Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Хуæрзгæнæги Хумæ - Фарнæй Тиллæггун...

Хуæрзгæнæги Хумæ - Фарнæй Тиллæггун...

Хуæрзгæнæги Хумæ - Фарнæй Тиллæггун...

ХУÆРЗГÆНÆГИ ХУМÆ - ФАРНÆЙ ТИЛЛÆГГУН...


Номдзуд Лев Толстойи финст таурæхътæй еу уæхæн æй.

Цæветтонгæ, дууæ лæги балций цудæнцæ æд уæргътæ. Еу си æ уаргъ æ рагъæй нæ иста, иннæ ба, цит, æрлæууидæ, æ уаргъ зæнхæбæл æрæвæридæ æма æ фæллад еуцæйбæрцæдæр исуадзунмæ æрбадидæ зæнхæбæл. Фал æй уой фæсте æ уаргъ æ рагъмæ нæуæгæй есун багъæуидæ. Æма бустæгидæр бастадæй. Æ уаргъ сæ балций дæргъци зæнхæмæ ка нæ æресидæ, е ба минкъийдæр бафæлладæй.

DSC00458.jpg

Цæрикъати Римми туххæй нæ дзубанди хумæтæги нæ райдæдтан аци таурæхъæй. Æ царди сæйрагдæр гъуддагæн «зинæлвесæн» исфæлдистадон карнæ равзаргæй, уой хæццæ ба ма хуæрзауодæн гъуддæгути æновудæй архайгæй, е æхемæ райста агъазиау ихæстæ æма сæ абони дæр æнæрæнцайгæй æнхæст кæнуй. Цæйбæрцæбæл ин æнцон кенæ зин æй, еци уæргътæ хæссун, е лæдæрд æй, фал, куд æй уинæн, уотемæй син сæ уæзæй, зæгъун æнгъезуй, æгириддæр нæ фæллайуй – æвæлмæцгæй еудадзуг архайуй аллихузон исфæлдистадон æма хуæрзауодæн мадзæлтти. Уой дæр – сæ фулдæр арæзт æрцæунцæ æ хъæппæреси фæрци.

DSC00552.jpg

Ахид фегъосæн ес уæхæн загъд: «Хуæрзгæнæг хуарз нæ еруй!..» Мæнмæ гæсгæ, е бустæги раст нæй. Уотæ мæ бон æй федарæй зæгъун, уомæн æма ‘й уинун нæ дзилли ‘хсæн цæйбæрцæбæл арфиагæй нимади ‘нцæ, Цæрикъати Римми хуарздзийнæдтæ, уомæн æма сæ аразуй рæстзæрдæй, адæми уодæнцойнæн, зæрдæхцæуæндзийнадæ син хæссуй æ гæнæнтæ æма равгитæмæ гæсгæ.

WhatsApp Image 2024-06-04 at 17.31.35 (3).jpeg

Æма си адæм дæр куд боз æнцæ, уомæн ирд æвдесæн иссæй, Мæскуй æрæги Мæскуй адæмихæттити хæлардзийнади Хæдзари Цæрикъати Риммæн æрæги ци музыкалон-литературон концерт рацудæй, е, æнæмæнгæ, зæгъун гъæуй уой, æма арæзт æрцудæй Мæскуй не ‘мзæнхонтæй ка цæруй, уони хъæппæресæй. Уогæ æмбурд ба ардæмæ æрцæнцæ айдагъ не ‘мзæнхонтæ нæ, фал ма устур сахари цæрæг аллихузон адæмихæттити минæвæрттæ дæр.

WhatsApp Image 2024-05-15 at 22.58.41.jpeg

WhatsApp Image 2024-05-15 at 23.15.16.jpeg

Римми ном игъустгонд æй куд айдагъ эстрадон зартæгæнæг нæ, фал ма куд искурдиадæгин актрисæ, уотæ дæр. Берæ æнзти дæргъи æнтæстгинæй фæллойнæ кæнуй Тæбæхсæути Балой номбæл Паддзахадон академион драмон театри. Æ исфæлгонцгонд сорæттæн ин устур аргъ кæнунцæ театрдзаутæ. Мадта ма æ сæйрагдæр кусти уæлæнхасæн ба Цæрикъати Риммæ кæнуй устур æхсæнадон, уæлдайдæр ба хуæрзауодæн куст дæр.

Алли исфæлдистадон адæймагæн дæр цидæр уодварнон сагъæстæ фæуунцæ уæлдай табуйагдæр. Риммæн уæхæн сагъæссаг æй нæ маддæлон æвзаги исонибон. Уобæл дзорæг æй е дæр, æма куд æхсæнадон организаци «Вахтанговон»-и разамонæг, уотæ ахид аразуй поэтикон спектаклтæ «Рохсмæ!»

