Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Нарти Рантæсæн. Уæрхæг Æма Æ Цæуæт.

Нарти Рантæсæн. Уæрхæг Æма Æ Цæуæт.

Нарти Рантæсæн. Уæрхæг Æма Æ Цæуæт.

НАРТИ РАНТÆСÆН

УАДМЕРИТÆ

Нартæй раздæр адтæй дуйнебæл уадмеритæ. Уадмеритæ адтæнцæ устур лæгтæ, хæдзарæ нæ кодтонцæ, дуарбæл нæ сæр ку фæггубур кæнæн, уæд нæ Хуцау æхецæн ковун æнгъæлдзæнæй, зæгъгæ.
Хуцау сæ уайтагъддæр фесафта.


УÆЙГУТÆ

Уой фæсте рантæстæнцæ уæйгутæ - гурумухъ, тухуаст æма æнæконд адæм: кæбæл адтæй авд сæри, кæбæл - еу сæр æма еу цæстæ.
Цардæнцæ хуæнхти, гъæдти 'ма лæгæтти. Нарт ку рантæстæнцæ, уæд уæйгути хæццæ тухтæнцæ 'ма син сæ муггаг фесафтонцæ.


НАРТ

Нарт кæцæй рантæстæнцæ, уой Хуцауæй æндæр неке зонуй, фал тауæрæхъæй зæгъунцæ, денгизи бунæй рацудæнцæ Нарти адæм, зæгъгæ.
Нарт адтæнцæ æртæ муггаги: Бориатæ, Æхсæртæгкатæ 'ма Алæгатæ.
Бориатæ адтæнцæ гъæздуг, мулкгин, фæрнуггин. Æхсæртæгкатæ адтæнцæ лæгæй хуарз. Алæгатæ адтæнцæ бæгъатæр муггаг.

ЦИГСÆИ-И архив, ф. 13, 6 п. Саулати Дзæрæхи дзурдтæй Туйгъанти Мухарбеги финст. 1901.


УÆРХÆГ ÆМА Æ ЦÆУÆТ


Уархагjpg.jpg




ÆХСÆРТÆГКАТИ УÆРХÆГ ÆМА Æ ЦÆУÆТ

Æхсæртæгкатæ 'ма Бориатæ кæрæдзей æртæ хатти ниццагътонцæ; фæйнæ бундоребæл фæйнæ еунæги байзаидæ, 'ма бабæй исмуггаг уиуонцæ, фал уæддæр сæ дони бун нæ рæсог кодта, 'ма уотемæй
кæрæдзей æртæ хатти ниццагътонцæ. Фæстагдæр цагъд ку никкодтонцæ, уæд Æхсæртæгкатæй ма байзадæй Уæрхæг, Бориатæмæ ба - Борæфæрнуг...
Уæрхæгæн æ зæрондмæ хæстæг райгурдæй дууæ фазон лæхъуæни: Æхснарт (Æхсар) æма Æхсæртæг.


ЦИГСÆИ-И архив, ф. ф.351, 145 п. Мудойти Сабей дзурдтæй Дзагурти Губадий финст, Киристонгъæу, 20.03.1909.
М.а. - Нарты, I т.


