Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Орæзмæги Тауæрæхъ

Орæзмæги Тауæрæхъ

Орæзмæги Тауæрæхъ

ОРÆЗМÆГИ ТАУÆРÆХЪ

 

Ногъай æлдармæ мæстгун адтæй Орæзмæг: «Тæходуйтæ, мæ къох имæ ку 'рхъæртидæ еуæрдиги! Цæй, Хуцау дæр мæ маргæ, е дæр мæ маргæ!»

'Ма æхецæн кирæ искæнун кодта, 'ма æхе дони багæлдзун кодта.

Дони 'й багæлстонцæ. Ногъай æлдар ба хиздартæ дардта. И кирæ етæ æрахæстонцæ 'ма 'й и æлдармæ исхастонцæ. Е ба дин и кирæ байгон кодта 'ма дин уоми ба Орæзмæг.

Ногъай æлдар ниццийнæ 'й: «Изолмæ ке фæййагурдтон, уой хæстæгмæ иссердтон!»

Е дæр ин загъта:

- О, Ногъай æлдар, Ногъай æлдар, æз дæр дæмæ уой туххæй æрбацудтæн. Уæддæр мæ нæхе адæм нæбал уадзунцæ, маргæ мæ кæнунцæ 'ма дæу къохæй ку рамæлон, уæд мин кадæдæр уодзæнæй, уæддæр æй и æлдар рамардта, зæгъгæ. Маргæ мæ кæндзæнæ нур, фал ми ести бахуæрæ!

- 'Ма ди ци бахуæрон?

- Нарти адæммæ фонс берæ ес. Бæхæргъæуттæ, галæргъæуттæ, 'ма уонæй ести бахуæрæ!

- Æма сæ куд бахуæрон?

- Зæгъæ син, уой бæрцæ фонс æрбакæнетæ, æз ба уин уæ лæги раттон.

Ранистадта Орæзмæг Нарти адæммæ: сæдæ сæдæ еусиуонтæ, сæдæ сæдæ    дусиуонтæ,   сæдæ сæдæ æртæсиуонтæ,   сæдæ   сæдæ   ба цуппарсиуонтæ ку 'рбакæнайтæ, уæд мæ уæгъдæ кæнуй и æлдар.

Нарти адæм загътонцæ:

- Хуцау нæ ку фæууидта, еусиуонтæ, дусиуонтæ,æртæсиуонтæ, цуппарсиуонтæ кæми иссердзинан?!

Орæзмæгæн ба æ уосæ кæлæнгæнæг адтæй 'ма син загъта:

- Е уи фонс нæ агоруй, нæ, фал сæдæ сæдæ хъæмагинтæ, сæдæ сæдæ арцæгинтæ, сæдæ сæдæ æфсæн æфсад, сæдæ сæдæ бæхгин æфсад.

Нарти адæм сæхе барæвдзæ кодтонцæ æма рараст æнцæ. Орæзмæг ба син сæ размæ Ногъай адæм лæдзгути хæццæ рарветун кодта æлдарæн.

Нарти адæм дæр сæ ниццагътонцæ.

Нарти адæм мæсуги размæ ку 'рбахъæрттæнцæ, уæдта равналдта

Орæзмæг, æма и æлдари æ буни фæккодта, 'ма 'й фус æвгæрдæгау æрбавгарста. Уотемæй Ногъайæй гæндзæхгин дæр нæбал байзадæй. Сæ мулк син рамбурд кодтонцæ 'ма Нарти бæстæмæ æрбафардæг æнцæ.



ЦИГСÆИ -и архив, ф.153, 144 п. Кæлухти Елмæрзæй дзурдтæй Цагъати Анастасии финст. 17.08.1953. 

Возврат к списку