ИСТОРИОН ÆМА ЦАРДИУАГОН ТАУÆРÆХЪТÆ
Дигорон – Хъабан æма Æдзæфси-фурт Хъудæберди
Уæдати Губади дзурдтæй Дзагурти Губадий финст.
Дигорон – Хъабанæн æфсæ адтæй æма ‘й хезунмæ раскъæридæ донгонмæ æма имæ ракæсидæ, лæг æ фонсмæ куд ракæсуй, уотæ, æма æ еу ракасти ба донæй шурс ислæуирдта, æма е’фсæ еци урсæй урсмæ исцудæй.
Загъта Дигор – Хъабан, бацийнæ кодта, уотемæй:
- Е ба хуарз гъуддаг ку уодзæнæй, Хуцауи ку фæндæуа, уæд.
Байибæл цийнæ кодта æма ‘й гъæуай кæнун байдæдта. Æ зайун ку ‘рхъæрдтæй, уæдта имæ æ нимæт бадардта, æма е’фсæ низзадæй коксиуала байраг. Нимæт ба имæ уой туххæй дардта, бæхæн базуртæ ес, зæгъга, æма æ базурт æ цæмæй нæ басæттонцæ.
Байраги гъæуай кодта, куд гъудæй, уотæ, æма исбæх æй. Æ кой рацудæй дзиллитæбæл, Дигор-Хъабанмæ ауæхæн бæх исæнтæстæй, зæгъгæ.
Æ хабар ин фегъуста Æдзæфси-фурт Хъудæберди æма- имæ бæхи адгор æрбацудæй[i] æма ‘й далиси къах бæтгæ баафта[ii].
Дигор – Хъабан далиси къах бæттуй æма иуазæгæн «агас цæуай» зæгъун райрæги кодта. Райимæцудæй, æхе рарæвдзитæ кодта æма ин загъта:
- Æгас цæуай, иуазæг! Бахатир кæнæ, иуазæг, æрæгæмæ ке адтæн, уой; еу далиси къах саст адтæй æма уой бастон.
Æ зæрдæй иузæг бахъурмæ кодта: «Йа, уæу-уæй, далиси къахи бæттунмæ ка бафæстеуат кодта, е мин цæй бæхи йад раттун бафæраздзæнæй?»
Цæйбæрцæ имæ фæцæй, Хуцау зонуй, уæдта ин загъта:
-Йа, мæ фусун, ци мин зæгъис, цæугæ кæнун?
Дигор- Хъабан æй бафарста:
- Ци дæ гъæуй?
Загъта Æдзæфси-фурт Хъудæберди:
- Дæ бæхи кой фегъустон æма дæмæ йади корæг æрбацудтæн.
Барвиста æма бæх раласун кодта æма ин æй равардта, кæмæй дæ, зæгъгæ, дæр æй нæ бафарста. Рараст æй кодта надбæл æма ‘й рарвиста.
Рандæй бæхи хæццæ æма Æдзæфси-фурт Хъудæберди æхе абрег райста, Тасолотантæ ибæл лæги марди дауæ æркодтонцæ, æма уой туххæй. Бæх дæр уой туххæй ракурдта Дигор-Хъабанæй.
Рандæй æма еу гъæугæрон дони иннæ билæбæл æрцардæй æма уоми гъæу кæнун райдæдта; раскъафидæ кизгæ æма лæхъуæн æма сæ уоми уосонги æрцæрун кæнидæ. Уотемæй гъæуи æндæргъцæ гъæу искодта. И гъæу имæ, иуазæгæй, æндæр номæй нæ дзурдтонцæ, фæрсгæ дæр æй нæ кодтонцæ.
Æрсагъæс кодта:
«Ами мæхецæн æндæр кадæ кæми нæййес, уоми мæ байзайаггагæн ба аппундæр неци уодзæнæй, фæлтау цæуон æма Тасолтанти хæцца естæбæл æринцаййон».
Терки къохмæ бахъæрттæй æма уоми саг рамардта. Байгъуд кодта æма’й бæласæбæл ниццурхта. И гъæумæ бацудæй, йе ‘нгартæ, æ хæстæгутæбæл фæххаттæй:
- Лæг рамардтон, æма мæ уæ хуарзæнхæ уæд, æма ‘й бафснаетæ.
Неке ин бакумдта, уæдта е ‘рвадæмæ бацудæй æма ин загъта:
- Лæг рамардтон, æма ‘й æфснайун гъæуй, æма ‘й бафснайæн.
- Йа Хуцау æзнагæн ку нæ бакумдта, ци кæнæн æдта? Галтæй цæуæн æви бæхтæй?