НАРТИ ФÆТКЪУ

Бориати Борæфæрнугæн адтæй æстур дзæхæрадонæ, адтæй си фæткъу бæласæ æма ибæл задæй сугъзæрийнæ фæткъутæ.
Æ фæткъутæ ин цидæр хуæрун байдæдта æхсæвигон, фал син багъæуаййи фæрæзнæ нæ ирдта. Æхецæн фурттæ н’ адтæй æма Нарти Уæрхæги фурттæй, Æхсар æма Æхсæртæгæй, ракурдта, ба сæ гъæуай кæнтæ, зæгъгæ.
Æхсар æма Æхсæртæг гъæуай кодтонцæ радугай. Еу æхсæвæ кæми адтæй, уоми Æхсæртæг, раст бонивайæни, æфсæнкъæбот мæргътæ æрбатæхгæ фæууидта, сæхуæдтæ ба цирагъи хузæн сугъдæнцæ.
- Ци дессаг æй, - загъта Æхсæртæг, - атæ хумæтæги нæ уодзæнцæ, еуей æнæ фæццæф кæнгæ нæййес.
Мæргътæ бæласæбæл куд æрбадтæнцæ, уотæ сæмæ зустæй багъузтæй, хъæзин фатæй сæ фехста æма си еуей фæццæф кодта.
Кизги цъæхахст никкодта æма æ тог калгæ фæттахтæй е 'мбæлтти хæццæ.
Хорискасти, сæ тоги фæдмæ син ку 'ркастæй, уæд къæсибадæг уоси бафарста:
- Циуавæр æнцæ?
Е ба ин загъта:
- Етæ æнцæ Донбеттири кизгуттæ, уонæй ку фæццæф кодтай.
Æхсар æма Æхсæртæг еумæ фæннæхстæр æнцæ денгизи билæмæ.
- Цæй, - загъта Æхсæртæг, - кæд нæ еу исæфа, уæддæр не 'ннæ уæлæбæл байзайдзæнæй. Æз цæун денгизи бунмæ, ду ба мæнмæ ами фæккæсæ. Мæнæ дин мæ циргъаг, кæд тоги хузæн изæр кæнун байдайа, уæд уой зонæ, æма мæмæ æнгъæл мабал кæсæ.
Æхсæртæг денгизмæ ниллæуирдта, Æхсар ба уосонгæ скодта æма цауæн кæнун байдæдта денгизи билæбæл.


ДОНБЕТТИРИ КИЗГÆ АЦИРА-РÆСУГЪД

Æхсæртæг денгизи бунмæ ку ниххизтæй, уæд идардмæ еу уорс галауон фæййидта æма уомæ цæун байдæдта. Æ размæ дуйней адæм баййафта æма сæ фæрсуй, ци кæнтæ, зæгъгæ.

- Донбеттирæн æ хестæр кизгæ сæйгæ кæнуй æма уой фæрсæг адтан.
Æхсæртæг æхе медæмæ баласта, ку 'й фæййининæ и сæйги, зæгъгæ.
Донбеттири кизгæ медуат хуссæни адтæй, æ цори ба е 'ртæ хуæри бадтæнцæ æма ин æ цæф цонг бастонцæ.
Æхсæртæг медæмæ ку бакастæй, уæд кизгæн æ зæрдæ багъар æй, ба 'й зудта.
Уæд загъта Донбеттирæн Æхсæртæг:
- Дæ кизги дин æз фæццæф кодтон, нур ба 'й дзæбæх дæр мæхуæдæг скæндзæнæн æма мин æй киндзи раттæ.
Донбеттир дæр загъта:
- Арази.
Кизгæ ку сдзæбæх æй, уæд æй Æхсæртæг рахудта денгизи билæмæ æма 'й Æхсари уосонгæмæ бахудта. Æхуæдæг ба Æхсари агорунмæ рандæ 'й.

ÆХСАР ÆМА ÆХСÆРТÆГИ МÆЛÆТ


Туганов Дзерасса.jpg

Æхсар æма Æхсæртæг адтæнцæ фазæнттæ æма сæ Нарт сæхуæдтæ дæр туххæй æвзурстонцæ, ка си кæци æй.
Æхсар æ уосонгæмæ ку 'риздахтæй, уæд, рæсугъд силгоймаги ку фæййидта, уæд фæддес кодта, а циуавæр æй, зæгъгæ.
Фал ибæл Æхсæртæги уосæ æхе æрбатухта, ци æрæгæмæ адтæ, æз ами æнæ дæу нæбал фæразун еунæгæй, зæгъгæ.
Уотемæй сæ æрбаййафта Æхсæртæг æма, ду ба, ме 'нсувæр уогæй, мæ уосæмæ куд æвналис, зæгъгæ, и дууæ æнсувæри еци рауæн фæххилæ 'нцæ, сæ кæрæдзей рамардтонцæ.


