Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Дзагурти Дигорхан. Басилтæ. Зумæг. Зуймон кизгуттӕ.

Дзагурти Дигорхан.  Басилтæ. Зумæг. Зуймон кизгуттӕ.

Дзагурти Дигорхан. Басилтæ. Зумæг. Зуймон кизгуттӕ.

Дзагурти Дигорхан

Басилтæ.

 1045685.jpg
Зумæг- Зумæг, ра мæ ' йафæ,
Цонæгъи багæпп кæндзæн,
Рагуалдзæги цъæх хъæбесмæ
Æстъалуйау низзелдзæн!

Зумæг- Зумæг, æнгулдзæхтæ
Дууемæй, цит, исесæн,
Нæуæг анзбæл цийнæ кæнгæй
Бæсилти дæр ракæсæн!


OmhTKfcywe.jpg

Зумæг

thinkstockphotos-869524624.jpg

Фæтътъбæрт кæнуй зумæг 
Дзæгъдзæгъгæнгæ цонæгъи,
Думæггæгтæбæл хуæцуй,
Æ къæл- къæл - алли 'рдæни!

Сæнтуорс пæлæз зæнхæбæл
Дзумард æритудта,
Дæгæ-дæгæ, гирццæ кизгæй,
Меттæ æрæмпурста!


maxresdefault (2).jpg

Зуймон кизгуттӕ

Ирд цæститæ æриурста 
Зумæг - дацци кизгуттæн,
Сæ рæсугъдбæл син бакалдта
Мет - тъæфилæй кæсттитæ!

Алке дæр си - зуймон базард,
Рохс арттивдтитæй гъазуй,
Нæ зæрдитæн, нæ æрвитæн
Цийнитæ дуйне хæссуй!

a0d82993ff2aaf871c3e20125571bb10.jpg


Возврат к списку