ЗИН ЦАРДИ КЪÆПХÆН
Агъузарти Агубе.
Авторæй
Финсун райдæдтон æцæг таус мæхе царди туххæй. Æма, æнæ æцæг радзурдтæ уогæ ба ес, зæгъгæ, бафæрсуниау æй еске. Гъай-гъайдæр нæ! Фал еуæй-еу тауæрæхъгæнæгбаздæхуй æма æхе ’рдигонау раййевуй, ци фегъуста æма ци фæууидта, уой: цидæртæ баасхъод кæнуй, кенæ ба ести дзаумæуттæ, цаутæ уотæ исæрттевун кæнуй, æма æмир дор дæр устурзæрдæй нæ байзайдзæнæй. Æз ба аци тауæрæхъи не ’ййевун æцæгдзийнадæ мæнгæй, еунæг дзаума дæрæндæр бунати не ’вæрун, къæхтæ-къохтæ не ’фтаун еунæг цаубæл дæр, æма, кæд ескæми фегæр дæн ’ма ме ’нкъарæнтæ баримæхсун нæ базудтон, уæд мин бахатир кæнетæ: æгæр берæ уарзун аци тауси архайгути, уарзондзийнадæ ба курмæ фæууй...
Æцæг уацау
Зæгъун æнгъезуй æма сабийдогæ мæнбæл еувæрсти раевгъудæй. Æмæбалттæ мин н' адтæй, уомæн, æма неке гъуддæн. Дуйне мæмæ кастæй сафæ ревæд. Еуæй-еу ескети фæндæуидæ мæ хæццæ базонгæ ун цæмæдæргæсгæ, æма син е ку бантæсидæ, уæддæр мæмæ уотм бунтон ба не ' рбахæстæг уиуонцæ. Æз дæр мæ тæлæнтæ нæ хастон уони хæццæ балимæн унмæ.
Цæйбæрцæ адæн адтæй, тухæ æма сæрæндзийнæдæ ке туххæн римахстон, уæхæнттæ! Сæ хæццæ æмдзо кодтон, сæ гъудий хæццæ исарази уинæ, худтæн, ходун сæмæ ку цæуидæ, уæд, хатир син кодтон сæ зæрдихатти аййеппитæ. Ести устур хуарздзийнадæ исаразун мæ къохи ку бафтудайдæ, уæд еци кадæ баййивтайнæ хумæтæг лимæндзийнади еу æртæхбæл. Еци адæм ми сæхе рахаттонцæ æнæ фæсмонæй.
О. Бальзак. "Гъæуккаг знаг"
Æвæдзи, алли адæймаги царди медæгæ дæр фæууй, зæрди æносмæ ка байзайуй, уæхæн цаутæ. Алли адæймаги цард дæр конд æй æнкъард, игьæлдзæг æма хумæтæги уæгьдæ бæнттæй. Дуйнемæ нивгунæй ка райгурдæй, уомæн е 'нкъард бæнттæ æнцæ уæлдзæн æма кунæг, уæхæн лæг уотид рæдуд æма нæбантæстдзийнадæ нимайуй æлхъивд бонбæл; кенæ æ дæндæг ристай, кенæ ба æ дзиппæй æхца исхаудтæй, кенæ ба ести бакосун æ арми нæ бафтудæй, — уони идард ескæдмæ нигъгъуди кæндзæнæй куд мæгурбон æма куд лæгъуз цау.
Мæлгæ ку кæнæ, уæдтæ æ царди медæгæ зиндзийнæдтæй цæститæбæл рагьаздзæнæнцæ еци дууæ цауи, 70-80 анзей размæ ибæл ка 'рцудæй, етæ. Фал, хуæздæрмæ æнгъæлдзауæй æма хуæздæр нæ фæууингæй ка фæццæруй, уæхæн адæмтæ дмр ес. Етæ дигоронау хуннунцæ æнæнивæ, æнамонд æма æндæр уæхæн нифсмарæн дзурдтæй.
