НАРТÆ
Мифологи æма эпос дигорон æвзагбæл
Киунугæ исаразтонцæ Къибирти Амурхан æмаСкъодтати Эльбрус.
РАЗДЗУРД
Аци киунугæ æй Нарти адæми цардиуаг æвдесæн, райдайæнæй байдауæнмæ.
Киунугæ арæзт æй дууæ хаййемæй. Фиццаг æмбес – æнхуæцгæ аййевадон-литературон уадзимис. Дуккаг хаймæ бацудæнцæ Нарти кадæнгити минкъий циклтæ æма варианттæ. Уонæн дæр ес сæхе агъазиау аййевадон æма наукон медес. Уотемæй, дууæ хаййи еумæ ирддæр æма парахатдæрæй æвдесунцæ Нарти адæми нивесийнæ.
Тексттæ мухургонд цæунцæ æнæййивдæй, кадæнгæгæнгутæй сæ куд ниффинстонцæ фиццаг, уоци хузæнæй. Æрмæстдæр æвзаги растфинсунадæ конд æрцудæй еухузи фæлхæнбæл еугур æрмæгути дæр.
Дигорон Нарти кадæнгитæ æнцæ уадзимистæй финст истори. Æрхъæрттæнцæ нæмæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ, цъухæй-цъухмæ дзоргæй. Нартæн сæ архайд цудæй бæлвурд бæрæггонд бунæтти: Хъуми будури, Идили дони билгæрæнтти, Сау денгиз, Уорс денгизи рæбунтæ, Хъобани, Турки, Гори æма ма никкидæр берæ æндæр рауæнти. Аци ахсгиаг гъуддаг бафеппайдта Туйгъанти Мухарбег æ уаци «Кто такие Нарты?» (Изв. СОНИИ, в. 1, Владикавказ, 1925. 377 ф.) Уоми загъд ес:
«Место действия Нартов преимуæественно степь широкая, широкие реки и берега морей. Все большие походы Нартов рисуются не в горах и лесах, а часто – вплавь через моря. Урузмаг и Хамиц выходят из моря, Ахсар и Ахсартаг дерутся на берегу моря; охота происходит в камышах, и только случайно попадают Нарты в горы, где они дерутся с обитателями пеæер».
Нарти адæми историй бæрæгдæр æвдесæндартæй еу æй тауæрæхъ «Айсана æма Нокари фурт Æхсæ-Будай». Уоми ирдæй æвдист цæуй бæлвурд тугъдон архайд, Нартæбæл е ‘знаг куд æртегол æй æма «ниббадтæй: æхсæвæ гал равгæрдидæ, бонæ - гал, уотемæй сæ уодтæбæл искодта. Кизгæ кизги æгъдаубæл нæ уагъта, ностæ ности фæлхæнбæл нæ уагъта. Тухæ син кодта алцæмæй дæр».
«Æхсæ-Будай Нарти æ разæй ракодта», фал уонæмæ разиндтæй уонæхсар тугъдон финдздзæуæг, æма сæ уацарæй фæййервæзун кодта. Аци тауæрæхъ, æнæ дузæрдугæй, æй æцæг тугъдон цауи æрфинст. Бафæнзуйнаг лæгигъæдтæ Нартæмæ берæ адтæй: бæгъатæр-дзийнадæ, хумæтæг адæми нимайун æма сæ сæрбæлтау тох кæнун, кæрæдзей фарс фæллæуун, иуазæгæн, хестæрæн æма силгоймагæн æгъдау дæттун, гъазун-ходунмæ разæнгард ун, сæ дзурдæн æцæг ун.
Нæртон лæг, уасхæ раттгæй, æ мæлæтмæ дæр цудæй сæрбæрзондæй.
Нартæ адтæнцæ устур нифси хецау. Рамарæн син адтæй, басæттæн ба - нæ!
Еу уæхæни сæбæл уæйгути азар ку исæмбалдæй, уæд загътонцæ:
«Цæй, не сæвди рæстæг æрцудæй, фал ма нин уæддæр низзаруни барæ раттетæ. Нартæ кæддæриддæр се ‘сæвди рæстæги заргæ фæккæнунцæ».
(«Нартæ æма уæйгутæ».)
Ами син низзарун тугъдон мадзал адтæй, цæмæй сæмæ Батраз фæдеси рацудайдæ, уой туххæн. Фал сæ нæ фегъуста æма нæ фæййервæзун кодта, зæгъгæ, уой зонгæй дæр, æнæмæнгæ, гъæрæй низзардтайуонцæ. Уæхæн адтæй сæ уодисконд.
