Скъодтати Эльбрус
Нæ Бæстæ
Ку есон дæ, нæ бæстæ,Мæ цъухæй фур бæрзонд,
Ци зæгъдзæн нæуæгæй
Цъухгиндæртæн мæнæй?
Нæ дзоргæй дин, æррæстæ,
Æз уарзун дæ исконд,
Куд бæрзонди бæрзонд,
Куд амонди амонд,
Куд мæ уод, куд мæ цæстæ,
Куд будуртæ, бæлæстæ,
Куд нæ уорссæр хуæнхбæстæ,
Куд уарзондæр гъæлæстæ,
Куд гъар хортæ дæ фæзти.
Кедæртау нæ гъæргæнгæй,
Мæ зæрди дин дарун
Фулдæр уарзт æнæмæнгæй,
Нидæнæй дин зарун...
Цард
Нæ цард зелгæ - дунгæ 'й,Бæлвурд нæй æ над.
Лæг ин æрдæгцъундæй
Не 'ййафуй æ уад.
Ка нæй дунги гъазти
Æндон - циуанау,
Гъеууони æ масти
Нинтъохуй гъунау.
Хатгай дунги карзæй
Ех дæр æркæлуй,
Фалæ ехи уардæй
И хор нæ мæлуй.