Æз мæхе æнамонд нæ хонун, фал рохс бæнттæ ба мæ царди медæгæ фæууидтон минкъий. Фæндуй мæ, зæрдæй хæстæг ка æй æма мæ фæсте ка байзайа, етæ, мæхецæй фæстæмæ, мæ зин бæнттæ цæмæй зононцæ, е. Уомæ гæсгæ финсун мæ царди хабæрттæ, хуæрзæй дæр æма фудæй дæр ци фæууидтон, уони бæлвурдæй, æнаййивдæй.
Æрмæст æй ка кæсæ, уомæй корæг дæн, балæдæрæд еунæг гъуддаг: æз нæ финсун литературон радзурд, уæдтæ æй мухурмæ дæттуни зæрди дæр нæ дæн. Тухуаст мæ фæндуй мæ зæрдæ райгон кæнун, ка мæ уарзуй, уони размæ. Уомæ гæсгæ ба æз нæ гъавун мæ финстæн литературон хузæ раттунмæ.
Æвæдзи, еуæй-еу рауаæнти мм финст ескети зæрдæмæ нæ цæудзæнæй, фал е мæн фуд нæй. Финсдзæнæн, æцæгдзийнадæй ци адтæй, уой. Нæ си гъавун ескæмæн козбау бакæнунмæ; нæдæр æнсувмр, нæдæр политикæн. Кæд мм финст æгæр карз фæккæсæ ескæмæ, уæд мæнбæл зæрдæ ма ходæд. Фæлтау, мæх туххæй ци æнæрæстдзийнадæ, хæрæндзийнадæ рауагъта, уобæл æрсагъæс кæнæд.
Æмæ, кæд адæми æууæнкæ естæмæ даруй, уæд бафсæрми уæд. Кæд Хуцаубæл- æууæндæг æй, уæдта Хуцауæй фæттæрсæд æ мæлæти размæ мах тæрегъæдæй.
Райгурдтæн æз Иристони зæнхæбæл, Лескени, 1930 анзи, кæрдæгæзмæлæни мæййи 22-аг бони. Географион уавæрмæ гæсгæ нæ гъæу æвæрд æй æнæбæрцæ хуарз рауæн, дууæ бæрзонд тегъей æхсæн, кæцитæ æбæрзт адтæнцæ бæзгин, рæсугъд гъадæй. Фæтæдæр, адæми сог ке гъудæй, уомæ гæсгæ гъæдæ фæккунæгдæр æй. Ирæзуй си аллихузи бæлæстæ. Фулдæр-фулдæр ба -тæрситæ. Уонæн се' стæвдæ æй къуаргай метри, сæ бæрзæндæ ба хъæртуй инсæй-дууинсæй метрема.
Гъай-гъай, уæхæн гъæди æнкъард н' адтайдæ гъæлддаг мæргътæ, æндæр аллихузи цæрæгойтæй. Мадта цæрæгойтæн сæхецæн дæр -уотæ.
Гъæурæбунти уайуй, æ асæмæ гæсгæ, рæстæмбес хуæнхаг цæугæдон. Уотæ рæсог æй, æма æ буни циггидортæ дæр зиннунцæ, зменсæ ба айдæнау рабадуй æ бунбæл.
Гъæу æвæрд æй еу сæдæ метри бæрзонддæр и цæугæдонæй, уомæ гæсгæ алфамбулайтæ æнцæ æнæуаг рæсугъд.
Мæ ниййергутæ адтæнцæ хумæтæги зæнхкосгутæ. Куд еци дзамани фулдæр адæм, уотæ. Цардæнцæ сæхе хъиамæтæй, неке уонмæ гъавтонцæ æма лæбурдтонцæ, нæдæр адæмæй, нæдæр ба паддзахадæй.
