Малиты Геуæргийы тыххæй чысыл нæ дзурæм æмæ нæ фыссæм. Æмдзыхæй йæ хонæм аив дзырды дæсны. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы иумæйаг ныхæстæй йæ уацмысты сусæгдзинæдтæ æвзарынмæ никуы рахизæм. Уымæ гæсгæ йæ аивады æууæлтæ нырма сты адæмæн æмбæхст æмæ æбæрæг. Уыдон раиртасын стыр куыстаг у. Мæн дзы ам зæгъын фæнды æрмæст иу миниуæджы тыххæй. Уый у аивады национ хуыз.
Бæлвырд у иу хъуыддаг: Малийы-фырт у адæмон поэт. Цы адæмæн фыста, уыдон æй зонынц æмæ уарзынц. Цæмæн? Уымæн æмæ, фыццаджыдæр, уыцы адæмимæ дзырдта сæхи æвзагыл, дзырдта, сæ царды ахсджиаг цы уыд, ахæм хъуыддæгтыл; хорз зыдта адæмы зæрдæйы æууæлтæ, арф сын æмбæрста сæ бæллицтæ, сæ сагъæстæ; хорз арæхст уыдон æвдисынмæ; йæ ныхас уыд сыгъдæг æмæ бæлвырд; арæхстджынæй пайда кодта адæмон сфæлдыстадæй; йæ хъуыдытæ хæстæг уыдысты адæмы зондахастмæ; цы цард æмæ цы цаутæ æвдыста, уыдонмæ каст адæмы цæстæнгасæй, аргъ сын кодта адæмон гуманизм æмæ этикæйы барæнтæй.
Адæмондзинады сæйраг æууæлтæй иу у национ хуыз. Ивы рæстæг, ивы адæмы царды уаг, ивынц æгъдæуттæ, æмæ уыдонимæ ивы адæмæн сæ зæрдæйы уаг дæр, сæ характер дæр, сæ хъуыдыкæнынад æмæ се ’нкъарынад дæр. Иугæр афтæ у, уæд æнæ ивгæ нæй аивадæн дæр. Немыцаг поэзи XV æнусы куыд уыдис, афтæ нал уыд XIX æнусы. Афтæ у ирон поэзийы хъуыддаг дæр. Малиты Геуæрги æвдыста йæ дуджы хъæууон цард, касти йæм йæ заманы кæсæнтæй æмæ йæ æвдыста, уыцы цардмæ хæстæгдæр цы аивад уыдис, уый поэтикон фæрæзтæй. Уый та уыд романтизмы аивад.
Геуæргийы сфæлдыстады национ хуыз куыд бæркадджын у, уый равдисынæн фаг сты 2–3 цæвиттоны. Æркæсæм, уарзондзинад кæм цæуы æвдыст, æрмæст уыцы æмдзæвгæтæм. Цæмæн? Уымæн æмæ, иуæй, фыссæджы сфæлдыстадыл дзургæйæ, нæ хъус фылдæр фæдарæм социалон мотивтæм, æмæ нын ацы темæ рохуаты аззайы. Иннæмæй, ирон поэзи йæ равзæрдæй фæстæмæ сæйраджыдæр райста социалон æмæ граждайнаг ахаст, уыцы хъуыддаджы йын ис хъæздыг традицитæ, интимон лирикæ та нæ литературæйы стæм æмæ кадавар у. Уымæй уæлдай, интимон лирикæ æргом кæны иууыл æмбæхстдæр æнкъарæнтæ, иууыл уаздæр бæллицтæ, æмæ уыдон æвдисынæн хъæуы фидар дæсныйад – уым бæлвырдæй разыны поэты хъару.
Уарзондзинады лирикæ хæрз чысыл у нæ адæмон сфæлдыстады дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы уавæрæн ис аххосæгтæ – историон, социалон æмæ психологон аххосæгтæ. Хæхты къуындæг цард адæймагæй домдта фидар удыхъæд. Уыцы домæнтæй æвзæрдысты тызмæг æгъдæуттæ. Гуыбынæй дæр, æнкъарæнæй дæр хиуыл хæцын уыд царды домæн, уый сси æгъдау.
Уыцы æгъдауы сæрты чи хызт, уый йæхи кодта æгад æмæ худинаг, ууыл кодтой «къуыппæн зарæг, дзыхъхъæн æмбисонд» – сатирикон зарджытæ æмæ æгадгæнæг æмбисæндтæ. Уыцы карз æгъдау уæлдай тынгдæр хæцыд сылгоймаджы æнкъарæнты рохтыл – нæ уыд чызгæн йæ уарзондзинадыл æргомæй дзурæн, хъæрæй зарæн. XIX æнусы нырыккон ирон фæндыр куы фæзынд, уæд уый уыцы Хуыцауы хорзæх хæххон сылгоймæгтæн – уый фæрцы «сдзырдтой сæ зæрдæтæ», æмæ нæм уыцы аивад тыхджын уымæн сырæзти.
