Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Уодигага. Æмдзæвгитæ. Скодтати Эльбрус.

Уодигага. Æмдзæвгитæ. Скодтати Эльбрус.

Уодигага. Æмдзæвгитæ. Скодтати Эльбрус.

ИРÆФ

Ирæф айсоми

Устур æй.

Нæруй и коми

Гур-гурæй.

 

Тундзуй, - æ гъуди

Будур æй,

Кæлуй ивулди

Æ хъурæй…

 урух2jpg.jpg


ДИГОРГОМ

Сæумæ – хуæнхбæсти,

Рохс, уазал.

Ма уæд а-бæсти

Фуд, адзал.

 

Ирæф – æ карзи,

Гъæр, цæхъал.

Цæрун фæразæ! –

Гъæу – игъал.

Тæрсун бæлæстæн

Цæстудæй.

Цъететæй цæстæ

Рæвдуд æй.

 

Изæддон арв нин-

Дæ цæсгон!

Нивдулæ царви,

Дигоргом!

Дигоргомpg.jpg

МАДÆ

Арви бунмæ адæймагæн

Мадæй адгиндæр нæййе.

Деденæгау уарзон мадæ

Исрасугъд кæнуй дуйне.

 

Ка базонуй мади æда,

Уæхæн загъд фæккæнуй е:

- Махе мадæй хуæздæр мадæ

А дуйнетæбæл нæййе!

мама.jpg

БАБУЗТÆ.

Фудаг кæнунцæ нæ бабузтæ,

Гъæунг саразтонцæ тургъæй,

Къуми ссирдтонцæ гæлст харбузтæ,

И зæнхæ сцагътонцæ сурхæй.

 

«Бип-бип», «бап-бап», - е дин уæ зæрдæ,

Е дин зæрдæ нæфал уæ конд.

Е нин – уе стурдæр лæваргонд!

Ци нæй уæ фид, уой æй уæ хуæрдæ…

 бабузта.jpg

ФУС

Рандæ кæнæ дæ сиутæ, фус,

Кæрдæг хуæрæ, скъунис мæ дус!

Дæ сæр дуарбæл кæнис къубус.

Мæнмæ ма ’взед æ æгæр зуст.

 

baran3.jpg

***

Куй тæрхъосæн хай хæссуй;

Фид æма уорс цæнхæ.

Фид тархъосæн нæ бæззуй, Агоруй бор æпхæ.

 

куй ама тархъос1.jpg

Возврат к списку