Мæ фидæ Цæрæй - асæй рæстæмбес лæг. Сувæллон уогæй дзиуарæй фæссæйгæ 'й. Еци нез ибæл æносмæ æ фæд ниууагъта, - æ цæсгон æй дзугъур. Мæстгунгæнагæ адæймаг æ, фал ин фæлмæн зæрдиконд ес æа æмаст берæ нæ хæссуй, уайтагъддæр æхе кеми æрцæуй.
Æстдæс анздзуд лæхъуæнæй, хуæздæр цардагор, рандæй изол Америкæмæ æма си фæцæй Октябри революций уæнгæ. Хуарз бакуста æма си ревæдкъохæй не ’рбацудæй. Ниллæудтæй бийнонти гьуддагбакæнуни фæндæбæл. Æхецæн цардæмбалæн равзурста зонгæ æма кадгин лæг Гокъоти Дзамæрзи кизги. Цæрун райдæдтонцæ еумæ.
Нæ фидæ куста колхози бæрнон бунати. Фал, æ фæндæ куд адтæй, уомæ гæсгæ гьæуама фæстæмæ рандæ адтайдæ Америкæмæ. Æрмæст ин нæбал бантæстæй еци гьуддаг. Цæмæннæ, уобæл ба фæстæдæр æрлæудзинан.
Мæ мадæ Гуæсхан адтæй мæ фидæй инсæй анзи кæстæр. Асæй рæстæмбес, хуæрзконд, сау цæститæ, сау æрфгутæ, уорс цъарæ. Фур фæлмæн, фур хæларзæрдæ. Е ’знагæн дæр æ зæрдæ лæгьуз нæ базæгьдзæнæй, æрмæстдæр дзæбæхдзийнадæ. Мах, сæ цæуæт-æртæхуæри æма æртæ æнсувæри. Нæ хестæр хуæрæ Фатъимæт дæсанздзудæй рамардæй, уæд ма æхсæземæй байзадан нæ мади евгед. Мах сагьæсæй рагацау базæронд æй, нез райста.
Мæнбæл дууæ анзи ку цудæй, уæд фæссæйгæ дæн менингитæй. Мæ мадæ Гуæсхан куд фæдздзоруй, уомæ гæсгæ мæ фæййервæзун æнгьæл дæр некебал адтæй, гье уæхæн тухст уавæри адтæн. Зæгьуй, мæ бæрзæй низзулун æй, мæ дæндæгутæ ниндагьд æнцæ, уотемæй мæбæл евгьудæнцæ бæнттæ. Дохтуртæ мæбæл сæ зæрдæ нецибал дардтонцæ. Фал мади зæрдæ тæнæг æй, æ бæдолæ си цирти билæбæл дæр нæ фæййададзуй. Гуæсхан æма мæ Цæрай еу молломæ фæлластонцæ. Е мин исхуасæ кодта æма æрдзæбæх дæн.
Рæстæг цудæй, æз дæр ирæзтæн. Цуппар анздзудæй ба мæ дæндæгутæ ресун райдæдтонцæ.
Нури уæнгæ дæр ма гьезæмарæ кæнун дæндагнезæй. Уæхæн рæстæгутæ уидæ æма мин æнæсцохæй мæйæ, дууæ мæйи фæрресиуонцæ, рæстæг мæбæл кæугæй евгъуидæ.
Мæ ниййергутæ мæ 1934 анзи равардтонцæ Лескени сувæллæнтти фæзæмæ. Мæ царди игьæлдзæгдæр бæнттæ уоми рарвистон. Фæддæн си æртæ анзи. Искодтон си мæхецæн æмбæлттæ, кæцитæ мин иссæнцæ хъазар æнсувæрти хузæн - Цъебойти Бекири фурттæ Тазæрет æма Барис. Куд фæззæгьунцæ - еу хæдонæ дæр нин урух адтæй. Еумæ - нæ рацуд, еумæ - нæ хуæрдæ, хусгæ дæр хъурæй-хъурмæ кодтан. Еу загъдæй: кæрæдзей уарзтан æнсувæри уарзтæй фулдæр. Мах уæд куд цардан, уомæ, æвæдзи, алкедæр æрхицæ кæндзæнæй.
