Дзагурти Дигорхан
Дзӕкъолонтӕ
...Узунӕн ба ӕ "дамбаца"
Дзӕкъолонау искастӕй,
Нӕй фӕндӕ уй цъеуӕхсӕн ун:
Ӕ тӕлӕн цардмӕ хӕссуй !
Ка й зонуй, ӕ нисанӕвӕрд -
Ӕрвтӕй дессӕгтӕ тӕтун!..
Фалӕ ӕфхуӕрд зӕнхи уӕзӕй
Уоди базур не 'стонуй.
Уоййау, дзилли уӕлмонц бӕллец
Тарсти содзинттӕй кӕсуй...
Фудгин дӕр неке фӕккӕндзиан :
Нӕхемӕ нӕ фуд кӕсуй...

Мади уарзт
Мадӕн ба ӕ уарзти цирагъ
Цъилинга нӕ йӕй,фал хор!
Кӕдмӕ цӕра,уӕдмӕ тавуй,
Ӕндӕр хузи нӕй ӕ бон.
Мадӕ , дан,фиццаг изӕд ӕй,
Кӕций базур нӕ сӕттуй,
Ӕ бӕдоли ниви фӕндаг
Кӕдмӕ й разӕнгард кӕнуй.
Гъӕрмос хизӕ нӕ уазалти,
Нӕ рӕдудтӕн - ӕнос барст,
Курмитӕн дӕр ӕй гӕмӕрзӕ -
Хуцауӕй цӕуй ӕ уарзт.

Барӕвзурст
Йахӕй фӕкко а дуйнебӕл,
Ӕргом мӕнгӕ ке хуӕруй!
Динти гъӕбес уоди фарнӕн
Ӕнгъӕлдзауӕй ка даруй.
Ести хузи нӕ рӕдудтӕн
Сӕ къӕразӕ нихгӕнӕн,
Итигъд дуарбӕл ке цӕунцӕ,
Уой,цума,нӕ лӕдӕрӕн...
Уарзонадӕ иуаргутӕ
Ӕрдзӕ нивтӕ ку иурста,-
Силгоймаги батухта
Дидингути аллуаг ауи,
Уарзонадӕ куд хӕсса.
Рохс изӕдау, цит, бамбӕлуй
Алке минӕг зӕрдӕбӕл,
Царди хъаурӕ си бауадзуй,
Ӕ талас ӕй алкӕбӕл !
