УОНАЙИ ЗАР
Уой, уонайи уонай, уонай!
Нарти нæртон Сатана сæдæ гъунемæй
Урузмæгæн нимæт кодта.

Алли муггагæй фæйнæ кизги бæргæ æрхонуй,
Нæудæс æма цуппаринсæй кизгемæ
Фæйнæ гъуни бæргæ равардта,
Уой, уонайи уонай!
И кизгуттæй алке дæр æ гъуни хай бæргæ райста,
Нарти нæртон Сатана сæ астæу бæргæ исбадуй
'Ма син алли зари сæр ку хаста,
Уой, уонайи уонай, уонай!
Нарти нæртон Сатана сæмæ æ цæститæ ниййирд кодта,
Уалдзигон цъеуау, цъæбар-цъубур кизгуттæ кæнунцæ,
'Ма си Сатанайæн æ зæрдæмæ неке бацудæй.
Æрæгиау ба Алумбегати Алибеги еунæг кизгæ
Айсана-рæсугъди бæргæ исхонуй.
Уой, уонайи уонай!
Æ гъуни хай ин бæргæ багæлдзуй,
'Ма ин алли зари сæр ку æркæнуй.
Айсана æ цъухæй хъипп дæр не суадзуй,
И нимæт бæргæ исцæттæ уй.

'Ма и еунæг Айсанай ба æ фуртæн,
Тайсанайæн уосæн бæргæ æруорамуй.
Уой фæсте ба рарветуй алли кизги дæр
Бæхуæрдунæй сæ хæдзæрттæмæ,
Уой, уонайи уонай!
Къуæрей бонмæ сæмæ бæргæ рарветуй Алумбегатæмæ,
Кæрдзини хуæрдæмæ сæ исхонуй сæ хæдзарæмæ
'Ма сæ сæдæ лæгемæй ку фæххинцуй хъæбæр хуарз,
'Ма уой фæсте ба Нарт æма Алумбегати
Каййесдзийнадæ ку æрфедар æй.
Уой, уонайи уонай!
Уой, уонайи уонай!
ПНТО, в.2, 1927, 146-147ф.
Кæлухти Елмæрзæй дзурдтæй Гарданти Михали финст. Уæхъæцæ. 1926.
Нартæ. Дзæуæгигъæу, 2005.
Киунугæ исаразтонцæ Скъодтати Эльбрус æма Къибирти Амурхан.