Мæ сабион æмбæлтти хæццæ кæрæдземæй райзол ан. Нур еци бæнттæ мæ зæрди ку æрæфтуйунцæ, уæд ми нæ феруагæс кæнуй, мах нæ кæрæдзей ке байронх ан, е.
Тазæрет æма Барис мæнæй нивгундæр разиндтæнцæ. Мæн ба цард бафхуардта, мæ нивæ мин райста.
Æхсæз анзи мæбæл ку исæнхæст æй, уæд бабæй фæссæйгæ дæн. Нур ба - резæнгæй. Æнæгьæнæ анз фæгъгьæрзтæн. Гъай гьай, хъæбæр исфæлмаст дæн, фал мæлæтæй ба фæййервазтæн.
1937 анзи исдæн ахурдзау. Райдæдтонцæ ме ’скъолай бæнттæ. Æндæрхузи цардиуаг, нæуæг ихæстæ. Фиццаг къласи ахур кодтон рæстæмбес. Æвæдзи, дæргьвæти нæ сæйгити фæсте æнæхъаурæ ке адтæн, уой лазæй. Фæстæдæр æнзти мæ ахур зингæ фæххуæздæр æй. Цуппæрæймаг къласи мæбæл хуарз ахурдзау æнтæсун райдæдта. Ахургæнгутæ мин уæлдай хъæбæрдæр æнвæрстæнцæ мæ финсти гьæдæбæл. Фидибæсти Устур тугъд райдæди анзи цудтæн цуппæрæймаг къласмæ. Еци рæстæги нæ фидæ куста колхози полеводæй (будурдзауæй). 1941 анзи хорхæтæни мæйи 22-агбони æ кустæй æрцудæй æма Гуæсханæн загьта: «Тугьд райдæдта Германи хæщæ».
Мæ мадæ æма мæ фидæ хъæбæр ниггузавæ æнцæ. Фидæ æ кустмæ рандæй. Æз ба Гуæсханмæ бацудтæн æма ин зæрдитæ æвардтон: «Цæмæй фæттарстæ, Гуæсхан? Краснæйтæ хъаурæгин æнцæ æма сæ ниппурх кæндзæнæнцæ. Кæд ди не ’руагæс кæнуй, уæдта киномæ фæццо æма ’й дæхуæдæг фæууиндзæнæ, белæйтæ краснæйтæй куд ледзунцæ, уой». Гуæсхан мæмæ фегьуста, арф нийнæфтæй, уæдта исистадæй æма рандæй æнæдзоргити.
Уæд æй æз цæмæй зудтон, еци тугьди фудæй нæ бийнонти ци зиндзийнæдтæ хезуй, уой. Цæмæй зудтон, еци тугъд райдайуни хæццæ мæн царди нæуæгфæлтæр райдæдта, уой.
Тугьд цудæй, фал цард æ кæнон кодта. Мæ ахур нæ бакъулумпи æй. Нæ синхи хестæр тугъдгьон нæлæстæг адæн евгьудæнцæ нæ бæсти сæрбæлтау тохи цæхæрмæ. Беретæ си сæ цард равардтонцæ, сæ лæги ихæс федгæй, нæбал исæздахтæнцæ фæстæмæ, сæ фæрнуг хæдзæрттæмæ. Æрмæст нæхе синхæй тугьди будури байзадæнцæ Уæдати Сулейман, Годзойти Антьон, Тотойти Хадзисмел,
Цъебойти Мæхæмæт, Даукуй, Рамазан, Мухарбек, Дзоблати Сослæнбек, Бадзити Амурхан... Еци тугъдонтæ -еунæг мах синхæй. Уæхæн синхитæ ба Советон Цæдеси цал адтæй?!
