Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Нæуæг нæмттæ. Хъулчити Максим.

Нæуæг нæмттæ. Хъулчити Максим.

Нæуæг нæмттæ. Хъулчити Максим.

Нæуæг нæмттæ. Хъулчити Максим

Зӕрди зар

Хор ӕваджи нӕма скастӕй  
Къӕлос лӕдзӕги бӕрцӕ,  
Арттевунцӕ цъӕх чъететӕ
Чи дессаг рӕдссугъд ӕнцӕ.

Кӕцайдӕр хӕсцӕф игъусуй
Цъӕрахснӕги сосӕг уаст 
Турту бӕласи къадотӕ 
Рӕзи уӕзӕй бунмӕ таст 

Кафуй думгæмæ дидинæг
Ӕ сурх ростæ мудæй дзаг
Дидин биндзӕн ӕ уогойнӕ
Фӕззагмӕ уодзӕй идзаг

Рӕуӕг ирдга дони билӕй
Исхӕссуй цагъанай тӕф
Мондаг рӕугутӕ ӕфсадуй
Кӕдзос донгони уӕлдӕф

Эх чи хъӕбӕр мӕ фӕфӕндуй 
Уотид уӕ рази бадун
Уӕд базонидӕ мӕ Зӕрдӕ 
Сӕ хаццӕ еумӕ зарун

Чикола


Шекери хед бӕл бахезгӕй
Зӕрдӕ кӕнуй уӕлдай цӕф
Ӕносон чъетедар хуӕнхтӕ,
Сатæг дон хӕссӕг Ирӕф

Дзагъеппарзи лихз будуртæ
Къохти буни игуардæн
Гъæуи астæу Таги хъумтæ
Иронх шин нæ ес гæнæн

Чи уарзон ӕнцӕ сӕ уиндӕ,
Алкӕд сӕ размӕ тундзӕн...
Райгурӕн зӕнхӕ, гъӕубӕстӕ,
Цӕммӕнн уин ес гӕлдзӕн?

Æстæн дæр æнцæ хестартæ
Гъæуи астæу рацæугæй,
Беретӕ си фӕлгӕсунцӕ 
Гъауи фӕсте сау дортæй

Нæ кæнун уобæл зæрдхъурмæ
Цард æ уаг хæссуй æргом,
Ирæзунцæ нæ кæстæртæ
Нæй уонæн иронх сæ ном!

Хуарз фасевӕд архайунца, 
Некӕми ӕнцӕ фӕстаг
Ном дӕлӕзӕг нӕ уадзунцӕ 
Гъӕубӕстӕ ши нӕй гъӕстаг.

Чи номæй дæмæ лæг дзора?
Райгурæн гъæу Чикола,
Фиди бундор, мади гъæбес
Æндар ма дæ чи хона!

***

Кӕд неке изайуй царди, анамалга уӕлӕбӕл
Зӕгъайтӕ мин сӕрбӕрзондӕй чийнӕ кӕнон уӕд цӕбӕл?

Цӕбӕл уа миййаг мӕ катай, цӕбӕл кӕнон арф сагъӕс?
Чи уавӕр мулк ӕмбурд кӕнон, чи хузӕн уа мӕ дарæс?

Устур тӕрхони ӕвзонгӕй цӕмӕй кӕндзӕн мӕхе раст
Ка мин кӕндзӕй мӕ саст уодӕй, ӕнӕтӕрегъӕдӕй гъаст?

Ка байгъӕлдзӕг ӕй мӕ фæрчи, ке уаргъ рахастон усхъӕй
Ке фӕсте цудтӕн фӕдеси ӕ карз зиан бӕл ку тухстӕй 

Кӕчи дзаман ӕнӕрӕдуд размӕ уидтон мӕ фӕндаг?
Козбау гӕнгӕй феронх уидӕ фудганӕгӕн зӕгъуйнаг…

Ма дӕмӕ кӕсӕд мӕ сагъӕс зӕрдӕлхъивд ӕма ӕнкъард
Зонун Хуцау ке равардта игъӕлдзӕган лӕги цард…

Зонун ма фарстати дзуапптӕ раги ӕрцудӕнцӕ финст,
Ку нӕ уайдӕ мӕ фуд зӕрдӕ берӕ гунӕхтӕй хуарз хинст

Кӕна адӕймаг нур чийнӕ, кӕми дӕр уӕд дӕ рауӕн
Ковӕ алкӕд несканӕгмӕ, арфӕ кӕнӕ Хуцауан!

***

Æрæмбæрста уорс гъаццолæй сау уазал зæнха зумæг,
Куд ма чина кæна зæрда, уалдзаг уодзæй хуарз тиллæг.

Фаззигон уазал ахсæвæ нæбал хæссуй æ хулуй,
Хæмпос уорс мети индæмæ науаг мæйæ идзулуй.

Мет рæссугъд тъæфилтæй бадуй, чинæй бæл кануй æрдза
Гъæдæ уазалæй нæ тæрсуй, нур искотта уорс кæрцæ.

Тæхга чъеутæ тæрвазæбæл агорунцæ хуæруйнаг,
Нæ сæ ниууаццæй æстонгæй фæлмæн зæрдæ адæймаг…

Метин киндзан тургъи астау неке бал кандзай нур хъонц
Ехæй стъалутæ æ реубæл рæссугъд кæнунцæ фæлгонц

Возврат к списку