- Бæхæй ин ци бакæндзинан, бæхæй æй кумæ фæххæсдзинан, галтæ исефтиндзæ æма уонæй рацо.
Исефтигъта, æма бæласи бунмæ бацудæнцæ, саг ауигъд кæми адтæй, уордæмæ, æма ‘й фæрсуй:
- Гъи, кæми‘й дæ лæгимард?
Е ба загъта:
- Мæнæ гъе а лæги мард нæй, фал саги мард.
- Мадта мин æй лæги мард ба цæмæн худтай?
- Мæ хæстæгутæбæл фæххаттæн, æма неке ракумдта. Æвзаргæ сæ кодтон. Уæдта дæумæ æрбацудтæн æма дæуæн дæр дæ бæрæг нæ зудтон, цæудзæнæ æви нæ. Гъенур ба цурхгæ саги мард.
Саги мард рацурхдтонцæ æма æрбацудæнцæ сæхемæ. Е саги марди хæццæ байзадæй æ хæдзари. Æдзæфси-фурт Хъудæберди ба Тасолтанти тургъи æрфестæг æй. Æ саргъ исиста, æ бæх ба бæхбæттæнбæл бафтудта. Æ кард, æ топп, кæми аккаг адтæй, уоми ниййауигъта бæрзонди. Æфтаугутæ æ буни никкодта, æ саргъ бы æ нивæрзæн, æ уæле ба нимæт байтудта æма уотемæй хустæй.
Сæумæ ба косæг уосæ (унаут) фестадæй æма бæхи рауидта тургъи бæхбæттæнбæл. Фæстæмæ раздахтæй æма æфсинæн загъта:
- Дахе истæн, Дзан, бæхбæттæнбæл уæхæн бæх баст ес æма æ конд, æ уиндæн нæййес, æ дæндæгтæй ба бæхбæттæни къохтæ бахуардта. Æна койгондæй бæхи ниууагъта иуазæг æма иуазæгдони хуссуй: нимæт – æ уæле, саргъ æ нивæрзæн, æфтаугутæ - æ буни, уотемæй.
-Гъедта, Хуцау ин ма бакомæд, е Æдзæфси-фурт Хъудæберди уодзæнæй, зæгъгæ, загъта æфсийнæ.
Æфсийнæ æрæмбурд кодта, гъæуи дзæбæх лæг ка адтæй, уони.
- Цæмæн нæ æрæмбурд кодтай? – зæгъгæ’й бафарстонцæ.
- Иуазæгдони иуазæг ес æма нин æхе нæ базонун кодта, æма уи корун, уæ хуарзæнхæ мæ уæд, базонетæ, ка ‘й, уой.
Байбæрæг кодтонцæ æма’й базудтонцæ.
Загътонцæ:
- Æдзæфси-фурт Хъудæберди æрцудæй, æма е æй.
- Мæ тоггин уогæй, мæ тургъи ци нифсæй æрфестæг æй, уобæл æй бафæрсетæ.
-Тасолтантæй лæг ку рамардтай ‘ма нур ба ци нифсæй æрцудтæ? – уобæл æй бафарстонцæ.
- Кæд бæззун, уæд мæ сæ тогмæ марун ракæнетæ! Кæд нæ бæзун, уæдта адæми æгъдауæй батарсетæ! – загъта Æдзæфси-фурт Хъудæберди.
Бацудæнцæ æма ин еци хабар Тасолтантæн радзурдтонцæ.
- Хуцау ин ма бакомæд! Рамаруни рауæн æй ку иссердтайанæ, уæд æгæр бæзтæй, æма ‘й рамардтайанæ. Нæ тургъи
æрфестæг уогæй ба ма ‘й ци ‘ гъдауæй рамарæн, фидæй фуртмæ дæр ма нæхебæл иуазæгхуар федис исæвæрæн?
Тасолтантæ адæмæн дзурд равардтонцæ:
- Нæ тæрхон, нæ барæ сумахмæ дæттæн.
Уомæ дæр бацудæнцæ æма ин загътонцæ:
- Тасолтантæ нин дзурд равардтонцæ, æма нин ду ба ци зæгъис?
- Мæ барæ дæттун, фал еу гъуддаг корун: а гъæуæн федог гъæуи астæу гъæунгæбæл гъæргæнгæ рацæуæд: «Тасолтантæ æма Æдзæфстæ бафедудтонцæ, сæ марæг син равардта Хъудæберди». Кæрæй – кæронмæ дæр гъæу куд фегъосонцæ, уотæ.
Нигъгъæр кæнун кодтонцæ æма бабæй ин загътонцæ:
-Гъи, нигъгъæр кæнун кодтан, ду куд загътай, уотæ.
