Тикис
Скъодтати Эльбрус

Уæртæ бакæсæй, -уинис,
Кæми бадуй нæ тикис?!
Цæттæй уарзуй, - æгирид
Нæбал хуæруй мисти фид.
Куййи хæццæ -æмтæбæгъ
Уæси хæццæ - æмтæбæгъ,
Нæ соруй æй устур бæх,
Парахат цард ин, уæрæх.
Раздæр ба уиндæ æндæр,
Куййи куййæй дæр куйдæр
Бакæнидæ нæ тикис, -
Нæмæ кодта уæд гириз.
Нæбæл æй тикис - тикис,
Фæззундгиндæр æй, уинис!
Некебал ин ес æзнаг,
Косæг ба ин - адæймаг.
Бахуæрдзæнæй гудун дæр,
Нæй æ бон ба "гудун" дæр.
Фал иннанз ба ци хуæрдзæй?!-
Тиллæг мистити фæцæй...
