Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Уæдати Губади (1). Дигоронау.

Уæдати Губади (1). Дигоронау.

Уæдати Губади (1). Дигоронау.

Дзагурти Губади æримбурд кодта берæ таурагътæ, аци кустæн аргъ наййес, уæлæнхас искодта алли кадангæгæнгути царди æрфинсæн.

Губади.jpg Дзагурти Губади

Уæдати Губади 

(Фиццаг хай)

Адæмон исфæлдистадæ хуарз ка зудта, ка ‘й æмбурд кодта, фал, гъигагæн, ке феронх кодтонцæ, уонæй æй Уæдати Губади дæр. Æз 1905 æймаг анзæй æмбурд кодтон æдамон исфæлдистадæ иронау æма дигоронау. Агурдтон, хуарз æй ка зудта, уæхæн адæймæгути. 1924-æймаг анзи мин байамудтонцæ, уæди Ирон зилди (Осетинский округ), Лескени гъæуккаг – Уæдати Губадий. 

Уоци рæстæги кустон Ирон ахури хайади æма Хуæнхон педагогон институти æма мин æппундæр рæстæг ‘н адтæй ескумæ цæунæн. Уæдæй-фурти исхудтон Лескейнæй Дзæуæгигъæумæ. Уæд æз цардтæн Ленини номбæл гъæунгæбæл, 28-æймаг хæдзари, æхсæзæймаг фатери. Ами мæмæ Губади фæцæй 1924-æймаг анзи дууин фиццæгæймагæй дууин æстæймаг маймæ. Е мин уоци рæстæги ракодта бера таурæгътæ дигорон æдамон исфæлдистадæй, æз сæ ниффинстон æма сæ уой фæсте бахастон, «Ирон æдамон исфæлдистадæ», зæгъгæ, уоци æмбурдгондмæ.

Уæдати Губади мин куд радзурдта æхе туххæй, уомæ гæсгæ е райгурдæй Дигоргоми, Донифарси гъауи, мæгур хæдзари, сæ муггаг райдайуй, æдамон исфæлдистади æ кой кæмæн ес, уоци Тæрион Тулабеги.

Донифарси Уæдати Губади кодта зæнхи куст, дардта фонс. Æригонæй ба ескæмæн косæг дæр уидæ. Фæстагмæ, æ хъаурити фæрци, цæргæ хæдзарæбæл æрцудæй нимад[i], фал косгутæ ба некæд дардта.

Донифарси зилди (Донифарс, Лезгор, Къумбултæ) нимад лæг адтæй, устур аргъ ин кодтонцæ, куд æнæсайд, исфæлдистадæ æмбурдгæнæг. Берæ хæттити ‘й Донифарси зилди равзарионцæ еумæйаг старшинайæй, кæбæл æууæндионцæ, уæхæнæй, тæрхонгæнæгæй. Æма, адæми æууæнкæ некæд фæссайдта, алкæддæр си арази адтæнцæ.

Цал анзи ‘йбæл цæуй, уой туххæй Уæдати Губади æхуæдæг уотæ загъта: «Шамиль Кæсæгмæ ку бабурста, уæд мæнбæл цудæй цуппар анзи». Æхе нимадæ гæсгæ ‘йбæл, 1924-æймаг анзи иудæй 83 анзи. Шамиль Кæсæгмæ бабурста 1846-æймаг анзи. Зæгъæн ес, æма Уæдай – фурт райгурдæй 1842- æймаг анзи.

Сувæллонæй фæстæмæ Уæдати Губади игъуста хæдзари, нихæси, æдамон бæрæгбæнтти аргъæуттæ, таурагътæ, æмбесæндтæ, ести рагон хабæрттæ. Æма сæ æ зæрдæбæл бадардта. Æ зæрдæмæ хæстæгдæр иста, Дзæгойти Дихо æма Дзирати Дзида-Хадзи ци таурæгътæ кæнионцæ, уони.