- Мадта уи корун, æма мин сæумæмæ æнгъуд раттетæ.
-Арази ан де’нгъудмæ, - зæгъгæ, æма ин сæумæмæ æнгъуд равардтонцæ.
Сæумæ ба æрæмбурд æнцæ æма загътонцæ:
- Гъи, æнгъуд дин равардтан, æма цæй думæгмæ адтæй, уой ма нин балæдæрун кæнæ.
- Корун уи никкидæр, æма мæ уæ хуарзæнхæ фæууæд: а гъæубæл фæххæтетæ æма базонетæ, еске сæбæл бафтудæй æви фæгъгъудæй, уой, уæдта уин зæгъдзæнæн.
- Æнгъезуй е дæр, - зæгъгæ, æма бæхтæбæл рабадтæнцæ æма кæрæй-кæронмæ гъæубæл фæххаттæнцæ. Гъæуи медæгæ тухуастдæр муггаг ка’дтæй, етæ еци еу æзмæлæг фæллигъдæнцæ, Псæдаухуæмæ бацудæнцæ Цæцæн æрдæмæ æма уоми æрцардæнцæ.б
Еци муггагæй ами некебæл ес, зæгъгæ, хабар æрхастонцæ Тасолтантæ дæр æма Æдзæфси-фуртæн, Хъудæбердийæн дæр.
Загъта Хъудæберди:
- Куд æй, мæ рæстдзинадæ уи баруагæс, æй æви нæ?
- Баруагæс ни æй, берекет- берсин, - зæгъгæ, и адæм ин раафæ кодтонцæ.
И адæм бабæй ин загътонцæ:
- Мадта, Тасолтантæ, æ рæстдзинадæ адæмæй дæр æма сумахæй дæр кæми баруагæс æй, уоми кæрæдземæ уæ къохтæ раттетæ!
Кæрæдземæн равардтонцæ сæ къохтæ.
Хуарз адæмтæ бабæй æркастæнцæ æма Æдзæфси-фуртæй ракурдтонцæ:
- Ай бæрцæ хъиамæттæ марди туххæй кæми фæккодтай, уоми сæ мардæн ниххæлар кæнæ.
- Хæлар сæ кæнун, загъгæ, разагъта, - фал уи корун æма, исони бони хæдзарæн уæрдун æма хæдзарæн лæг мæ хæццæ цæмæй рарветайтæ, уой.
- Ци си кæни уой бæрцæй? – бафарстонца ‘й.
- Еу цидæртæ мæмæ æрæмбурд æй æма мин уони цæмæй æрбаласонцæ, уой.
Бацудæнцæ æма йе ‘сконд гъæуи ниццурхтонцæ, æма сæ æрбаластонцæ. Æрбаластонцæ сæ æма сæ Тасолтанти гъæуи думæги ниввардтонцæ. Ке бон адтæй, е æхуæдæг хæдзарæ кодта; æ бон кæмæн н’ адтæй, уомæн ба гъæу исхæдзарæ кодта.
Æдзæфси-фурт Хъудæберди æ гъæумæ бацудæй æма ибæл зинг бафтудта, æма иннæ гъæу ба уотæ æнгъæл адтæй, гъæу ма уоми’й, зинг æй цæфсуй, зæгъгæ. Еци гъæуи иуазæгуати адтæй; фæмминасæ кодтонцæ, уæдта фестадæнцæ æма ниууастонцæ, æма Хъудæберди бæхбæл рабадтæй , æма имæ бæхгини синон ислæвардтонцæ æма ‘й бафарстонцæ, цæмæ рабадтæ, зæгъгæ.
- Мæ фидæ дæр уæлбæхæй ниуазта.
- Æ къохмæ’й ку райста, уæдта искувта:
- Гъе ‘стур еунæ Хуцау, абонæй фæстæмæ мæ иуазæгуати мабал æрцæун кæнæ! Мæн уотæ ка нæ бафарста, ка дæ, ци дæ, зæгъгæ, - уотæ син бауайдзæф кодта. - И синдзæ н‘ астæу фæууæд, æ хуæцæн мæнæрдæмæ, синдзæ ба сумахæрæдæмæ, - уотæ син разагъта.
Фæссагъæси æнцæ, атæ цæмæн загъта, зæгъгæ.
Уалинмæ ба ‘ раниуазта æма, æвзестин хъалац ка адтæй, уой æ сæрбæл æрбакодта.
-Гъенур ба хуæрзæбонæ, - зæгъгæ, æма ралигъдæй.
- Нæ хъалац нин ку фæххæсуй! – зæгъгæ, æма’й расурдтонцæ фæдеси.
