Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Устур Хуцауи кувд.

Устур Хуцауи кувд.

Устур Хуцауи кувд.

Устур Хуцауи бонтæ нимад адтæнцæ тæккæ кадгиндæр æма цитгиндæрбæл, бийнонти бæрæгбонтæй Донифарс, Къумбултæ, Лезгори æма Задалески гъæути цæрæг адæмæн. Бæрæгбон кодтонцæ Задалески Ханси мæйи 3-аг хуцаубони, кæми Амистоли мæйи фæстаг цуппæрæни, кæми ба Сосæни мæйи, еуетæ ба Сухи мæйи дæр

Алли хæдзарæ дæр бæрæгбонтæмæ исфицуй бæгæни æма рауадзуй арахъ. Бæрæгбони ба хæдзарæ дæр æвгарстæ рагзад уæр. Аци бæнтти еци гъæуи цæргутæ на косунцæ ма сæ синхонти æрбахонунцæ. Беретæ, уалдайдæр ба лæг адæн, фингитæ исаразиуонцæ æрдзи гъæбеси æма цъæх зæлдæбæл игъæлдзæг бадт бакæниуонцæ.

Ковæг адæм сæ бийнонтæ устур Хуцаубæл бафæдзæхсиуонцæ. Бийнонтæ Устур Хуцауæй фæккорунцæ, царди медæгæ хуарздзийнæдтæй хайгин уогæй, сабийтæ хестæрти фæндон устур куд кæнонцæ, устуртæ ба дзæбæхæй зæруамæ куд цæронцæ.

Аци кувди фæсте игуæрдæнтæма фонс нæбал уадзиуонцæ.

Хуцауи Кувд.

Йа, дуйней радтæг, дуйней дарæг, не ’скæнæг æма не ’сфæлдесæг, ‘устур кадгин еу нæ Хуцау, табу дæхецæн. Ковæн дæма, корæн ди, нæ кувд дæмæ хуарзæй фегъусæд. Нива, амонд, рæсугъд, æвæсмон цард, æнæнез, æнæфидбилизæй рæвдуд, нæ царди доги лæгæн хуарз фарнæй ци равардтай, гъеууомæй аци ковæг адæм, уонæн сæ бийнонтæ, сæ уарзон адæм, не ’гас Дигорæ устур хайгин æма хаиргин куд уонцæ, гъеци фарнæ æма амонд балæвар кæнæ. Сугъдæг изæдтæ æма идаугутæ, мæлектæ, Сугъзæрийнæбазургин Уасгерги, нæ Зæппадзи Рохси Дзиуарæ, мукалгабуртæ, Фонси Фæлвæрæ, Хуари Уацелла, Рохс Ковæндæнттæ, Бунати Барæгбон (Бундор), табу уæ хуарзæнхæй, ковæн уæмæ, корæн уи, Хуцауи размæ уæмæ ци хъаурæ æма ци барæ лæвæрд ес, уомæй дæр. Хуцауæй дæр, изæдтæй дæр, идаугутæй, мæлектæй дæр ракоретæ, æма син не’ ртæ къерей, нæ бæгæний къос адгинæй, нæ кувд барст æма æхцæуæнæй райсун кæнтæ.

Хуцау, боз де’стур лæварæй, абони дæмæ дæ ковæн бони кадæ æма радæй ковæн, иннанз аци афони ба нæ аци ковæн бон æдас доги, гъæздугдæр дзамани, æнæнез, æнæфидбилизæй, рæсугъд, игъæлдзæг хабæртти хæццæ куд æрæййафа æма дæмæ никкидæр зæрдæрохсдæрæй куд исковæн, гъеци стур хуарздзийнадæ нин дæхуæдæг балæвар кæнæ.

Сафа, уæла Сафа, ду Хуцаумæ цæуæг дæ, нæ кувд нин дæ хæццæ фæххæссæ.

Хуарздзийнадæй си махæй ка феронх æй, гъеууой ба бафтауæ æма æй барст æма æхцæуæнæй райсун кæнæ.

Ци ковæг адæм дæбæл æрæмбурд æнцæ, етæ ба кæрæдзей берæ уарзгæй, каæрæдзебæл цийнæгæнгæй, гъазгæ æма ходгæй куд цæронцæ, ‘стур ба фарни хæццæ куд ивулонцæ, еци фарнæ æма нин амонд балæвар кæнæ. Ковæг адæм, Хуцауи арфи фарнæй хайгин æма хаиргин уотæ.


Æрфа кæнæн Скъодтати Эльбрусæн, Къибирти Амурханæн æма Тамати Таймуразæн махма ке ниммухур кодтонца, еци публикацити туххай

Возврат к списку