
Уæдати Губади
(дуккаг хай)
Донифарсæй Уæдати Губади Лескенмæ ралигъдæй- 1918-æймаг анзи – фондз анзей размæ.
Мæнæн уæхæн уавæртæ нæййес, æма бундорон нихас ракæнон Губадий æма æ таурæгъти туххæн, фал уæддæр цубурæй зæгъдзæнæн мæ гъуди:
А) æ характермæ гæсгæ Уæдати Губади адтæй сабур, хуæдзунд, курухон зæронд лæг. Дзубандигæнгæй гириз дæр ракæнидæ. Æхецæн аргъ кæнун дæр зудта. Æппундæр некæд ахур кодта Губади æма нæ зудта уруссаг æвзаг, фал хуарз зудта балхъайраг æма гурдзиаг æвзæгтæ. Балхъайраг æвзаг базудта, Ассий гъæздугутæмæ фиййауæй, саугосæгæй ку куста, уæд;
Б) Губадийæн е ‘ндаг бакаст, уæледарæс адтæнцæ хуæнхаг: рæстæмбесасæ, цубур уорс боцъо, æ цохъхъа – хеуафт, зæнгæйттæ ‘йбæл , æ къхтæбæл – хуæнхаг дзабуртæ, æ астæубæл – хуммтæг ронæ, ауигъд ибæл адтæй устур кард, фестони. Æ ходæ ба адтæй фуси царæй конд. Æ къахдзæф - уæздан[i]
В) Дигорон æвзаг Уæдати Губади хуарз зудта, хъæбæр рæсугъд дзурдта дигоронау. Æз, ку мин дзоридæ, уæд æ фæсте финсинæ, æма си мæхецæй еунæг дзурд дæр некæд бафтудтон. Бæрæг уидæ, ци мин дзоридæ, уой хуарз ке зонуй æма ‘й берæ хæттити ке дзурдта;
Г) Уæдати Губади æрмæгутæмæ гæсгæ базонæн ес уæди рæстæги адæми туххæй. Губадий æрмæгутæмæ гæсгæ ба бæрæг æй, Дигоргоми феодалтæ куд фæззиндтæй, е. Уæдта ма базонæн ес, дигорон адæм с синхон адæмти хæццæ куд цардæнцæ, уой (гурдзиæгтæ, свæнтæ, балхъайрæгтæ, кæсгæнттæ).
Уæдати Губади æдамон исфæлдистадæ æрмæгутæ федар кæнунцæ М.Горький дзурдтæ, гъома, дан, æдамон исфæлдистадæ фæрсæй-фæрсмæ цæуй косæг адæми историй хæццæ, æнæ адæмон исфæлдистадæ нæ базодзæнæ æма нæ балæдæрдзæнæ косæг адæми истори. Уæлдай хъазардæр ба адæмон исфæлдистадæ æвдесæн æй, дигорон-ирон адæм, тæтæри уæдта Тамерлан æрбабурсти фудæй ци фудтæ бавзурстонцæ, гъеуомæй.
Д) æ Нарти кадæнгитæ æнцæ цæмæдессаг легендитæ варианттæ, ес син устур нисанеуæг;
Е) гъеуæхæн цæмæдессаг æнцæ æ легендитæ дæр;
З) уæлдайдæр ба, баханхæ кæнун гъæуй æ фиййæути нимад, уой туххæй æз лæмбунæгдæр дзурдтон мæ мухургонд уаци 1925 анзи[ii]
Кæронбæттæни ма мæ зæгъун фæндуй: Уæдати Губадий мæнмæ Дзæуæгигъæумæ исласта Лескени авданзон скъолай директор Бердити Стъепани фурт Дудар, е мæн фæрци раййивта æ ахаст æдамон исфæлдистадæмæ æма, мæ курдиадæмæ гæсгæ, Чиколай ахурдзаути æнхусæй æрæмбурд кодта еу-дууæ минемæ хæстæг æмбесæндтæ (уони туххæй дзордзæнæн иннæ æмбурдгонди)[iii].
