Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Гагуати Рантæст. Уæдати Губади.

Гагуати Рантæст. Уæдати Губади.

Гагуати Рантæст. Уæдати Губади.

ИСТОРИОН ÆМА ЦАРДИУАГОН ТАУÆРÆХЪТÆ

Гагуати Рантæст

Уæдати Губади дзурдтæй Дзагурти Губадий финст.

Есе масуг.jpg


Сата æма Гагу дууæ ‘рвади адтæнцæ, æма Сата Лезгори байзадæй.


Гагу цауæни адтæй æма Мисигони саг рамардта; уоми зæнхи хатмæ æркастæй, æма ‘й цæрæг ба Федантæй æндæр неке ма адтæй, ‘ма ин зæгъта:

- Дæ цори ку бацæрон , уæд арази нæ дæ? – зæгъгæ, бафарста, ‘ма ин дзуа, пп равардта, арази дæн, зæгъгæ.
Уæдта фæццудæй æма йе’рвадæн зæгъта:

- Байурстан, ме’ рвадæ! Бацæрун ба барæ дæу уæд: кæд дæ фæндуй, уæд тегъæй ацирдæмæ бацæрæ; кæд да фæндуй, уæдта тегъи фæсте.

- Æз фæстегъæмæ неци фæццæудзæнæн, - зæгъгæ, æма е уоми байзадæй. Гагу ба Донифарсмæ рацудæй.
Сатайæн Лезгори дууæ лæхъуæни райгурдæй: Тембол æма Хъути; Гагуйæн ба æртæ лæхъуæни райгурдæй: Хъанухъ, Кобег æма Хъабан.

Уæдта цæргæ æрцудæнцæ æма фæммæгур æнцæ. Лезгори æлдари ном н’ адтæй, Донифарси ба уездони ном дæр адтæй, хъумайаги ном дæр адтæй. Сæ мæрдтæ ба еу рауæнмæ хастонцæ, уотемæй цардæнцæ. Киристонтæ ма мæхуæдæг æриййафтон, фал уæдта пусулмонтæ фæффулдæр æнцæ.

Уæдати Хъубади, Дзæуæгигъæу, "ИР", 2012

Возврат к списку