Тæрхъоси аргъау
Сурх-Дигори рæвдауæндони сувæллæнттæ бацæттæ кодтонцæ нæуæг театралон равдист сæ архургæнæг Секъинати Майи хæццæ.
Æрæги Ирæфи райони арæзт æрцудæнцæ еристæ «На Иристони исонбон», нæ сабийтæ си байахæстонцæ фиццаг бунат.
Республикон еристи дæр сабийтæ зæрдиагæй байархайдтонцæ. Æнæмæнгæ, æгас сабийтæ дæр бавдистонцæ хъæбæр хуарз театралон минеугутæ. Аци аргъау ниффинста Секъинати Майæ рæвдауæндони кари сабийтæн, æй философон равдист, æвдесуй кæстæр фæлтæрæн, нæ æрдзи кæдзосдзийнадæ махæн нæхе къохти ке æй, цæрæгойтæмæ ци цæстæй кæсун гъæуй, уой.
Ауæхæн архайди рабæрæг уй сувæллæнттæн сæ æрæхстдзийнадæ.
Архайгутæ: Гегкити Жаннæ, Чихтисти Дзерæ, Хайманти Аминæ, Гобети Аделинæ, Бозурти Мухарбек, Гацолати Верæ, Годзойти Азамат.
Майæ æрфæ кæнуй е ’мкосгутæн; æнæзийнадæй, зæрдæргъæвдæй бакосунцæ дигорон æвзаги гъомбæлгæнæг Бичегкути Ирмæ, психолог Миндзайти Маринæ, логопед Катаути Кристинæ.
Секъинати Майæ, равдисти автор æма ахургæнæг.