Уæдати Губадий дæр æхуæдæг адтæй пусулмон лæг æма æнхæст кодта еугур æгъдæуттæ дæр (кодта намаз, хуæруйнагæй дæр алли хуæруйнаг нæ хуардта). Уомæ гæсгæ ба, горæти ку адтæй, уæд ин хецæн хуæруйнаг кæнун гъудæй. Æ зæрдæмæ хъæбæр фæццудæй сæлдæг, æхуæдæг æй исхудта «сатæг хуæруйнаг». Арæх-еу дзурдта: «Еци сатæг хуæруйнагæй ма мæ фегъæстæ кæнтæ».
Цæмæй ин æ зæрдæ естæмæй барохс кæнæн, уой туххæй Губадий бердити Дудар фæххудта циркмæ. Æ зæрдæмæ хъæбæр фæццудæй цирки, уæлдайдæр ба, кизгæ ку рацудæй бæхбæл, уæд е. Е ‘ ймæ хъæбæр дессаг фæккастæй, Бердити Дудари ма фæрсгæ дæр бакодта: «Æнгъæлдæн æма, бæхбæл ка бадуй, е силгоймаг æй?».
Æма ин е ку закгъта, æцæгæйдæр силгоймаг æй, зæгъгæ, уæд æ къохтæ хæрдмæ фæккодта æма бабæй загъта: « Астафир Аллах?»
Уæдати Губадийæн æ бон ку нæбал адтæй горæти уавæрти цæрун, сæхемæ ‘й гъæумæ цæун фæндадтæй (28 маййи 1924 анзи), уæд мин уотæ, гъома, нецибал зонун, зæгъгæ, уæдта ма ходгæй загъта: «Дзагуртæн æфсæнæй нивæ нæ рацудæй!» Уомæй уой зæгъунмæ гъавта, куд æй балæдæртæн, уомæ гæсгæ: æнтæститæ мин ес ахуради, киунугутæ кæсун…
Еу загъдæй, æ гъуди нæ муггаги туххæй загъта.
Уæдати Губади мин ци радзурдта 1924-æймаг анзи 21-гæй 28-æймаг маймæ, уони гъе уæд ниффинстон. Æртин æртæ анзи ку рацудæй, уæд уоци æрмæгутæ фæстæмæ бакастæн, æма, цума, мæ рази цардæгас адтæй, уотæ мæмæ фæккастæй.
Нæ ‘й иронх кæнун æппундæр. Рохсаг уо, Губади!
Цалинмæ ма цæрон, уæдмæ дæ нæ феронх кæндзæнæн. Мæ зæрдæ дарун, фæстагонтæ дæ ескæд ке æримисдзæнæнцæ, æма дæ ном ке байзайдзæнæй уонæн сæрустур æма кадæн. Еу ма хатт ма дин, «рохсаг уо» загъун.
Дзагурти Губади.
Уруссаг æвзагæй Будайти Милуси тæлмац.
Уæдати Хъубади, Дзæуæгигъæу, "ИР", 2012
[i] Губадий хузæ исистан 1924 анзи. Еу хузæ ин си равардтонцæ. Иннæ ба мæнмæ адтæй, фал фесæвдæй мæ архиви хæццæ. Æхемæ кæци хузæ адтæй, уой ба нин иссердта Гæмости Ибрагим 1958 анзи. Æз æй нæуæгæй исистон.
[ii] Кæсæ мæ уац: «Осетинский пастушеский счёт» в «Изв. Сев.- Осет. Научно-исследовательского института», вып.1 за 1925 год.
[iii] Бердити Стъепани фурт Дудар – ирон ахуради хъæппæресгунæй ка куста, тох кодта, цæмæй Дигори гъæути (Чикола, Лескен) уа советон скъолатæ, XX Æноси 20-æймаг æнзти адæмæн сæ фулдæр адтæнцæ хъæбæр пусулмон, фанатикон æгъдауæй адтæнцæ динбæл хуæст.