Тугьдцудæй ралæудтæй 1942 анз. Немуц æмпурстонцæ размæ. Гитлер (е ’цæг муггаг Шикльгрубер) цийнæ код-
та е ’нтæстдзийнæдтæбæл. Æ размæ ниввардта уæхæн ихæс, æма Кавказ гъæуама лухгонд æрцудайдæ Уæрæсейæй. Фæскавказаг нефть, Цæгат Кавкази тиллæг æма иннæ æндæр гъæздугдзийнæдтæ гъæуама бахаудтайуонцæ немуци къохмæ. Уотемæй Сурх Æфсади экономикон уавæр гьæуама иссайдæ æдзæллаг. Сæ фæндæмæ гæсгæ, райстайуонцæ Сталинград, Мæску æма рамбулдтайуонцæ тугъд. Фал гьуддæгтæ бунтон æндæрхузи рауадæнцæ.
Раст зæгьун гьæуй, тугъди райдæди, немуцмæ адтæй рæстæгмæ æнтæстдзийнæдтæ. 1942 анзи, рухæни мæйи райстонцæ æнæтохгæй Лескен, Толдзгун, Хæзнидон, Чикола, Сурх-Дигорæ, Киристонгьæу æма Æрæдон. Æрлæудтæнцæ Дзæуæгигъæуи размæ. Фал син уой райсун ба нæ бантæстæй...
Немуц Лескенмæ ку исхæстæг æнцæ, уæд, гьæуи ци минкъий æфсæддонти къуар адтæй, етæ, тохунмæ сæ нифс нæ хæсгæй, гьæдтæ æма хуæнхтæмæ сæхе райстонцæ æма уоми исеу æнцæ партизанти хæццæ. Бæстæ уæхæн тухст уавæри уогæй, еци æфсæддонтæ хуæлцæ гьæуагæ куд н’ адтайуонцæ. Беретæ си уотæ исæгудзæг æнцæ æма цæун дæр нæбал фæразтонцæ.
Папæ еци рæстæги дæр нæ ниууагьта æ колхози гьуддæгтæ. Ци ихæс ибæл æвæрд адтæй, уой æнхæст кодта, æ хъаурæ не ’вгьау гæнгæй. Æма нур æфсæддонти уотемæй ку фæууидта, уæд нæхемæ ци иссердта хуæруйнаги æгьдауæй, уони райста, никки ба ма синхбæл æрхаттæй; голлагæ æма хурдзинтæ байдзаг кодта картоф, насæ æма иннæ хузи хуæруйнæгтæй. Бæхбæл сæ рауаргь кодта æма сæ æфсæддонтæмæ бахъæртун кодта. Кæд ма уонæй еске æгас æй, уæд еци устур хуарздзийнадæ, гьай-гъай, гьуди кæнуй.
Немуц Лескени фæцæнцæ æдеугур æртæ мæйи. Еци рæстæг ци адтæй, уомæй - хæлхъой æма фæдес. Адæм синхгай ниццудæнцæ акъоппитæ æма пъадвалтæмæ. Ка куд зудта æма арæхстæй, уотæ æхе ергьæв кодта, аразта æ цард. Тухст уавæри гьæуи цæргутæ сæхе фæйнæхузи бавдистонцæ. Мулкдзæстæ æма къинди к’ адтæй, уонæн немуци исцæун исбæзтæй исмулккæнуни æгьдауæй. Фал
æфсаргин адæн ба и тухсти дæр сæ цæсгон нæ хуардтонцæ, зудтонцæ ’й, æносмæ нæ униау æй аци фудрæстæг…
Нур минкъий мæ дзубандий фæстæмæ раздæхон æма æрдзорон, мæ фидæ тугьдмæ цæмæннæ рандæй, уобæл. Раздæр куд загьтон, уотæ, тохунгьон нæлæстæгæй к’ адтæй гьæуи, етæ рандæнцæ Фидибæстæ гьæуай кæнунмæ. Фал цæмæй Фидибæстæ гьæуайгонд æрцудайдæ, уомæн ба тохæг æфсæддонти гьудæй хуæруйнаг, хъæппæл, тохæндзаумау... Æма зæронддæр адæмæй косунгьон к’ адтæй, етæ еци ихæс сæхемæ райстонцæ. Уонæн ма сæ фарсмæ æрбатумугъ æнцæ силгоймæгтæ, сувæллæнттæ, аййепгунтæ. Кустонцæ, кæмæн си æ бон куд адтæй, уотæ.
