Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Зиндони хед. Зиндонæ. Дзенет. Рагон Нарти Æма Уонæн Сæ Фæстагонти-Зæронд Дигори Дин.

Зиндони хед. Зиндонæ. Дзенет. Рагон Нарти Æма Уонæн Сæ Фæстагонти-Зæронд Дигори Дин.

Зиндони хед. Зиндонæ. Дзенет. Рагон Нарти Æма Уонæн Сæ Фæстагонти-Зæронд Дигори Дин.

Рагон Нарти Æма Уонæн Сæ Фæстагонти-Зæронд Дигори Дин

ЗИНДОНИ ХЕД

Зам-Зами донбæл ес хед, зиндони хед.

И хедæн æ бахезæн æй урух æма лигъз алли адæймагæн дæр, мæрдтæ сæхемæ ке есонцæ, уомæн. Уоци хедбæл æнæ цæуæн нæййес.

Хедæн æ бæрæг астæумæ ку бацæуй и бæлццон, уæд и хед дзиккой халæй дæр нарæгдæр исуй аллирдæмæ дæр. Нæ - размæ ра-

йампъезгæнæн, нæ - фæрсмæ раздæхæн, нæ - фæстæмæ ракæсуни мадзал нæ фæууй и бæлццонæн.

Нарти кæнтæ тæрхони бацæунцæ, тæрхон искæнунцæ уомæн æ уæлæбæл царди уагæмæ гæсгæ, æма ин, мæнгæ дуйнебæл æ цард куд хаста, адæми куд азта æма уарзта, уомæ гæсгæ бунат æносон бунати раттунцæ.

И бæлццон кæд фудгæнæг адтæй, уæд ин исаккаг кæнунцæ зиндонæ, кæд хуæрзгæнæг, уæдта - дзенет.

Æма Зам-Зами хед и бæлццонæн æрискъунуй.

Бæлццон донмæ цъæпгæнгæй рахауй, и дон ба 'й Дзахануми устур хъуммæ нилласуй, æма тæрегъæдгунти хæццæ зиндони цади гъезæмарæ кæнуй.

На æма и бæлццон раст разиндтæй, уæдта æ над фæуурух уй, Зам- Зами донбæл бахезуй, æма рæститæ кæми бадунцæ, уоми Нарти гуппургинти - Урузмæг, Хæмиц, Сослан, Батрази рæнгъæбæл æрбадуй.

Уорс æ дарæс, æ сугъзæрийнæ уормег уæлæфтауæ, сугъзæрийнæ лæдзæг æ къохи, сугъзæрийнæ къела æ бадæн, уотемæй идзулуй Нарти кæнти 'хсæн.


ЗИНДОНÆ

Зам-Зами дон цæуй зиндони цадæмæ.

Зиндони цадæ алли цъумур калмæй идзаг æй.

Уоми дони хурфи рабурæ-бабурæ кæнунцæ гъонцъиртæ, хæфситæ, хелæгтæ, æнкъуæлхитæ æма уони æммуггаг цъумур, цъифхуар кæлмитæ.

Тæрегъæдгун уод уордæмæ ку бафтуйуй, уæд ибæл етæ сæхе никкалунцæ, сæ сæртæ ин æ бауæри ниццæвунцæ, æ тог ин цъирунцæ, аллирдæмæ 'й гæппæлгай хæссунцæ.

Тæрегъæдгун цъæхнæгæ кæнуй, Хуцаумæ неуй, Хуцауæй, æ хæстæгутæй, æ зонгитæй коруй агъаздзийнадæ æма æнхусдзийнадæ некæмæй еруй.

Æ мæрдти над уæлæбæл царди медæг бахуардта, æ мæрдти нади сагъæс нæ кодта, нæ 'й балхæдта, нæ 'й искæдзос кодта, нæ 'й бахсаста.

Адæймаг еугæр зиндони бафтудæй, уæд ин уордигæй еске хатирæй, курдæй рацæуæн нæбал ес.

Тæрегъæдгунæн Нарти кæнтæй тæрхонгонд фæууй зиндонæ бавзарун æма уоми гъенцъун кæнун е 'нгъуди бонмæ.

Нарти нæртон Сосланæн дæр ма æ бон нæбал иссæй е 'нæний-йергæ мади, Æхсийни зиндони цадæй ракæнун, - Нарти кæнтæ уой цардуодæй зиндонæмæ ку багæлстонцæ, уæд.


БАРАСТУР ÆМА ÆСТАВД ЗÆНГÆ АЛМУТАХЪ

Барастур æй, дзенети кæмæн кæми æмбæлуй бунат раттун, уой ка амонуй, еци лæг: дзенети дуаргæс, дзенети фасти лæг.

Дзенети адæмтæ аулгай бадунцæ æма, алли нæуæг æрбацæуæгæн дæр æ бунат ка амонуй, гъе, ейæ æй Барастур.

Æставд зæнгæ Алмутахъæн æ бон æй зиндонæмæ бацæун æма уордæгæй лæгдухæй адæмтæ дзенетмæ ракæнун.

Зиндони адæмтæ æмхæлæмулæй æма æмхузонæй гъезæмарæ кæнунцæ.


ДЗЕНЕТ

Раст адæймагæн зиндони хедбæл æ над æ бæрагæ ку бауа, Нарти кæнтæ ин æ фæндаг ку райвулун кæнунцæ, уæд е дзенетмæ рахезуй.

Дзенет æй Сами-Мисони лигъз будурти, Зам-Зами дони билæбæл.

Еци будуртæ æнцæ рæсугъд рæзбуни дзæхæрадонæ, и бæлæсти буни ба цъæх зæлдæ æма æхсири цадæ.

Дзенети бæлæсти буни цъæх зæлдæбæл æнæ уадæ фæлмæн хори гъармæ гъазунцæ, мади тавд, фиди рæвдуд ка нæ зудта, æнæ 'хснад, æнæ койгондæй, æстонгæй мæрдтæмæ ка бацудæй, еци тæрегъæддаг сувæллæнттæ - дзенети цъеутæ.

Етæ фæлмæн хормæ фæгъгъазунцæ, уæдта бæлæсти буни æхсири цади хе æртайунцæ, муд-дон (Зам-Зами дон) æдонугæн ниуазунцæ, бодæрагъæн содзунцæ, уотемæй бæлæсти буни сатæги бонасадæн кæнунцæ, дони хедмæ се 'нгас дарунцæ.

Еу хедæй дзенетмæ еске ку æрбахезуй, уæд æ размæ гур-гурæй ракæлунцæ: баба æрбацæуй, нана æрбацæуй, - зæгъунцæ.

Нур уонæн, æнæ ниййерæги тавст зонгутæн, алке дæр нана, баба æй.

Бæлццонæн æ къабæзтæ, æ думæггæгтæбæл ниххаунцæ æма 'й, рæсугъд заргæй, цийнæгæнгæй мæрдти Барастурмæ бахонунцæ.

Мæрдти Барастур бæлццонæн дзенети дуар зæлланггæнгæ байгон кæнуй æма 'й рæстити рæнгъæбæл Хæмици размæ æрбадун кæнуй.


ЦИГСÆИ -и архив, ф. 144, 51 п.

Гарданти Михали финст, Киристонгъæу, 1893-1924.

Возврат к списку