гъей, лигъз будуртӕй
Фӕндон цӕрӕнтӕ».
Æцӕг низмалдӕнцӕ,
Гъой, гъай, мӕгуртӕ
Комӕй лигъз будурмӕ,
Гъе, оми цӕрӕнтӕ кӕнунмӕ.
Сӕребарӕй, фӕндон гъӕлӕсӕй.
Уӕд дзурдтонцӕ.
Сӕребарӕй устур колхозтӕ
Уӕд аразтонцӕ.
Уӕйтӕ, уæ, уӕрайдӕ-рӕ,
Устур колхозтӕ исаразгӕй,
Лигъз будурти даргъ ауӕдзӕ
Фӕтӕн хумтӕ
Уӕд ку кодтонцӕ.
Электрон хъаурӕй
Хонсар хумти
Заргӕ ку фӕццӕунцӕ,
Гъӕйт-гъӕйт, ӕндон бӕхбӕл.
Уӕрӕйдӕ-райдӕ-ра,
Гъей, цӕгӕттӕй фӕстӕмӕ
Исиздӕхунцӕ,
Фӕтӕн ауӕдзӕ хатгӕй.
Фӕрсаг ку кӕнунцӕ.
Колхозонтӕ уӕд низмалдӕнцӕ
Нӕуӕг цард аразунбӕл,
Байдзаг кӕнунцӕ
Кӕмттӕ, гъӕдтӕ
Сау дзогтӕй...
Ӕстур ӕрдозтӕ ба
Сурх ӕргъӕуттӕй.
Гъӕйта-мӕ, уӕрайдӕ-ра.
Колхозон фиййау
Сӕребари зар никкӕнуй:
«Аци зар колхозон
Фиййауӕн федауй,
Нӕ кади бундор
Сурх туруса
Нӕ сӕргъи махӕн
Ку фелауй.
Уæй, æгас нӕмӕ цӕуӕд
Нӕ дуйней еумӕйаг цард,
Ӕгас нӕмӕ цӕуӕд
Колхозон гъӕздугдзийнадӕ.
Колхозонтӕн сӕ хъиамӕт
Сӕхе ку æй,
Гъигӕ дарӕг сæ
Ку неке бал ес.
Зарӕг исаразта колхозон Цӕллагти Дзугус, Дур-Дур.
«Ирон адӕмон сфӕлдыстад», 1949, ф. 494-496.
