Уарзӕнттӕ.
Ранигъулдтӕн абони дӕ мони!..
Изӕдтӕ дӕ цӕститӕй кастӕй...
Еу фӕззелӕн, еу ма уолӕфт, -
Дӕ Хуцау дӕр мӕбӕл ӕмбӕлдзӕй...
Кӕд нин, миййаг, Е дӕр еу ӕй,
Еу авдӕни нӕ уодтӕ узта?..
Нӕ ӕносӕн нин кӕд
Еу фӕндаг искарста,
Кӕд нин еу косӕрттаг фӕлдиста?
Дӕ фӕлмӕн каст
Мӕ зӕрдӕ ӕрдауй,
Къохти федар ӕзнӕт уорамуй,
Мах номбӕл, ӕвӕдзи,
Изӕр 'стъалутӕй бедауй,
Дуйне махмӕ кӕсгӕй ӕрцӕруй...
Дзагурти Дигорхан.
5.08.2023