Нæ фидæ военкоматæй æздæхт æрцудæй райком партий фиццаг секретарь Годзойти Кертибийи курдиадæмæ гæсгæ. Е ин байхæс кодта гьæугæ æма æнæфæстеуат кæнуйнаг колхозон гьуддæгтæ, куд будурдзау, уотæ. Æма нæ фидæ еци рæстæги е ’хæстæ куд æнхæст кодта, уобæл нæ бафсæрми уодзæнæн. Æ хъаурæ не ’вгьау гæнгæй, куста, æ бон ци адтæй, уомæй фулдæр. Фал адтæй уæхæн адæмтæ дæр, кæцитæ, тугьдмæ цæуни тæссæй, сæхе бавдистонцæ аййепгунтæй. Фал немуц нæ гьæубæл ку æрбадтæнцæ, уæдта колхози мулкбæл хæлæф кодтонцæ еугурей разæй. Немуци агьоммæ «къуру» к’ адтæй, етæ игьосун райдæдтонцæ, и «къуæттитæ» дæр исдзурдтонцæ æма мулк кæнунбæл фæццалх æнцæ. Дессаг ба куд нæй, нури уæнгæ дæр уонæй беретæ æфхуæрд нæ баййафтонцæ. Æма сæхе уотæ æвдесунцæ, цума æппун æвуд æнцæ. Никки ба ма сæхуæдтæ æнæфсæрмæй уайдзæфтæ кæнунцæ раст адæмæн.
Нæ фидæ нецæмæ рахицæ кодта еци рæстæги. Æ загъд уотæ уидæ: «Немуц ами берæ нæ фæууодзæнæнцæ æма бабухсун гьæуй». Гъема, æ бон куд адтæй, уотæ архайдта партизантæн байанхос кæнунбæл.
Гъуди ма кæнун уæхæн цау.
Еу бон, ку байзæр æй, уæд нæ хæдзарæй рацæйцудан акъопмæ хуссунмæ. Нæ мадæ Гуæсхан уæллаг серай къæпхæнтæбæл æрхизтæй æма æ размæ фæцæй нæхеуон æфсæддон. Рагьуди кæнтæ, Лескени гьæу – немуци къохи. Еци рæстæги ба си фæззиндтæй сурх æфсæддон. Уæхæн цау ци тасдзийнадæ уагьта зæрди?! И сурх æфсæддон, мæгур, нæ мадæмæ нидæнгомау дзурдта æма амудта авари бунмæ: «Политрук! Политрук!..» Гуæсхан ин æ дзурдтæ нæ балæдæрдтæй. Æрæгиау ин æфсæддон куддæртæй балæдæрун кодта æ дзубанди. Гъуддаг ба уотæ адтæй, дууæ нæхеон æфсæддони - еу политрук, капитани цини, иннæ ба-санитар, адтæнцæ гьæди партизанти хæццæ. Еци бон партизантæ æма нæхеуон æфсæддонти къуар истухтæнцæ, Лескени ци немуцаг салдæттæ адтæй, уони хæццæ. Фал немуцæгтæ æфсæддонти нимæдзæй дæр, уæдта тохæндзаумауæй дæр дзæвгарæ рæвдзæдæр адтæнцæ. Æма нæхеуонтæ фæстæмæ сæхе гьæдæмæ райстонцæ. Политрукæн ба æ фарс фæццæф æй æма ледзунгьон нæбал бацæй, æхе уацари раттун ба ’й нæ фæндадтæй. Санитар цæф æфсæддони куд ниууагътайдæ, æма ’й мах авари буни баримахста.