Нартæ нимад æнцæ тохæг адæмбæл, фал царди иннæ гъуддæгтæй дæр еппæрд н’ адтæнцæ. Кодтонцæ фонс даруни æма зæнхи куст дæр: «И æртиккаг бон бабæй Сау хонхи Сау уæйуг рацудæй ‘ма ‘й Хуцау Нарти устур Хумбарбæл æрцæун кодта. Е ба уæд сæдæ готонемæй хумæ кодта».
Иронхуати си не ‘задæй игъæлдзæг кæнун дæр: «Сæдæ æфсæни ‘ма сæдæ дзиргъæги æ дууæ усхъебæл æрауигъта, уотемæй, дзæнгал- мунгулгæнгæ, Нарти устур Хумбар Нарти æгæнон синди ниххуæстæй».
(«Тъизмудæ æма Нарти æгæнон синд».)
Нартæ силгоймагæн устур аргъ кодтонцæ. Æхсийнæ-æфсийнæ Сатана се ‘хсæнади ахæссуй сæрмагонд бунат. Ахид æй е Нарти бæгъатæртæн фастдæттæг æма унафгæр. Фал сæ иннæ силгоймæгти дæр дæлбарæ нæ кæнунцæ.
Уæззау дзамани ба и силгоймæгтæ дæр тохи бацæуиуонцæ.
Æрхæссæн еу цубур скъуддзаг «Нарти Насиран»-æй: «Нарти Насиран адтæй уосæ, лæги дарæсти. Дуйнебæл хæтун байдæдта, æма уомæн æфсæддонæн ка нæ рацудæй, уæхæн нæййес. Авд сабати сæ авд æмбурди æркодта. Е ‘фсæдтæн сæ нимæдзæ ка ‘ссирдтайдæ, уомæ сæ барæ лæвардта.
Æ хæццæ рацæуй Ацæмæз, е ‘фсæдтæ ин банимайуй: финддæс мини, сæ уæлдай ба - æртæ сæди».
Ами Нарти Насиранæй цæуй амазонкити коми тулфæ. Берæ кадæнгити бафеппайæн ес Нарти адæми еудзийнадæ, сæ
кæрæдземæн агъаз кæнуни æууæлтæ. Стонг анз сæбæл ку скæнидæ, уæд кæрæдзей фæрци фæййервæзиуонцæ, ка бонгиндæр æма мадзалгъондæр уидæ, етæ се ‘нхуси хайбæл нæ аурстонцæ: «Нартæй цæун-гъон ка адтæй, етæ æрцудæнцæ ‘ма æстæмæй-астмæ Уорæзмæги хæдзари фæммийнасæ кодтонцæ. Къуæрей уæнгæ æстонг адæм рафедар æнцæ, цæунгъон рацæнцæ, ‘ма алке, æ сæрæн ци мадзал, уой кæнун райдæдта. Уотемæй и Нартæ судæй мæлæтæй раервазтæнцæ».
Æзнæгти хæццæ тохи сауæнгæ се ‘носи фидбилизхæссæг Сирдон ергъæвгæнæг исуй. Кенæ ба Сослани рафæдес мæрдти бæстæй дæр ма...
Нартæ адтæнцæ Хуцаумæ ковæг, Хуцаубæл æууæндагæ, дингæнæг адæм. Е сæ, æнæмæнгæ, еу кодта. Фал кæцидæр дзамани ба, æвæдзи, хæлæмулæ кæнун байдæдтонцæ æндæр адæмти динти хæццæ æма ниххæлеутæ ‘нцæ. Тохун байдæдтонцæ сæ мед-астæу дæр, сæ хуцæутти нихмæ дæр. Е, кай зонуй, æма адтæй се сæвди райдайæн...
Кадæнгитæ кæсгæй, цæститæбæл гъазунцæ Уæрхæг, Уорæзмæг, Хæмиц, Сослан, Батраз, Сирдон, Ацира-рæсугъд, Сатана æма иннети сорæттæ, уотæ дæсни сæ исниванстонцæ кадæнгæгæнгутæ.
Нарти бæгъатæрти уодисконд æма цардиуагон архайд нæмæ æрхаста сæ цæмæдессаг æвзаг. Уæхæн гъæздуг æма рæсугъд æвзаг, нимæдзæй минкъий адæмæн, нæ униау адтæй. Еци æвзагæй мах абони дзæвгарæ райзол ан. Е æй æнæнгъæлæги рæсугъд дзурдбæс-титæй арæзт:
«Иденгиз ба над нæ лæвардта Насирани æфсæдтæн» («Насиран æлдар»); «... е ‘фсадмæ хæдзарæн лæгæй ка нæ цæуа, е æхсæз удзести уацайрагæй хъоди!» («Гори федари æфсæдтæ»), æма ма никкидæр берæ уæхæн дæнцитæ ес æрхæссæн.