УРУЗМÆГ ÆМА ХÆМИЦИ РАЙГУРД

Кæугæ-дзиназгæ байзадæй денгизи билæбæл Æхсæртæги уосæ еунæгæй. Уæдта ин гæнæн нæбал адтæй æма фæстæмæ æ фидæмæ, Донбеттирмæ рандæ 'й. Уоми ба ин райгурдæй фазæнттæ - Урузмæг æма Хæмиц.


УРУЗМÆГ ÆМА ХÆМИЦ УÆРХÆГÆН СÆ МАДÆ АЦИРА-РÆСУГЪДИ КУД ÆРХУДТОНЦÆ

Гъазунгъон ку фæцæнцæ, уæд дууæ биццеуи иннæ биццеу-ти хæццæ фæххилæ уиуонцæ æма Хæмиц къæсибадæг уоси биццеуи ранадта.
Къæсибадæг уосæ сæмæ ралæбурдта æма сæ æлгъетуй:
- Сумах кæд уойбæрцæбæл лæгтæ айтæ, уæд уæлæ Стур Нарти астæумæ 'сцотæ, кæцæй æрцудайтæ, уордæмæ, ами ба сумах неци гъуддаг ес!
Урузмæг æма Хæмиц мæтъæлæй æрбацудæнцæ сæ мади размæ 'ма ин загътонцæ:
- Махæн ами фæллæууæн нæбал ес. Къæсибадæг уосæ нин уотæ зæгъуй, ами уæ фидибæстæ нæ 'й. Нур ба нин зæгъæ, - мах ке фурттæ ан?
- Еунæ Хуцау си ма сарази уæд, - загъта сæ мадæ. - Æз уин æй зæгъуйнаг нæма адтæн, нур ба уин æй æнæ зæгъгæ нæййес.
Цæун байдæдтонцæ Урузмæг 'ма Хæмиц 'ма æрбацудæнцæ Нарти гъæумæ 'ма фæрсун байдæдтонцæ Уæрхæги, бакурмæ 'й, уотемæй.
Уæрхæг ба загъта:
- Махæй фезмæлæг ку некæмибал ес, уæд ка 'нцæ етæ, сæхе Æхсæртæгкатæй ка хонуй? Æрба сæ кæнтæ, æз сæ се стæги гъæдæй базондзæнæн.
Æма имæ сæ бакодтонцæ 'ма син сæ цонги гъолтæ фæууидта 'ма загъта, се стæги гъæдæ махæй æй, зæгъгæ, фал бакурмæ дæн 'ма сæ цæмæй ма базонон?
Етæ дæр ин æрдзурдтонцæ, гъе, атæ 'ма атæ, зæгъгæ, 'ма син уæдта загъта:
- Æцæгдзийнадæй мæнæн адтæй дууæ фазони 'ма рамардæнцæ.
Уæдта ин загътонцæ:
- Нæ мадæн, гъе, атæ 'й æ гъуддаг 'ма ин æнæ дæу номбæл ардæмæ иссæуæн нæййес.
Фæццудæнцæ 'ма сæ мади исхудтонцæ.
Сæ мадæ хундтæй Ацира-рæсугъд æма ин загътонцæ:
- Мах дæ не стур фидæн, Уæрхæгæн, хонæн киндзи.
Уæдта загътонцæ Уæрхæгæн:
- Махæн нæ мади æрхонæ, Ацира-рæсугъди!
Е ба загъта:
- Æз базæронд дæн. Æз ма лæгеуæг кæнун ку фæразинæ, уæд мин мæ тургъæбæл Нарти уоститæ сæ донмæ цæуæн фæндæгтæ не скодтайуонцæ.
Етæ ба ин загътонцæ:
- Уой мах равзардзинан. Кæд ма дæ мезунцъаг финкæ кæнуй, уæд ма уосæн бæззис.
Уой ку сбæрæг кодтонцæ Урузмæг æма Хæмиц, уæд æй бацæрун кодтонцæ сæ мадæ Ацира-рæсугъди хæццæ. Æхсæвæ бацудæй 'ма Уæрхæги зæрондбæл и уосæ æ къох æрхаста, 'ма æй, æ лæхъуæни куд адтæй, уотæ фестун кодта.
Анз ибæл рацудæй, уæдта ин раигурдæй Субæлци. Ку иурс-тонцæ, уæд хестаг хай е райста. Уæдта бабæй хестæрбæл дзорун райдæдтонцæ Урузмæг æма Хæмиц.