Бæрцæй бирæ не сты Геуæргийы лирикон æмдзæвгæтæ дæр, фæлæ бирæ у сæ ахадындзинад. Поэт арф зоны канд нæлгоймаджы психологи нæ, фæлæ сылгоймаджы зæрдæйы уаг дæр, йе ’нкъарæнты ивæнтæ æмæ фæлхъазæнтæ. Уымæн æвдисæн – йæ зындгонд æмдзæвгæ «Æлхуйнæ».
Æмдзæвгæ амад у æвзонг чызджы сусæг сагъæстæй. Уый у монолог-исповедь, æмæ йын уыцы зæрдæ æргомгæнæн фæрæз дæтты уæлтæмæн хъару. Чызджы ныхас райдайы риторикон фарстæй: «Ци кæнуй цума ме ’лхуйнæ, ку нæбал зелуй дзæбæх?» Уыцы фарст нæ æваст сцымыдис кæны, баппары нæ чызджы сагъæсты зилгæ гуылфæны – уырдыгæй нал вæййы æнцонæй рацæуæн. Чызг йæхицæн басаст, йæ куыст рæстмæ цæуылнæ цæуы, уый аххосыл: «Мæ цæститæбæл уайунцæ сау нимæт æма сау бæх». Æндæр ницы? Нæ, уыдонæй уæлдай уыны, йæ зæрдæ йын чи басыгъта, барæджы уыцы цæхæр цæстытæ.
Цымыдисаг у, чызг барæджы цы уавæры федта, уый. Уæлхæдзар æлвыста, йæхинымæр сусæг зарджытæ кæнгæйæ цыдæртæ мысыд – цард бæллицты дунейы. Æваст уыцы дунейы фæзынд реалон фæлгонц – æцæг барæг. Баиу сты æмæ схæццæ сты бæллицтæ æмæ æцæгдзинад, æрвон æмæ зæххон дунетæ. Чызг уыд ахæм психологон уавæры, æмæ сау барæджы фæзынд уымæн рауад æнахуыр тыхджын тæлмæн (впечатление). Барæг, цы уыд, уымæй йæм фæкаст диссагдæр, алæмæтдæр. Ахæм уавæры барæгимæ иу æмдзаст фæуын фаг уыд чызджы æвæлтæрд зæрдæ ссудзынæн. Барæг æй иу фæкастæй фехста, арвы фатау…
Хæххон чызджы зæрдæйы баззад уарзондзинад, сагъд хъамайау. Чызг у хиуылхæцгæ æмæ æмбæхсы йæ рыст – уый баззайдзæн сусæгдзинадæй. Нæ дзы ферох уыдзæн барæг дæр, фæлæ йын уый баззайдзæн рæсугъд мысинагæй, сыгъдæг æмæ уынддаг фæлгонцæй. Уыцы уавæр ын йæ трагеди кæны рухс æмæ бæрзонд.
Адæмон удыхъæд равдисынæн ноджы ирддæр цæвиттон у къаннæг лирикон шедевр «Зар». Уый у хуымæтæг зæххон, фæлæ рæсугъд æмæ тыхджын уарзты зарæг. Ам уацмысы фидауц у национ колорит, национ монц. Æмдзæвгæ у хæххон патриархалон лæппуйы монолог. Уый нын уæзданæй зæгъы йæ фæндон:
Мæ синхон кизгæн æ зæрдæ
Ку зонинæ, ку, бæлвурд,
Уæд зæгъинæ ин цидæртæ,
Уæд зæгъинæ ин еу дзурд…
Уый у хæдæфсарм æмæ æнæрцæф лæппуйы зæрдиаг бæллиц. Хæххон лæппу йæ сыхаджы рагæй зоны, фæлæ йын бæлвырд нæ зоны йæ зæрдæйы ахаст. Уымæ гæсгæ сæрыстыр лæппу у хиуылхæцгæ, дзæгъæлы дзырдæй кæны æфсæрмы: цы нæ вæййы, чызг ын йæ уарзондзинады ныхас айсдзæн æфхæрдæн, науæд æй раздахдзæн æнæ дзуаппæй. Ахæм уавæры сæрыстыр лæппу тæрсы æгад æмæ худинагæй.