Абайти Васо æ наукон куст «Нартовский эпос осетин»-и (В.И. Абаев. «Избранные труды». Владикавказ, 1990) кадæнгæ «Нарти Ацæмæзи зар»-и туххæн финсуй:
«Сказание сохранилось в нескольких вариантах. Из них один, записанный Махарбеком Тугановым, представляет высокохудожественное произведение. Этот именно вариант мы имели в виду, когда писали: «Песнь об Ацамазе занимает в эпосе особое место. В ней нет сцен жестокости и кровопролития, которые не редкость в других сказаниях. Она чужда зловещей идее рока, которая бросает свою мрачную тень на важнейшие эпизоды истории Нартов. Пронизанная с начала до конца солнцем, радостью и песней, отличающаяся, несмотря на свой мифологический характер, яркостью и рельефностью психологических характеристик и живостью бытовых сцен, полная образности, соединенной с непогрешимым чувством меры, изящно простая по содержанию и совершенная по форме, эта «Песнь» может быть названа по праву одной из жемчужин осетинской народной поэзии. Рассматриваемое сказание ставит Ацамаза в ряд знаменитых певцов-чародеев: Орфея в греческой мифологии, Вяйнемейнена в Калевале, Горанта в «Песне о Гудруне», Садко в русской былине.
Еци зарæй æркæсæн еу цалдæр рæнгъемæ:
- Сау хонхи цæрæг Сайнæг-æлдар æй.
Уомæн æ кизгæ - Агундæ-рæсугъд, -
Æ еунæг кизгæ, æ бундори хай,
Зæронд æлдарæн - æ зæрди ‘нцойнæ.
Æ цилле дзикко - фади гъолтæмæ,
Æ сау цæстингас - фæскъæвда сах хор,
Æ кустмæ февналд - берæгъи лæбурд,
Бабузи накæ - æ донмæ рацуд.
Сæумæ рагиау ку рафецауй,
Æ нарæг астæу тасæ-уаситæ, -
Мæйрохс фелауй æ уорс гогойнæй,
Сæууон хори рохс - æхе цæсгонæй.
«Нарти Ацæмæзи зар», «Уасгерги ‘ма æнæ финдз Маргъуз» уæдта ма берæ æндæр уадзимистæ ирд æвдесæн æнцæ, нæ рагфиддæлтæмæ зæлгæ-нæргæ аййевадон литературæ ке адтæй, уомæн.
Нæ уодифарни налхъут-налмас - Нарти кадæнгитæ ка кодта æма сæ ка ниффинста, етæ бæрæг æнцæ. Мах устур арфиаг ан Туйгъанти Сафар, Хамихъоти Тæкъа, Саулати Дзæрæх, Кертибийти Кертиби, Къолойти Баззе, Мудойти Сабе, Бузойти Гена æма еугур иннæ кадæнгæгæнгутæй. Арфиаг ан, уони исæносон кæнунæн æ цард нивонди ка ‘рхаста, еци Дзагурти Губади, Собити Инал, Туйгъанти Мухарбег, Гарданти Михал, Темирати Данел, Толасти Æндире æма Геуæрги, Хадати Берди æма ма никкидæр берæ æндæр кадæнгæфинсгутæй. Уонæй алке дæр арф æма бундоронæй лæдæрдтæй, ци ахсгиаг гъуддаг кодта, уой.
Дзагурти Губади «ПНТО»-и 2-аг рауагъди раздзурди финста:
«Михал Гарданти мечтал создать нечто вроде «Одиссеи» и «Илиады».
Уоци гъудимæ æнгæс адтæй кадæнгæфинсгутæн сæ еугурей меддуйне дæр. Кай зонуй, Нарти кадæнгити фиццагон хузæ ба никки дессагдæр адтайдæ. Æрмæст уонæн се ‘цæг исфæлдесгутæ æности тари ранигъулдæнцæ æбæрæгæй. Гъæр мæрдтæмæ дæр игъусуй, уæдта, ка ‘й зонуй, мæрдтæй дæр. Аци киунуги фæззинд син уодæнцойнæ искæнуниау æй се ‘носон бунати. Махтæн ба сæ уодтæ Нарти кадæнгити медæгæй рохс кæнунцæ нæ разнад уæларвон Марсугау...