КАТАЙ
Мамукъати Казбег
Кӕми бабӕй дӕн нур, кӕми бабӕй,
Ци мӕ фунти тӕхун кумӕдӕр, –
Ци сау анз ӕй, цума, ци тар афӕй,
Ци мӕ хӕссуй хӕссӕги мӕ сӕр?..
Ци авдǽнӕй истуй, ци цъӕх арвӕй
Мӕ байдауӕн – зӕнхон, уӕларвон, –
Кӕд кувдтити хестӕр авди авд ӕй,
Ка уодзӕнӕй амменти найфон*?..
Ихалдзǽнӕнцӕ йӕй ци авдӕнӕй,
Сордзӕнӕй ци лӕгъзӕртӕбӕл саг,
Хъазауат кӕндзӕнӕй ци карӕнӕй,
Ци фӕдеси уодзӕнӕй фиццаг?
Цӕудзӕнӕй ци тугъдтитӕ, ӕстӕри,
Ку цӕфса фидибӕстӕбӕл арт?..
О, не Скӕнӕг, бахезӕ кӕстӕри,
Ма бавза́рӕд буларӕ** ӕ цард!
03.09.2024
*Найфон – младший рода.
**Буларӕ – бедствие
На заставке картина "Мольба" Виктора Цаллагова.