Уоми райгъусунцæ дигорон классикти æма нæ нуриккон зундгонд поэтти æмдзæвгитæ. Æмдзæвгитæ си фæккæсунцæ куд зундгонд, уотæ æригон артисттæ дæр

Нæкæси, мæнæ нур ци мæскуйаг концерти кой кæнæн, е дæр нисанеуæггин уомæй иссæй æма æрцудæй нæ маддæлон æвзаг æма литератури Бони хуæдразмæ. Уомæ гæсгæ æ программи зингæ бунат хайгонд æрцудæй ирон æма дигорон æвзæгтæбæл финст уадзимистæн. Борис Щукини номбæл театралон институти искурдиадæгин рауагъдон Цæрикъати Риммæ уотæ дæсни æма арæхстгинæй кастæй маддæлон æвзагбæл æмдзæвгитæ. Мадта ци зартæ разардта, етæ дæр, кæд æма уордæмæ ‘рбацæуæг адæм еугурæй не ‘взаг лæдæрдтæнцæ, уæддæр сæ зæрдæмæ хъæбæр ке фæццудæнцæ, уой туххæй мин фæсконцерт радзурдтонцæ уонæй беретæ.


Аци концерт æ дæсни цагъдæй барæсугъд кодта Борис Щукини номбæл театралон институти концертмейстер Надеждæ Кашина. Концертмæ ‘рбацæугутæ ма базонгæ ‘нцæ æма цæмæдесæй кастæнцæ Риммæ, куд театралон актрисæ, уотæ сценæбæл ци сорæттæ исаразта, уони видеоколлажи равдистмæ.

Мадта æнæзæгъæн нæййес уомæн дæр, æма концерти сæйраг архайæг сценæмæ ку рацудæй, уæд адæм устур аргъ искодтонцæ е ‘ндаг бакастæн дæр: хуæрзконд, æ уæледарæс дæр федауцæ, æнæуæлдай миутæй... Рæсугъддæр ма ци фæууй!.. Риммæмæ кæсгæй, мæ зæрдæбæл æрбалæудтæй зундгонд классик Федор Достоевскийи загъд: «Рæсугъддзийнадæ фæййервæзун кæндзæнæй дуйне!..» Æма еци гъудий хæццæ куд ес нæ исарази уæн!

Риммæ рагæй архайуй, цæмæй не ‘мзæнхон финсгути уадзимистæ нæ дзиллæ фулдæр æма хуæздæр зононцæ, цæмæй зæрдтагон уонцæ нæ адæми еугур фæлтæртæн дæр, уобæл. Æма ин æнтæсгæ дæр кæнуй.

Ци архайд кæнай, уоми дæ зæрдæ ку нæ байвæрай æнхæстæй, дæ реуидзаг тæмæйнадæ ин ку нæ раттай, уæд мадзал рауайдзæнæй æгъуз æма фæлмаст, æ цæхæрæй æрдæфæнтæ не ‘схъеудзæнæй. Цæрикъауон уæхæн адæймаг нæй æма ци гъуддагмæ бавнала, уой æрдæгкондæй, æрдæгфунхæй рахæсса адæми размæ. Æ тоги нæййес уæхæн уæлæнгай рахаст, уомæ гæсгæ æ исарæзт мадзæлттæ уотæ зæрдæмæдзæугæ рауайунцæ. Мæскуйæгти размæ æ «хунæ» рахæссуни развæлгъаубæл Риммæ нæхемæ еу æма дууæ музыкалон-литературон мадзали нæ исаразта, æ фæлтæрддзийнадæ ин еуемæй-иннемæ ка бæрзонддæр æма медесгундæр кодта, уæхæнттæ æма си адæм алкæддæр бозæй байзайиуонцæ.

Ци æй театр æма си артисти фæллойнæ? Е æй агъазиау хъиамæт. Ци æй сæйраг роль? Е æй æгæрон берæ ракæнæ-бакæнити фæрци æндæр адæймаги уодиконд балæдæрун æма ‘й æнхæстæй, куд дæбæл баууæндонцæ, уотемæй равдесун. Æвæдзи, зали бадæг театрдзаутæй ефстæгтæй уæлдай, неке фæззонуй цæйбæрцæ хъаурæ æма уодуæлдайдзийнадæ исхарз кæнуй актер, сценæмæ рацæуни размæ! Мадта æнæгъæнæ исфæлдистадон изæри архайун ба? Хъиамæти хъиамæт...

