Задæлески нана.
Тъæпæн Дигорæбæл, Тъæпæн Дигорæбæл!
Сæ цъæх будуртæ ку батар æнцæ,
Æфсæнбид кауæй æнгомдæр, федардæр
Сæ фалæбулай æртеголæ 'нцæ.
Тъæпæн Дигорæн сæ финдзцæуæг адæм,
Сæ хъал фæсевæд — лæгæй лæг хуæздæр
Се знæгти къохæй тог лæсæн кæнунцæ,
Кунæг кæнунцæ, мæрдтæмæ евгъуйунцæ.
Фæстаг лæги уæнгæмæ бæргæ тохунцæ,
Фал бунцагъд фæцæнцæ Тъæпæн Дигорæ!
Уæд сугъдæ ку схуæцуй, цъæх арт ку сгъазуй
Тъæпæн Дигорæн се 'вулд гъæутæбæл.
Сæ байзайæккаг дæр силæй дæр, нæлæй дæр
Хасти ку фæцæнцæ, хасти ку фæцæнцæ!
Ку бабун æнцæ Тъæпæн Дигорæ,
Æвæстаг ку фæщенцæ;кæугæ, дзиназгæ
Уæд байзайунцæ дзæгъæл сувæллæнттæ
Сæ сугъд бундорбæл, сæ сау фунукбæл.
Уæд ма разиннуй дзилли амондæн
Силæстæг дуйнебæл, æма седзæрти
Æ разæй ку скæнуй, фусти къуари хузæн.
Æхсæвæй, бонæй сæ гъæуай ку кæнуй
Гъæддаг сирдæй дæр, фудгæнæгæй дæр.
Будурæй гъæдæмæ, гъæдæй æрдозæмæ,
Дигори Æфцæгмæ е рух ку раттуй.
Цæгатбæл бахезуй æма æд сувæллæнттæ
Задæлески сæри ку 'рбунат кæнуй.
Алли зайæгойæй сæ хæссун ку байдайуй,
Хæссун ку байдайуй. Ку растур унцæ,
Ку сгъомбæл унцæ, гъæутæ ку с' унцæ.
Сæ еумæйаг мадæ «Задæлески Нанай» мард
Кадæ, цити хæццæ уæд ку байварунцæ
Задæлески фалдзос — Морги лæгæти
Саулати Дзæрæхи дзурдтæй Туйгъанти Мухарбеги финст. 1894.
«Мах Дуг», 1952 анз, № 2, ф. 76.
