Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Хъабанти Айдарухъи зар

Хъабанти Айдарухъи зар

Хъабанти Айдарухъи зар

Хъабанти Айдарухъи зар



Дигорæ æрæмбурд æнцæ æма исистонцæ уокилæн
Хъабанти Айдарухъи, лæхъуæн ма адтæй, уотемæй.
Ниллæудтæй Дигорæн уокилæн, æ гъуддæгтæ хæрсун байдæдта.
Дуйней цард ин ку радаргъæй,
Уæд æ фуртæй хъурмæ кæнун байдæдта, нæ ин фæббæзтæй
Æма гъарæнги дзубандити хузæн загъта:
– Йа, уæй-уæй, æз Айдарухъ уæд адтæн,
Æма, Дигорæ ку нæ федауионцæ,
Уæд сæмæ рацæуинæ
Æма сæ бафедаун кæнинæ.
Ку нæ мæ фæндидæ,
Уæд мæ хъумайаг лæхъуæнбæл
Мæ дзæбодурдзар кæрцæ искæнун кæнинæ,
Уæлиндзæмæ 'й исхезун кæнинæ
Ма син сæ бон райевгъуйун кæнинæ:
Уалæ Айдарухъ нæма рамардæй,
Ранæмæцæудзæнæй, зæгъгæ.
Æхсæргинти робасдзауæн ку кæнинæ.
Уæд нæуæг уард метбæл
Мæ егари хуссæнбæл
Баделиати æфсинттæ
'Ма кизгуттæ саргъи бази нивтæ уæд карстонцæ.
Æз Айдарухъ уæд ку адтæн!
Фæснæли сæри арви дуар байгон æй,
Хъубадти Тазæретæн хуарз Иналухъ
Уæд ку раигурдæй,
Мæ нивæ мин фæххæссуй!
Уæхъæци сæри арвидуар байгон æй,
Мæнæн ба Заурбег уæд ку раигурдæй!
Хадати къадай дуар уæд байгон æй
Гъе нур ба мæ уокилдзинадæ
Хæрсун нæбал фæразун,
Мæ зунд дæр нæбал æййафуй
Æма 'й дæттун Зурабти Айдарухъæн.

Радзурдта æй Тугъанти Тæтæрхан æмæ Хъантемурти Къецо, 10 май, 1921 анзи, Ни 'й финста Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йи архив, фонд Дзагурова Г.А., оп.1, папка 13, ф.162–163.


Возврат к списку