Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Гадати Лазар. Æрвдзæф. Гъæугæрон. Царди æхсист

Гадати Лазар. Æрвдзæф. Гъæугæрон. Царди æхсист

Гадати Лазар. Æрвдзæф. Гъæугæрон. Царди æхсист

Гадати Лазар

Æрвдзæф

Ирæфи билæбæл - устур толдзæ бæлæсæ, æ астæубæл рафæзтæй арви цæфæй, фал нæ ракалдæй. Æ уæйуг иуæнгтæн се' мбес бахускъæ' й. Комæй æрбансæндуй  зуст думгæ,  æ дæлуагисти бацæуй, ниффотт кæнуй.


Толдзæ багъæрзуй, ох-ох-охх, зæгъгæ, æма еу усми дæрхци басабур уй. Даргъ зумæгон æхсæвти æппун нæ сабур кæнуй æ къæс-къæсæй. Æ сор къалейти æхсæн къуззитт кæнуй зумæгон думгæ. Бæлæси рист æма зинтæ федæр уедæгтæ сæ хæццæ райстонцæ сау зæнхи арфмæ, уæддæр сосæг сæбар-субур фæккæнунцæ уалдзæги æрцудбæл æ еугай цъæх сифтæ. Æхсæви тарæй игъусуй толдзæ бæлæси гъæрзун рист уоди гъæрзунау. Думгæ 'й фæххæссуй æ хæццæ федæнмæ игъусунгæнуйнагау.


Гъæугæрон

Этюд

Рагуалдзæг гъæугæрон нæуæг цъæх тауæбæл хезунцæ дууæ бæхи 'ма хуæрзæвзонг байраг. Байраг усми дæрхци дæр æнцад нæ лæууй: æфси æгъдти æ къембур ранигъолуй, е фæззелуй 'ма æ рæсугъд даргъ къæхтæ бæрзонд есгæ радогъ кæнуй лигъз зæлдæбæл. Æ сæр бæрзонд исесуй, æ минкъий къæдзелæ нихъхъел кæнуй, уотемæй æрзелуй бæхти алливарс.

Бæхтæ сабур хезунцæ цъæх нæуæбæл, фал æфсæ йе 'нгæс даруй байраги æзмæлдмæ, 'ма си ку райдард уй, уæд æ сæр исхъел кмнуй, æ фæсте  тарстхузæй кæсгæ бамур-мур кæнуй: 

"Идардмæ ма цо, раздæхæ мæ размæ".

Байраг æ мади тарст мур-мурæн цъæхснаг хъурæй дзуапп раттуй æхе фæззелуй фæстæмæ 'ма æрбатъæбæртт кæнуй бæхти 'рдæмæ. Уалдзигон зæнхæ уолæфуй хори гъармæ, æ тулфæ исæфуй гъар уæлдæфи. Цъæх будур ниссабур æй, еу удзæл не 'гъусуй гъæуæй дæр. Хæдзæртæ, бæлæстæ, будур сæхе æхцæуæн тавд кæнунцæ уалдзигон хори гъармæ. Æрмæст будурæй æрбайгъусуй байраги къæхти тъæбар- тьубур 'ма æфси тарст мур-мур. Æфсæ еуемæй сæрустур æй æ хъæболæй 'ма имæ кæсунæй не 'фсæдуй, иннемæй ба ин тæрсгæ кæнуй, ку рахауа, ку фæггура уомæл зæнхæбæл, нурма æдзæллаг æнцæ æ листæг даргъ къæхтæ.

Рагуалдзигон бони цийнæ байраг хæссуй æ фæлгонци, хори гъар тунтæ æмбæлунцæ æ фæлмæн бауæрбæл, 'ма æ цар æхцæуæн æзмæлд бакæнуй.

Æнæрцæф догъ ракæнуй будури лигъзи, ранигъулуй гъар уалдзигон уæлдæфи. Цийнæ кæнуй æрдзæ нæуæг царди фæззиндбæл. Æрмæст бæхти хуррут æма корæг мур-мур тас æфтаунцæ адæймаги зæрдæбæл.


Царди æхсист

Цард мæ уæд арф дони уолæнти басхуайуй, уæд мæ арти амæттаг бакæнуй. Арти сурхзинг фестун 'ма æнцонæй фæттасун царди æнæхатир цæфтæй, фал дони уолæнмæ басхъеун 'ма бабæй мæ бауæр нихседуй фиццагæй федардæр. Арт æма донæй æхседуй æфсæйнаг; арт æма дон - мæ хъисмæт.


Возврат к списку