ИСТОРИОН ÆМА ЦАРДИУАГОН ТАУÆРÆХЪТÆ
Астантæ, Баделиатæ æма Дигорæ
Уæдати Губади дзурдтæй Дзагурти Губадий финст.
Дигорæ адтæнцæ Дигорхани фурттæ. Дигорхан ‘ма Ерехан дууæ æрвади адтæнцæ æма Ногъайæй æрбацудæнцæ.
Ерехан ка адтæй, е Уæллаг Ирæмæ бахизтæй, Дигорхан ба Дигори цæргæ байзадæй, ма ин райгурдæй Силтан[i]. Уомæн ба адтæй Запар æма Астан. Запар Гурдзимæ бафтудæй, Астан ба Дигори байзадæй.
Ку исберæ ‘нцæ, уæдта фæйнæ гъæуеми цардæнцæ, æма Дигорæ æма Донифарси астæу ба цудæй æзнаггадæ. Дигорæмæ зингæфтауæн топпæй æндæр сампал топп н’ адтæй. Дигор Хъабан с’ астæу цардæй. Паддзах н’ адтæй. Сæ унаффæ сæхемæ адтæй, æма уотемæй цардæнцæ.
Уалдæнги Бадели исæфтудæй. Адтæнцæ æртæ ‘рвади æма Мадзари донбæл гъазтонцæ, кæсалгдзæуæн кодтонцæ. И дон сарсена раласта. Уæллæй ма цæргутæ е, зæгъгæ, æма донбæл умлæмæ цæун байдæдтонцæ. Æма и дон фæссаггелæ ‘й. Байурстонцæ æма Чегемби Чегеми донбæл рандæй. Басиат ба Цæрæки донбæл рандæй. Бадели ба Ирæфбæл исæздахтæй. Дигорæмæ иссудæй æма уоми æризадæй.
Уомæ ба адтæй сампалгун топп. А ба нин хуарз лæг ку ‘й, зæгъгæ, ма ‘й Дигорæ хъалагъур искодтонцæ. Хъалагъур æй кæми искодтонцæ, уоми ба ин игуæрдæн еу къоли равардтонцæ[ii]. Кæрдунмæ зин рауæн адтæй, æма бæндæн ниббаста æма ‘й нæдбæл уæллæй ниффедар кодта. Дæлæмæ кæрдгæ ниццæуидæ, уæлæмæ ба’й исхæссидæ, æма æ бæхæн – хуасæ, кæрдæг.
Уæдта ин æ бæндæн радавта еу кадæр, ма ин æхсæз федтæни бафедун кодтонцæ, æнæзунд бони райгурдæнцæ Дигорæ æма.
Уæдта Бадели уосæ ракурдта уæллагирон кизгæ, æма зайуйнаг разиндтæй. Уомæй æхе ка истудта, уони æ хæццæ киндзæн рахудта, æхуæдæг ба Дигоран загъта:
- Корун уи, Дигорæ, гъе атæ-атæ мæ бафхуардтонцæ, æма сæ куд ниццæгъдайтæ, уотæ.
Æма ин уомæй ка райгурдæй, етæ ин хъумайаги нонбæл байзадæнцæ, æхуæдæггæ æрхудта Уанити кизги, лезгорон. Уомæй ба ин райгурдæй æртæ лæхъуæни: Хъубади, Туйгъан æма Абисал.
Дигорæ син фæдгæ кодтонцæ, æма уотемæй цардæнцæ Дигори хæццæ.
Акъо ба йе’рвада адтæй Баделийæн[iii], æма Акъо бæхбæл бадтæй, Бадели ба хæрæгбæл. Надбæл цудæнцæ, Задæлески ба кувд адтæй еу хæдзари.
Бадели загъта:
-Хъадирбæл æнцондæр æй бадунмæ æма гъа, ду уобæл рабадæ-, - зæгъгæ. Æма Акъо хъадирбæл рабадтæй, Бадели ба бæхбæл, æма уотемæй, кувд кæми адтæй, еци синхмæ бацудæнцæ. Акъо фæррæдудæй æма бæхæй хæрæгмæ рахизтæй, е ба бæхбæл рабадтæй. Æрсæфестæг кодтонцæ æма Баделий идонбæл æрхуастæнцæ, уотемæй сæ æрфестæг кодтонцæ.
Идардæй кастæй æма Бадели загъта:
- Сæ хъуæцæ фесунмæ цæуй (гъома: æфсийнæн синон нæма равардтонцæ).
Ку исбадтæнцæ, уæдта Бадели фестадæй æма æ синон æма æ хай æфсийнæмæ исдæттун кодта.
- Дæ берекет, дæ намус берæ уæд! Æртæ бони æма æртæ ’хсæви мæ берекетæй фæллæвардтон, æма мин æ синон неке ма равардта.
И гъæла уосæ ин уотæ искувта:
- Арфæ дин кæнун, гъæуæлдарæй фæццæрæ, - зæгъгæ.
Сæ залундзинадæ берæ адтæй, æма анзæй анзмæ сæ тухæ Баделиатæн фулдæргæнгæ цудæй.
Бегкиз Баделиатæн фæдгæ нæ лæвардта (Цæукъилтæ, Тохъайтæ, Гæматæ, Бийастæ, Хохойтæ).
Уæдта Абисалти Гъозæ къæрнæх адтæй ‘ма син фонс нæбæл уагъта, давта син сæ.
Ку сæ бауæгæ кодта, уæдта загътонцæ:
- Цæй, махæн дæр, Дигорæн æнгъæд ци’й, уой фæдгæ мах дæр дæттæн.
-Ести ма мин бафтауетæ уомæй уæлæмæ дæр ма.
- Ци ма дин бафтауæн?
- Нивонд косарт ка уа, еци косартæй мин фæхсун хæссетæ. Сирди марæй дæр мин фæхсун хæссетæ.
- Хæсдзинан, - зæгъгæ, разагътонцæ.
- Хуарз, зæгъгæ, кæд мин хæсдзинайтæ, уæдта мæ фиди хæзна сумах фæууæд, - æма син, Бадели ци топп исхаста, уой Бекгизæн равардта.
Топп ма нур дæр æгас æй. Мæхе ‘ рвадæ еци топпæй еу гъæуанз дæр рамардта. Нур дæр ма Тохъайтæй Циколæй кæмæдæр истуй.
***
Басиатæн дæр æртæ фурти райгурдæй: Абай, Дзанхот æма Айдабол. Чегембийæн ба – Малхъарухъ, Басиат æма Барæсби[iv]
Уæдати Хъубади, Дзæуæгигъæу, "ИР", 2012
[i] Астани цæуæт – уездæнттæ, Басулухътæ – хъумайæгтæ.
[ii] Нари буни ‘й нур дæр ма фæййамонунцæ.
[iii] Нихмæ лæуд гъуди: уотæ уайуй, цума Акъо цуппæрæймаг æнсувæр адтæй.
[iv] Загъта Хъубади: Абай-фурти, гъæздуги фурт, Мисикай-фурт – Æлдари-фурт.