Дзæгойти Дихо Махчески гъæуæй адтæй, хъæбæр берæ таурæгътæ зудта. Губади æ- хæццæ фембæлидæ цийни дæр æма зиани дæр. Хæдзари дæр имæ арæх уидæ иуазæгуати, æма берæ фæдздзубанди кæнионцæ. Дзæхойти[ii] Дихо, дан, рамардæй æхсæз анзей размæ (1918-æймаг анзи). Дзирати Дзида-Хадзи ба нæ таурæгъгæнæгæн æ гъæуггаг – донифарсаг – адтæй.

Губади уой туххæй зæгъуй: «Къорнати Бареги фæсте, дуккаг адæймаг адтæй Дигори, хецауади рази æ дзурд ка зæгъидæ». Е тухтæй баделиати нихмæ. Къорнати Бареги фæсте, дуккаг адæймаг адтæй Дигори, хецауади рази æ дзурд ка зæгъидæ». Е тухтай баделиати нихмæ. Къорнати Бареги хæццæ паддзахи размæ æвардтонцæ фарстатæ, цæмæй баделиатæ сæ дæлбарæ ма бакæнонцæ саугосæг адæми. Уæдай – фурт цæй туххæй дзоруй, уой туххæй финст æй историон гæгъæдити, нуртæккæ сæ райстонцæ архивтæй, æма сæ цæуй, XIX æноси астæу ма (уæд уæгъдæгонд æрцудæнцæ саугосæг адæми. Уæдай – фурт цæй туххæй дзоруй, уой туххæй финст æй историон гæгъæдити, нуртæккæ сæ райстонцæ архивтæй, æма сæ Б.В. Скитский адæми рæнгъæмæ рахаста. Дзурд си цæуй, XIX æности астæу ма (уæд уæгъдæгонд æрцудæнцæ саугосгутæ) ке цудæй кълассон тугъд феодалтæ æма косæг адæми астæу.

Донифарсæй Уæдати Губади Лескенмæ ралигъдæй- 1918-æймаг анзи – фондз анзей размæ.

Мæнæн уæхæн уавæртæ нæййес, æма бундорон нихас ракæнон Губадий æма æ таурæгъти туххæн, фал уæддæр цубурæй зæгъдзæнæн мæ гъуди:

А) æ характермæ гæсгæ Уæдати Губади адтæй сабур, хуæдзунд, курухон зæронд лæг. Дзубандигæнгæй гириз дæр ракæнидæ. Æхецæн аргъ кæнун дæр зудта. Æппундæр некæд ахур кодта Губади æма нæ зудта уруссаг æвзаг, фал хуарз зудта балхъайраг æма гурдзиаг æвзæгтæ. Балхъайраг æвзаг базудта, Ассий гъæздугутæмæ фиййауæй, саугосæгæй ку куста, уæд;

Уадати Губади.jpg Уæдати Губади.

Б) Губадийæн е ‘ндаг бакаст, уæледарæс адтæнцæ хуæнхаг: рæстæмбесасæ, цубур уорс боцъо, æ цохъхъа – хеуафт, зæнгæйттæ ‘[iii]йбæл , æ къхтæбæл – хуæнхаг дзабуртæ, æ астæубæл – хуммтæг ронæ, ауигъд ибæл адтæй устур кард, фестони. Æ ходæ ба адтæй фуси царæй конд. Æ къахдзæф - уæздан


Идартӕр финст уодзӕй


[i] Ахургæнæг Гæмости Ибрагим куд дзурдта, уотемæй Уæдати Губади 1917-æймаг анзи размæ адтæй гъæздугбæл нимад, гъосингæнæн завод дæр ма ’ймæ адтæй, æма, дан, имæ косгутæ дæр адтæй.

[ii] Мы не знаем опечатка ли это издательства. Выше фамилия была указана, как Дзæгойти, а не Дзæхойти. Необходимо обращаться к рукописям в фонд Дзагурова Губади в СОИГСИ для уточнения.

[iii] Губадий хузæ исистан 1924 анзи. Еу хузæ ин си равардтонцæ. Иннæ ба мæнмæ адтæй, фал фесæвдæй мæ архиви хæццæ. Æхемæ кæци хузæ адтæй, уой ба нин иссердта Гæмости Ибрагим 1958 анзи. Æз æй нæуæгæй исистон.

Возврат к списку