ЦИГСÆИ-И архив, ф. 13, 6 п. Саулати Дзæрæхи дзурдтæй Туйгъанти Мухарбеги финст. 1901.


САТАНАЙ РАЙГУРД



Шатана 1.jpg

Рацæй-рабон æй, 'ма Уæрхæг рамардæй, 'ма и мадæ Ацира-рæсугъд дæр загъта, мæнæн æнæ рамæлун нæбал ес, зæгъгæ, 'ма мæ æртæ æхсæви куд багъæуай кæнайтæ, уотæ. Уасгерги ма мæ фæсте уотæ кодта: «Де 'гас мæ къох кæд не 'ссирдта, уæддæр дæ мард мæ къохи куд бафтуйа, уотæ!»
Рамардæй и уосæ, сæ мадæ. И æртæ баздахтæнцæ 'ма æй æртæ æхсæви гъæуай кæнун байдæдтонцæ. Фиццаг æхсæвæ 'й фæгъгъæ-уай кодта Субæлци. Æхсæвæ ибæл Уасгерги фæббон кæнидæ, уæддæр æй нæ ниууагъта. Дуккаг æхсæвæ ба 'й гъæуай кодта Урузмæг. Е дæр æй нæ ниууагъта. Æртиккаг æхсæвæ гъæуаййи радæ æрцудæй Хæмицбæл. Хæмиц гъæуай кодта 'ма ибæл Уасгерги æмбесæхсæви фæббон кодта, цума уоститæ фидисæуми рацудæнцæ, уотæ. Е дæр æй фæууагъта æма, æ зæрдæ ци гъастмæ æхсайдта, уордæмæ рандæ 'й. Уасгерги дæр бацудæй зæппадзæмæ...
И уосæн ма æ тог æнæисуст адтæй 'ма игурдзæ æ губуни бафтудæй.
Ци ибæл рацудæй, Хуцау æхуæдæг зонуй, уæдта зæппадзи медæгæ никкудтæй кизгæ.
Уæд Сирдон зонæнгин адтæй, Хуцауи æлгъист, 'ма 'й базудта, а, Уасгерги уотæ бакодта, зæгъгæ, 'ма сæ рæзти æруадæй Æхсæртæгкатæн, æма 'й Урузмæг куд фегъустайдæ, уотæ загъта:
- Хуцауи дессаг нæ 'й! Æхсæртæгкатæн сæ зæппадзæй кизги кæун цæуй.
Уой ку райгъуста, уæд Урузмæг загъта:
- Цидæр æй, нæ лæгбæл сайд æрцудæй!
Æма зæппадзæмæ уайун райдæдта 'ма дуарæй бакастæй 'ма си æ реубæл, мадæн, кизги фæууидта. Кизгæ (Сатанай) æ думæггаги ратухта, уотемæй сæхемæ иссудæй.


ЦИГСÆИ-И архив, ф. ф.351, 145 п. Мудойти Сабей дзурдтæй Дзагурти Губадий финст, Киристонгъæу, 20.03.1909.
М.а. - Нарты, I т.


Нартæ.   Дзæуæгигъæу, 2005.
Киунугæ исаразтонцæ Скъодтати Эльбрус æма Къибирти Амурхан.

Возврат к списку