Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Разработка внеклассного занятия «Нæ мадæлон æвзаг - нæ хæзна» 5 класс.

Разработка внеклассного занятия  «Нæ мадæлон æвзаг - нæ хæзна»  5 класс.

Разработка внеклассного занятия «Нæ мадæлон æвзаг - нæ хæзна» 5 класс.

Разработка внеклассного занятия  «Нæ мадæлон æвзаг - нæ хæзна».

5 класс

Учитель осетинского языка   и литературы   Батоева В.В.     



Нæ мадæлон æвзаг - нæ хæзна

Нисантæ:

1. Равдесун мадæлон æвзаги нисан адаймаги царди æма æхсæнади астæу.

2. Уарзондзинадæ игурун канун райгурæн æвзагмæ æма инна адæмти æвзæгтæмæ.

Фæйнæгбæл финст
                                 «Нæ мадæлон æвзаг - нæ фиддæлти хæзна
                                  Куд уарзон дæ, куд адгин дæ,
                                  Ду, нæ мадæлон æвзаг!
                                  Нæ хæзнадон, нæ фарнæ дæ,
                                  Хонунца дæ алайнаг»



Къласи бадунца ахургæнгутæ, ниййергутæ æма скъоладзаутæ.


Рацудæй 2 ахурдзауи.


1 ахурдзау:

- Уæ бонтæ хуарз æма  уæмæ фарнæ бадзорæд. Æгас нæмæ цотæ мæнæ хуарз адæм! Аци бон уæ мах æрбахудтан 5-аг къласи ахурдзаути равдистмæ.


2 ахурдзау:

- Адуйнебал адаймаги Хуцау исфæлдиста цæрунæн. Царун ба хъабар зин æй, фал еунæг адæймаг дæр нæййес цæрун ке нæ фæндуй, уæхæн.
Цæрунæн ба алкæмæн дæр ес йæхе райгурæн бæстæ, йæхе фиддæлти уæзæг, йæхе мадæлон æвзаг, цæсгон æма культурæ.

Бакæсæн 5-аг къласи ахурдзаути фиццаг номермæ кафт «Хонгæ»-мæ. Кафунцæ Тинати Æхсарæ æма Фæданти Иринæ.


1 ахурдзау:

- Нæ фиддæлтæ райгурæн зæнхæ мадæ худтонцæ, уомæн æма син мади рæвдуд лæвардта! Мадæлон æвзаг мади адæ кæнуй, мади æхсири хæццæ адæймаги иуæнгти рацæуй, зæрди бунмæ ниттæдзуй, хори тунау никкæсуй йæ къумтæмæ æма сæ ниррохс кæнуй! Ахсгиаг æй мадæлон æвзаг гъæуама али дигорон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг!

Байгъосæн мадæлон æвзаги туххæй æмдзæвгитæмæ:


Тетцойти Таймураз

***

О, мæ Райгурæн -мæ бæстæ 
Уарзондæр дæуæй нæййес!
Дæ бæрзонд хуæнхтæ, дæ фæзтæ
Мæ амонд æма мæ ес!

***
Искодта дессаг зартæ æносмæ
Зунд æма аййевадæ æнхæст,
Фал игъустæй æрмæст гъосæй-гъосмæ,
Фал цудæй цъухæй-цъухмæ æрмæст.
Маддæлон дзурд мæнæн адæймаг æй,
Адæймаг æд æхсарæ, æд уарзт.
Азæлæд мæ хуæнхтæбæл, мæ фæзти.
Æ зундбæл ин кæнæнтæ стур дес.
Æнæ уой мин нæййес фидибæстæ,
Ниййерæг адæн дæр  мин нæййес!


Сабайти Сулейман 

***

Мади хсирау æй дæ адæ,
О, нæ заргæ мæлгъæвзаг.
Ка мин кæна дæу æгадæ,
Æй мæнæн е фудæзнаг.
Нæ дессаги Нарти гъдæуттæ
Æнцæ махæн сæ аргъæуттæ
Цæстуарзонæй, зæрдхæлар. 


Колити  Витали

***

О, не нккæтæй уодти бæллæн,
О, не взаг, ду уо æдас.
Мах дин цалæн уодæгас ан,
Уæдмæ уодзæнæ æгас. 



2 ахурдзау:

- Дигорон æвзагбæл æрцудæй финст берæ алихузон зартæ, байгъосæн си сæ еуемæ, хуннуй « О, Дигорæ».


Зарунцæ æгас къласæй.


1 ахурдзау:

- Ахсгиаг æй мадæлон æвзаг. Гъæуама али дигорон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг.


2 ахурдзау:

- Йе уотæ ку  нæ уидæ, уæд мах абони куд игъосианæ æма лæдæрианæ фиццаг ауæдзæ ка рауагъта, еци Гурдзибети Блашкай æмдзæвгитæ, дигорон литературон æвзаг æма айевадон литературон бундорæвæрæг Малити Георгий æмдзæвгитæ ма кадæнгитæ, адæмон поэт, айев дзурди дæсни Бабочити Руслани сфæлдистадæ æма иннæ дигорон финсгути.


Кæсунцæ Малити Г. æма Бабочити Р. æмдзæвгитæ


1 ахурдзау:

- Æвзагбæл куд фулдæр дзоронцæ æма финсонцæ, уойбæрцæ федардæр кæнуй.


