Зумæг æй.
Зумæг æй, и бæстæ - уорс,Метæй цагъд æй нæ фалдзос.
Дзеу сæумæй цонæгъ райста,
Гъæугæронмæ ниххуаста.
Уоми нин туппур - гурæн.
Æмбурд синхæй си гурæн.
Нигъгъæр кодта Дзеу: "Еуварс!"-
Бунмæ æй раскъафта фахс.
Зумæгæрцуд
Æрхæстæг æй зумæг, -Æрбахуаста.
Медæмæ йæй фæззæг
Æрбауагъта.
Æ фингæбæл цæрдæг
Æрбабадтæй.
Рахецау æй зумæг
Æ бæркæдæн.
Мет будуртæ бонмæ
Æрæхгæдта.
Къах нæ кæсуй коммæ,-
Цъæрæхснæг над...

