БÆРÆГБÆНТТÆ, ИЗÆДТÆ ÆМА ИДАУГУТÆ
Тамати Таймураз
Дигори адæн рагæй цæрунцæ хуæнхбæсти. Ковгæ кодтонцæ æма кæнунцæ Устур Хуцау, Уасгерги, изæдтæ æма идаугутæмæ. Уомæн æвдесæн æнцæ нæ берæ ковæндæнттæ, къуæрей бæнттæ æма анзи мæйти нæмтти бастдзийнадæ сæ хæццæ. Зæгъæн: авдисæр - хуардæттæг Уацеллай бон; геуæргибон – Уасгергий; æртиккæг – фонси Фæлвæрай; цуппæрæн – Донбеттири; майрæнбон – Мадæ Майрæни; сабат – Барастури æма хуцаубон – Хуцауи.
Анзи мæйтæн ба дууæ хузи къæлиндартæ адтæй. Еу зæнхи кустити хæццæ баст адтæй (хумидайæн – апърели мæйæ, сухи мæйæ – август æма æнд.), иннæ ба – дини (Басилтæ – январи мæйæ, Геуæргоба – ноябри æма æнд.).
Аци дууæ къæлиндаремæй, æвæдзи, æнцондæр нимаййунмæ гæсгæ, байзадæй еумæйаг, мæнæ ауæхæн:
Æнсури мæйæ – январь,
Комахсæн – февраль,
Кæрдæгæзмæлæн – март,
Хумидайæн – апрель,
Ханси мæйæ – май,
Амистол (хорхæтæн) -июнь,
Сосæн – июль,
Сухи мæйæ -август,
Рухæн – сентябрь,
Кæфти мæйæ – октябрь,
Геуæргобай мæйæ – ноябрь,
Цæппорсе – декабрь,
Нур ба æримисæн, ци изæдтæ æма идаугутæн кувтонцæ æма сæхе кæбæл фæдзахстонцæ, уони.
Хуцау – дуйней исфæлдесаг æма на раттæг
Алаурди – сувæллæнтти незтæ æмæ рунтæ исафæг,
Анæгол – мудибиндзити баридауæг,
Аргъиавд – хæрæ æма сау мегъти баридауæг,
Атунæг – игуæрдæни кæрдæгхалæрзади баридауæг,
Æртхорон – бийнонти хуарз фарни баридауæг,
Æфсатий – гъæддаг сирдти баридауæг,
Барастур – мæрдтибæсти адæймаги æносон царди баридауæг,
Бузуна – Фæлвæрай фурт,
Бундор – амондгун æма нивгун бунæтти баридауæг,
Галæгон – дунги баридауæг,
Гæтæг - цадæ æма цæугæдæнтти баридауæг,
Донбеттир – денгизи æма дæнтти баридауæг,
Екъина – нæуæг цуд киндзи къона æма фонси сæрдигон æма зуймон бунæтти баридауæг,
Елийа – арвæрттивд, арвигъæр æма æрвдзæфи баридауæг,
Каркигло – хæдзайрон ммргъти баридауæг,
Кæфтисæр – кæсæлгити баридауæг,
Митъил – зæнхи золкъити баридауæг,
Мукалгабур – бæркади фарни баридауæг,
Наф – муггаг æма ахили баридауæг,
Никкола – сорбæл æма донбæл цæуæг бæлццæнтти рæстфæндаггæнæг изæди хай.
Рæхиси дзиуарæ – бийнонти æнгон æма еумæйæг царди баридауæг,
Реком – ставд фонси баридауæг,
Рун – хуæцгæ незтæ исафæг баридауæг,
Саудзиуарæ – таргъæдæ фидбилизæй гъæуайгæнæг баридауæг,
Сафа – цæрæн бунат æма арти рæхис гъæуайгæнæг,
Тæтæртъупп – будури изæд,
Тотур – тогцъух сирдти баридауæг,
Уасгерги – лæгтæ æма бæлццæнтти рæстфæндаггæнæг изæд, хуæрзæмбæлæг.
Уасхо – тоггинти уодæнсунгæнæг æма федаунгæнæг баридауæг,
Уацелла – хуардæттæг æма хуарæрзади баридауæг,
Узунæг – Фарни фурт,
Фæлвæра – фонс æма фонсдæттæг изæд,
Хуарæлдар – æфсердæттæг кæрдæгхали баридауæг,
Худæгери – хути баридауæг.
Алли изæдæн дæр æма дзиуарæн дæр, анзи медæгæ, æ бæрæгбон сæрмагондæй æхе бони, æ ковæндони кодтонцæ. Дæнцæн æрхæссæн Рохс ковæндæнттæ æма хæдзæри нбийнонти сæйрагдæр бæрæгбæнттæ.
1. Æвдæнбæттæнтæ
Нæуæг игурд сувæллон - кизги фиццаг хатт авдæни ку фæббæттунцæ, уæд уой туххæй хæдзæри æфсийнæ искæнуй æртæ къерей, æрбахонуй синхæнтти силгоймæгти. Сувæллони авдæни ку фæббæттунцæ, уæд имæ гъæуама æ мадæ дæр кæса æма базона, куд бæтгæ 'й, уой.
Авдæни сувæллон ниббасти фæсте ба силгоймæгтæ æма сувæллæнтæ адгин хуæруйнæгти фингæбæл игъæлдзæг бадт бакæнунцæ.
2. Авд дзиуари
Ковæндæни равзурди тауæрæхъ ракодта 90-анздзуд Гæдзаути Тамбий. Турсуй коми, дан, еу расуг къниаз æ дууæ фæсдзæуийней хæццæ Болацати хæдзарæй (кедар ардудмæ гæсгæ) ракодта тухæй кизгæ. Куддæр кизгæ тургъæй хаст æрцудæй, уотæ цауæнæй фелвæстæй хæдзари хецау - кизги фидæ - Гæдзау. Гъуддаг базонгæй сæ хæдзари хецау фæстегæй расурдта. Цауæйнон лæг æртей дæр рамардта, кизги ба сæхемæ æрбакодта. Уой адæбæл Гæдзау æд бийнонтæ ниууагъта Турсуй ком æма, авд хонхей сæрти рахезгæй, æрбунат кодта Гæлиати гъæуи. Æртæ лæгей рамарæг æдас куд на 'дтайдæ, æма уомæ гæсгæ ба кувта Хуцаумæ æма изæдтæмæ. Ковæндонæ ба, авд хонхей сæрти рахизтмæ гæсгæ, исхудтонцæ - Авд дзиуари. Раздæр дзиуарæмæ кувтонцæ Гæдзаутæ, Езетæ, Годизтæ æма Сæууойтæ. Уой фæсте ба Гæлиати цæргутæ еугурæй дæр. Ковæндони бунат æй, Гæлиати сæрмæ "Рæгъти дортæ" ке хонунцæ, уони рази. Бæрæгбон фæууй сосæни мæйи 2-аг хуцаубони. Дзиуари кувдмæ бацæттæ кæнуни ихæс бæрæггонд цæуй кезуйæй. Кувди бонмæ "кезуй" хæдзарæ исфицуй бæгæни æма рауадзуй арахъ. Кувди бони ба дæттуй нивондæн фус.
Фингитæбæл бадти ковæг адæн фæккорунцæ: рæстæги хуарзрахаст, дуйней сабурдзийнадæ æма фидбилизтæй дæр хизт куд уонцæ, уой.