Еу адагæнæ бахъæрттæй; уоми и над уæрдунгинæй – идзаг. Над ин нæбæл адтæй, æма бæх ниццæфтæ кодта, æма адагæн еу билæй иннæ билæмæ батахтæй.
Фæдес бахъæрдтæнцæ ‘ма син загътонцæ:
- Гъе – гъе, уæхе мабал мæстæй маретæ, зæгъгæ.
- Цæмæ гæсгæ ‘й еци загъд?
-Аци билæбæл æ бæхæн уæхæн цæфтæ никкодта, æма иннæ билæбæл равзурстæй, батахтæй, æма кæд уомæ уæ нифс хæссетæ, уæд æй соретæ!
Æрбаздахтæнцæ, æдта ци кодтонцæ!
Æдзæфси-фурт Хъудæберди æрбахъæрттæй гъæумæ æма, уоми ку æринцæдæй, уæдта загъта:
- Цæй, а бæх ке адтæй, уомæн æй фæстæмæ фæлласон, зæгъгæ, æма цæун фæндæ искодта.
Рабадтæй. Ранæхстæр æй, æ саргъ, æ думетонг æвзестæ искодта, уотемæй. Еци æвзестин хъалац к´адтæй, уой æ нахæтбосбæл ниббаста. Сугъзæрийнæ кæхцæ кæдзос къохмæрзæни батухта æма ‘й æ рони ниццафта.
Цæун байдæдта æма, ку баталингæ’й, уæд бахъæрттæй Дигор- Хъабанмæ.
Тургъæмæ ку бахъæрдтæй, уæд и бæх ниууаста.
И æфсийнæ загъта:
- Æллæх, æллæх, нæ хецау, нæ бæхи уасун мæ гъоси æрцудæй.
- Етæ, - зæгъгæ, загъта, - кунæг бæхи уасунтæ нæййес!
Нæ баруагæс æй Дигор- Хъабанæй. Уалдæнги бæх еу ма хатт ниууаста.
-Нæ бæхи уасун ке ‘й, е ди нæма баруагæс æй, нæ хецау? – æфсийнæ бабæй загъта.
Куд æй нæ баруагæс æй, иуазæг æма бæхи Дигор- Хъабан æ тургъи ку иссердта, уæд!
Ку сæ бафснайдта бæхæй дæр, иуазæгæй дæр, уæд бацудæй æма загъта:
- Не ‘фсийнæ, нæ бæх дæр æрбацудæй, не ‘уазæг дæр.
Æхсæвæ æрбон æй, ‘ма кæрæдзей фæййидтонцæ. Æдзæфси-фурт Хъудæберди лæвæрттæ балæвардта Дигор- Хъабанмæ, æма имæ арфæмæ Дигорæ цудæнцæ:
- Ирайгæ уо дæ бæхæй дæр, де ‘уазæгæй дæр!
Къах бæттæ ци далис баййафта, уой Дигор- Хъабан ниббаста, цалинмæ мæ бæхи бæрæг базонон, уалинмæ’й нæ нивгæрддзæнæн, зæгъгæ, æма ‘й нур ба равгарста.
Ку исцæттæй фингæ, уæд æй æрбахастонцæ, æма загъта Дигор- Хъабан:
- Ме ‘уазæг, бахатир кæнæ: аци далис, æ къæх бæттæ мæ ке ‘рбаййафтай, уой Хуцауæн нивонд искодтон, цалинмæ мæ бæх æма ме ‘уазæги хабарæй ести фегъосон, уалинмæ, æма ‘й багъæуай кодтон.
Бахуардтонцæ, фæммийнасæ кодтонцæ.
Бауолæфтæй иуазæг, уæдта æ хæццæ бæхгинтæ рабадтæнцæ, æма кæрæдземæн раарфæ кодтонцæ Дигор- Хъабан æма Æдзæфси-фурт Хъудæберди, æма рандæй æ хæдзарæмæ[iii]
Уæдати Хъубади, Дзæуæгигъæу, "ИР", 2012
[i] Йади корун, йади курд – ести ракорун еуцæйдæрбæрцæ рæстæгмæ.
[ii] Баафта’вм ‘ баййафта´от ´афун´ вм ‘æййафун’.
[iii] Хъубади тауæрæхъ фæцæй уотæ: « Æвзестин хъалац мæхе рæстæги дæр ма адтæй, мæхе цæстæй ма ‘й фæййидтон. Сугъзæрийнæ кæхцæ сиуагъи рандæ’й æлдæрмæ. И саргъ адтæй сосхъæдæй, саргъи къохтæ; фæййидтон æй Коцкионти Нæуæги рагъæнбæл». Сиуагъæ – федтон дууæ лæгей астæу, зиани федтон.