Уæздан лæппуйы уарзт у сыгъдæг æмæ бæрзонд. Бæгуылæг хъуамæ фыццаг базона, чызг æм цы зæрдæ дары, уый, æрмæст ын уæд зæгъдзæн йæ уарзон ныхас. Минæвар æм барвитдзæн уыцы ныхасы фæстæ. Уыдон сты, йæхицæн дæр æмæ чызгæн дæр аргъ чи кæны, ахæм уæздан адæймаджы æууæлтæ.
Дыккаг строфайы мидис у лæппуйы стырдæр бæллиц. Чызгмæ минæвар фæцæуид гæды. Гæды цæмæн? Зын у бæлвырд дзуапп раттын. Ныккæсын хъæуы нæ фыдæлты царды æрфытæм, рафæлгъауын хъæуы се ’гъдæуттæ, сæ уырнынад. Уыцы хæдзарон цæрæгой цыдæр хуызты бар дардта къонамæ, къона та хæдзары сæйраг у. Ацы хатдзæгмæ нæ кæнынц строфайы фæстаг рæнхъытæ дæр:
æрхæссидæ мин лæвари
æрхи агæ æд рæхис.
Аг æмæ рæхыс – хæдзары табуйаг дзаумæттæ, йæ царды нысан, йæ фарны символ. Афтæмæй лæппуйы бæллицтæ нысан кæнынц йæ уарзонимæ ног хæдзар, ног бинонтæ скæнын.
Уæлдай алæмæтаг у фæстаг (3-аг) строфа.
Десæ-месæ уæд сор-серæ
Исфицинæ аги дзаг,
Бахуæринæ уотæ берæ
Ма фæууинæ кæуйнаг…
Ацы ныхæстæ сты сусæгдзинæдты къуыбылой. Поэзи арвæрдыны хуызæн у, – нæй йæм къухæй æвналæн, нæй йæ сæрты агæпп кæнæн. Тыбылты Алыксандр фыста, зæгъгæ, «стихи Малиева полны неуловимой прелести и грации». Поэзи æмæ антипоэзи кæрæдзийæ куыд хицæн кæнынц, уымæн æвдисæн ацы строфа æмæ йæ тæлмац.
Я к огню тогда подсел бы.
Наварить бы уж сумел
Я сор-сера. И поел бы
Столько, сколько бы хотел.
Æрттиваг стъалы фестад цъыфы къуыбар. Ам нæй поэтикон зæлынад, нæй дзы нывæфтыд ныхас. Фæлæ диссаг уый нæу. Диссаг уый у, æмæ хæххон лæппу æппæлы йæхицæй: базонид сир фыцын. Йæ бæллиц у фаг бахæрын. Афтæмæй нæ герой агæпп ласта пъовырæй, разынд – дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр – гуыбындзæл. Фехæлд мидис, æмæ фехæлд национ характер.
Цы зæгъы поэтæн йæхи герой та? Уæддæр цæмæты бæллыд, уыдон куы ’рцæуиккой, уæд фырдиссагæй сир сфыцид, афтæ бирæ дзы бахæрид, кæуинаг куыд фæуа. Цы сты уыцы митæ, цы нысан кæнынц? Лæппуйæн стыр амондæй йæ сæр разилид æмæ кæнид æрра митæ. Сир у сылгоймæгты хæринаг, кодтой йæ зиууонтæн. Сиры хæрдæй лæппу февзæр, уæд уый æцæгдæр кæуинаг хъуыддаг у, фæлæ, Есенины загъдау, «хмельному от радости пересуду нет». Сæрыстыр, уæздан лæппу ахæм æрра митæ кæныныл разы кæй у, уый дзуры йе стыр уарзондзинадыл. Хиуылхæцгæ хæххон лæппуйы æрмæст æгæрон амонды цырв ахизын кæндзæн хæххон этикæйы арæнтыл. Уыцы адæмон миниуæг æцæгæлон уыд уырыссаг тæлмацгæнæгæн, уый нæ бамбæрста ныхæсты нысан æмæ зыгъуыммæ рацарæзта уацмысы мидис.
Поэты лирикæйæ æрхастам æрмæст дыууæ цæвиттоны – дыууæ æмдзæвгæйы. Уыдонæн дæр нæ равзæрстам се ’ппæт аивадон ахорæнтæ, йæхæдæг дæр у сæрмагонд куыстаг. Иу дæнцæг мырты фæлхатæнтæй: зæгъæм, æмдзæвгæйы музыкалон зæлынад цæй руаджы æвзæры, уый: «æрхæссидæ мин лæвари æрхи агæ æд рæхис»). Фæлæ ацы æмдзæвгæты зыны поэты дæсныйад, йæ адæмондзинад. Уыдон нын æвдисынц, национ æууæлтæ поэзийæн йæ дарæс нæ, фæлæ йæ уд æмæ йæ туг кæй сты, уыцы æцæгдзинад.
Джыккайты Шамил
