Дзагурти Дигорхан
Агла - догла
Агла - догла фӕттӕхуй,
Ӕ рони ба ци хӕссуй?..
Ӕ рони ба - аргъӕуттӕ,
Сӕхуӕдтӕ ба - рагӕнттӕ!..
Ба си найӕ ӕрвилбон,
Дестӕ кӕндзӕй дӕ цӕсгон!..
Дӕ зунд кӕндзӕй тӕмӕнтӕ,
Дзиггай агӕ ӕзмӕнтӕ!..
Дӕ дусти си ӕвгӕнӕ,
Хорбадӕнтӕ ӕркӕнӕ!..
Тикистӕ дин - ӕмбӕлттӕ,
Ӕстӕрунцӕ дӕ фӕдтӕ!..
Фудхуссинӕн - аглатӕ,
Тункъуртӕн ба - доглатӕ!..
Пуцикъитӕн - базуртӕ,
Сӕ тӕхӕнтӕн - уавӕртӕ!..
Сувӕллӕнттӕ - аглатӕ,
Сӕ къӕлкъӕлтӕ - доглатӕ !..
Цитӕ бабӕй имисун?..
Сабий ӕрвити тӕхун!..