Гуæсхан сæ балæдæрдтæй æма сæ медæмæ æрбахудта. Нæ хæдзарæн е ’ргом - разæрдæмæ, даргь дзатматæ ин. Къæпхæнтæбæл исхезун гьудæй дзатмамæ, уордигæй - дуаргонд сенмæ. Сенæй ба дуæрттæ дзæхæрамæ, дæллаг авармæ, уæдта уæллаг авармæ. Политрук æма санитари бахудтан уæллаг авармæ, дзæхæрамæ фæсдзæгатæй ци дуар цудæй, уобæлти. Тарстан, немуцаг, кенæ æнæууæнкæ адæймаг еске ку æрбацудайдæ нæ рæзти, уомæй. Уомæ гæсгæ æз дзатмабæл исбадтæн æма гьæуай кодтон колдуармæ. Ести, уæд гьæуама æз ниххуфтайнæ æма не ’уазгутæ рацудайуонцæ фæстаг дуарбæл дзæхæрамæ, уордигæй ба - акъопмæ. Уæхæн тæссагуавæри алцæбæл дæр гьуди кæнун гьудæй. Куд хуарз, уотæ неке некуцæй æрбацудæй еци рæстæги. Не ’уазгутæ дзæбæх бахуардтонцæ, уæдта рандæнцæ дзæхæрай акъопмæ. Уоми бонивайæни уæнгæ фæцæнцæ. Сæ зæрди адтæй гьæдæмæ исервæзуни фæндæ. Нæхстæр гæнгæй сæ партбилеттæ æма хъазар гæгьæдитæ нæ фидæмæ равардтонцæ, цæмæй сæ е дзæбæх баримахстайдæ.
Нæ фидæ сæ бæргæ баримахста, фал сæ нæ бийнонтæ ба абони дæр нæ зонунцæ, ци бацæнцæ, уой. Бон нæма æррохс æй, уотемæй сæ гьæди уæнгæ баефхаста, над син байамудта партизантæмæ.
Немуци рæстæги скъолатæ æхгæд æрцудæнцæ, ахур æрлæудтæй. Адæмæн сæ сæр сæ кой иссæй. Алке архайдта æхе фæййервæзун кæнунбæл.
Немуц дæр æнæмæтæй кæми бадтайуонцæ. Зудтонцæ, партизантæ гъæдти къумти ке бацудæнцæ, хуарз æй лæдæрдтæнцæ, еу рæстæги сæбæл дзæбæх ке никкалдзæнæнцæ, уой. Æма уомæ гæсгæ сæ сæйрагдæр ихæс иссæй уони хæццæ тох кæнун. Фал е æнцон гьуддаг н’ адтæй. Партизантæ, тар гьæдтæ æма хуæнхти къумти арф римæхст уогæй, сæхе ефтонг кодтонцæ истохунмæ. Немуцæн кæцифæнди сахат дæр тæссаг адтæй уони æвеппайди æрлæбурдæй. Уомæ гæсгæ етæ агурдтонцæ мадзæлттæ, цæмæй партизанти цæфæй сæхе бахизтайуонцæ. Гъема, гъæуи бундорон цæргути æхсæк агорун райдæдтонцæ, гьæуи фалдзостæ æма гьæди нæдтæ хуарз ка зудтайдæ, уæхæн адæмтæ. Рæхги цъух бахастæ киндæй Лескени зæронд цауæйнонтæбæл. Етæ, гъай-гъай, сæ фондз æнгулдзей хузæн зудтайуонцæ еци рауæнтæ.