Устур æхцæуæнæй исæмбалдæнцæ иуазгутæ Максим Кожевниковбæл дæр. Е айдагъ дигоронау æма иронау нæ дзоруй, фал ма зонуй Римми зарти репертуар æнæгъæнæйдæр. Мадта æ нифс дæр бахаста Римми хæццæ дигоронау разарунмæ дæр! Зали бадæг адæм сæ дууемæн дæр æмæрдзæф кодтонцæ. Æма зæрдиагæй арфæ кæнун Максимæн, бæрæгбони разæнгардæй ке архайдта, уой туххæй.

Мах нæ еугурдæр зонæн, Цæрикъати муггаг Иристони бæрæг ке даруй, аййевади дæснити нимæдзæмæ гæсгæ, уой. Хъæбæр æхцæуæн нин адтæй зали номдзуд скульптор Цæрикъати Билари фæууиндæ дæр. Мах æй Римми хæццæ бабæрæг кодтан концерти размæ. Мадта сценæмæ æ хуæрæн райарфæ кæнунмæ ку исхизтæй зундгонд зартæгæнæг, Уæрæсей Федераций æскъуæлхт артист, Цæгат æма Хонсар Иристони, Кæсæг-Балхъари адæмон артист, берæ цитгин исфæлдистадон премити лауреат Цæрикъати Феликс, уæдта зали бадгути цийнæн кæрон нæбал адтæй, уотæ æхцæуæн син адтæй æ фæууиндæ. Сæ зæрдæ син барохс кодта цалдæр зари ракæнгæй. Феликс Мæскуй цæрæг иристойнæгти æхсæнади номæй Цæрикъати Риммæн, зæрдиагæй ин райарфæ кæнгæй, балæвар кодта деденгути устур баст. Мæрзойти Виктор ба залæй Риммæ æма Феликсæн балæвар кодта ниуæзти сæрмагондæй арæзт зæрдæбæлдарæн ниуæзти æвгитæ сæ къарти хæццæ. Куд рабæрæг æй, уотемæй айдагъ Цæрикъати муггаг нæ хецæн кæнуй медесгун æргъудидзийнæдтæй!

DSC00671.jpg

Сæбанти Козеттæ дæр хъæбæр байгъæлдзæг кодта адæми зæрдитæ, уæлдайдæр ба, аллихузи æмдзæвгити бакастæй, æ гъазæн дзубандитæй... Уæдта, Козеттæ сæрмагондæй æримиста, нуртæккæ сæрмагонд тугъдон операций е ‘фсæддон ихæстæ сæхебæл нæ ауæрдгæй, хъазауатонæй ка æнхæст кæнуй, еци сахъигурд тугъдонти. Æ зæрдæ син загъта, цæмæй уæлахези хæццæ исæмбæлонцæ сæ райгурæн бæстæбæл.

Мæ радзубандий кæронбæттæни ма мæ уой зæгъун фæндуй, æма еци бон концертмæ ‘рбацудæй берæ хуарз адæм. Е хъæбæр устур амонд æй, ауæхæн æхцæуæн гъуддæгути хæццæ æмбæлун не ‘мбæстæгти хæццæ, кæрæдзей къохтæ есун! Хуцау зæгъæд æма нæмæ ауæхæн мадзæлттæ æма фембæлдтитæ фулдæр уæд!

Тæходуйтæ æма нæмæ Римми хузæн хуæрзуод æма æцæг патриоттæ никки фулдæр ку уидæ, уæд цæйбæрцæбæл æнцондæр цæрæн уидæ адæмæн. Мæ бон æй федарæй уотæ зæгъун дæр, æма, Риммæ, дæу хузæнтти бон æй адæми сæ фунæййæй æригъал кæнун, дæу хузæнтти фæрци тæдзуй нифси цъита нæ фæллад зæрдитæмæ.

Нæ уарзон Риммæ, зæрдиагæй дин арфæ кæнæн, культурон æгъдауæй нин федауцæ бæрæгбон ке исаразтай, уой туххæй! Мах ди нæ сæртæ бæрзæндти хæссæн! Нæ зæрдæ дин зæгъуй никки устурдæр исфæлдистадон уæлахезтæ, дæ размæ æвæрд нисантæ æнхæст кæнун æнтæстгинæй дæ къохи æфтуйæнтæ, зæрдрохсæй æма æнæнезæй цæрæ дæ уарзон бийнонти ‘хсæн! Нæ иннæ фембæлдмæ!

    


Газет ДИГОРÆ

ÆЛБОРТИ Зæринæ,

Сайт www. digoria.com бундорæвæрæг æма аразæг.

 

Возврат к списку