Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Кисин гиги. Дзагурти Дигорхан.

Кисин гиги. Дзагурти Дигорхан.

Кисин гиги. Дзагурти Дигорхан.

Кисин гиги.

Кисин Гиги.jpg
Дзӕццӕ-миццӕ, рӕсугъд кизгӕ,
Мингий гоккӕ, цъасӕ рос!
Ци хиццаг дӕ, ци уарзон дӕ,
Дӕ цӕститӕй кӕлуй рохс!

Булур цаца, дахран гоцца,
Хори тунау ӕрттевис!
Къаппӕ-къуппӕ рӕудумгитӕй
Уӕларвтӕмӕ ӕрветис!

Зӕнхон тала, царди бӕллец,
Дӕ гӕккитӕн - урух над!
Рӕсугъд нивтӕ 'ма амӕндтӕй
Дӕ исонбон уодзӕй карст!

Возврат к списку