Нæ фидæ Цæрай дæр хуарз цауæйнонбæл нимад адтæй. Уомæ гæсгæ хаст æрцудæй, гитлеронтæн еци гьуддаги ка фæййагьаз кæнуниау адтæй, уони рæнгьæмæ. Еу бон нæмæ æрбацудæнцæ немуцаг афицер æма ма еу салдат. Гъуди ма ’й кæнун: нæ мадæ Гуæсханмæ еу гæгьæди мухурæй финстæй равардтонцæ. (Нæ фиди хæдзари не ’рбаййафтонцæ. Еци рæстæги æстæнмæ уидæ нæхемæ.)
И гæгьæди æрвист адтæй немуцаг командиртæй, уæхæн финст си, зæгьгæ, нæ фидæ, уæдта уæлдæр ци цауæйнонти кой искодтон, етæ немуцмæ пъæлици косун куд райдæдтайуонцæ. Кæд нæ комонцæ, уæдта сæ ци хизта, уой дæр нæ феронх æнцæ ниффинсун. Гуæсхан ин неци зудта, еци гæгьæди ци æй, уомæн. Нæ фидæ æрцудæй æнафони æма ’ймæ ’й равардта. Е æй бакастæй æма ’й зустæй ракъуæхтæ кодта. Æ фур мæстæй ба ма исдзурдта:
«Æнæ уой нæ рамардайнæ?!»
Бæнттæ, уæззау тугьдон бæнттæ, евгьудæнцæ. Немуцагæфсæдти гьуддаг лæгьузæй-лæгьуздæр кодта. 1942 анзи, геуæргобай мæйи кæрони, Сурхæфсад Сталингради фронти размæ цæун байдæдта. Нур, Кавкази ци немуцаг æфсади хæйттæ адтæй, етæ сæхецæн фæттарстæнцæ уацари бахаунæй, æма сæхе бæлццон рæвдзæ кæнун байдæдтонцæ. Уотемæй, 1943 анзи, æнсури мæйи фиццаг бæнтти, зонгæ дæр сæ неке бакодта, уотемæй рандæнцæ æхсæвигон нæ гьæуæй.
Нæ фидæ еци рæстæги ци кодтайдæ, уой нæ зудта. Раст зæгьун гьæуй, тарстæй нæхеуонтæй дæр. Уомæн, æма уæхæн хæлхъой рæстæги минкъий рæдудбæл дæр лæги банимайун æнгъизтæй æзнагбæл. Æрмæст, æзнагæй ба æхе нæ зудта, уæдта уогæ дæр н’ адтæй.
Мæнбæл уæд цудæй дууадæс анзи хуæздæр æма ма хуарз гьуди кæнун, мæ фиди цæунбæл куд кудтæн. Рагацау æй, æвæдзи, мæ зæрдæ балæдæрдтæй, ци зин бæнттæ мæхизтонцæ, уони...
Рандæнцæ немуц. Лескен иссæребарæ ’й. Фал немуци хæццæ рандæй, ахæст ку ’рцæуа, уой тæссæй, æвæдзи, нæ фидæ дæр æма мах, æхсæз сувæллони, байзадан нæ мадæ Гуæсхани евгед. Нæ хестæр хуæрæ Раханатбæл уæд æдеугур цудæй 14 анзи. Еци зинбонти анхосæй нæ мадæ æ уасæ нæбал еруй, рагацау базæронд æй.
Фæцæнцæ мæ сувæллони фæндон бæнттæ æма райдæдта мæ царди медæгæ нæуæг фæлтæр, кæций райгон кæнунбæл байархайдзæнæн мæ финсти. Фал тæрсун, еци зиндзийнæдтæ ниффинсун мæ бон ку нæ исуа, уомæй.
.....