2 ахурдзау:

- Æма мадæлон æвзаг федар ку уа, уæд адæм дæр æнгомдæр фæуунцæ.


1 ахурдзау:

- Гъулæггагæн, абони царди не взаги федæн æй сагъæссаг!  Беретæ, кæстæрæй ба хестæрти уæнгæ, фулдæр дзорунцæ уруссагау. Уруссаг æвзаг зонун хуарз æй, неци зæгъæн ибæл ес, фал адæм се взагæй адæм æнцæ! Ма нæ мадæлон æвзагбæл ку нæ дзорæн, уæд куд адæми хатт, уотæ исæфгæ кæнæн.


2 ахурдзау:

- Бакæсæн равдистмæ «Исæфтмæ цæугутæ!»


(Бульвар. Дууæ зæронди бадунцæ, сæ къохти фæйнæ газетти «Дигорæ», «Рæстдзинад»).


1-аг зæронд:

- Нæуæг хабæрттæ бакæсæн.

2-аг зæронд:

- Æз ба газетти аци къум уарзун: «Нæ фиддæлти дзурдтæй».

Сæ рази æрбабадтæнцæ дууæ кизги.

1-аг кизгæ:

- О, привет! Сто лет дæр ди ни слуху, ни духу! Кæми пропасть скодтай? Иногда ма дæ мобильниккæй уæддæр звякнуть искæнисæ.

2-аг кизгæ:

- Æма дин дæхе миноискателяй дæр невозможно иссерун ! Еу бон нæмæ вечеринкæ адтæй . Где только дæ мах не искали.Дæ координаттæ еу уæддæр черкни где-нибудь.

1-аг кизгæ: 

- Нур мин æй цæмæ болтнуть скодтай? От зависти малун. Раст мæ зæрдæ заколоть скодта! Æма куд адтæй? Дзæбæх оторваться искодтайтæ?

2-аг кизгæ:

- Прям отпад!

1-аг кизгæ:

- Ма ин продолжении ба нæ кæнтæ.

2-аг кизгæ:

- Собираемся мæнæ. Цидæр делатæ мА утрясти скæнон и к нам!

1-аг кизгæ:

- Дæ предкитæ ба? Сплавить сæ ескумæ искæндзæнæ?

2-аг кизгæ:

- Ма тухсæ, уони бал гъæума – аувидерзеен!

1-аг кизгæ:

- Как прикольно! Мæнмæ дæр звякнешь. Как штык, разæй уоми уодзæн! Цæй, чао! Фæттæхун на крыльях!

2-аг кизгæ:

- Окей! Макæми раствориться скæнæ. Не пожалеешь!

Фæйнрдæм  рандæнцæ.

Дууæ зæрондæ ракæс-бакæс кæнунцæ.


1-аг зæронд:

- Ести син балæдæрттæ? Ци рдигонау дзурдтонцæ: дигоронау æви уруссагау?

2-аг зæронд:

- Маха. Сæ дзурдтæ син æнхæст нæ ралæдæринæ, ма сæ мæнæ рагон дзурдти къуми ку райагоринæ…

1-аг зæронд:

- Нийуадзæ, нæ сæ иссердзæнæ.

2-аг зæронд:

- Цæмæннæ?

1-аг зæронд:

- Анæн еунæг дзурд сæ фагæй: Исæфтмæ цæугутæ!


1-аг ахурдзау:

- Али адæмæн дæр, бæласау ес уедæгтæ, зæнгæ æма къалеутæ. Уедæгтæ æнцæ  йе взаг, зæнгæ - йе гъдæуттæ, къалеутæ ба – царди медес.     


Фæндурæй цæгъдунцæ кизгуттæ.


Æмдзæвгæ 

«Æвзаг»


Нæйес дуйнебæл рæсугъддæр,
Мах æгъдауæй уæздандæр,
Нæ адæмæй тухгиндæр,
Аланти взагæй гъæздугдæр.
Нæ сæр бæрзæндти куд хæссæн,
Сабур бадæнти куд бадæн.
Æзнаг не взагмæ бабурдæй.
Æ хорхбæл ин бахуæстæй.
Нæ мадæлон æвзаг
Исæфунæй ин тæссаг.
Хъæбæр устур ходуйнаг,
Æностæмæ фæсмойнаг.
Нæ фæсевæдмæ радзорæн,
Не взаг бæрзондмæ исесæн.
Къостай стъалу иссерæн,
Йæ фарсмæ инæй нивæрæн.
Уадзæ æма æрттева,
Аланти номæй рохс дæтта,
Дуйней хæццæ си дзора,
Кæрæдзебæл нæ бæдта!


- Аци æмдзæвгæ ниффинста нæ дигорон æгъдау устур бунати æвæрд кæмæ æй, мадæлон æвзаг адгин, хъазар кæмæн æй, сæрбæрзондæй йе взагбæл ка дзоруй, йæ райгурæн бæстæ берæ ка уарзуй, нæ гъæуæй рацæуæг, Гегкити Даукуййи кизгæ Зоя.


2-аг ахурдзау:

- Бæласæн йæ къалеутæ ку ниццæгъдай, фал йæ уедæгтæ федар ку уонцæ, уæд йæ зæнгитæ нæуæг къабæзтæ рауаддзæй; йæ зæнгæ ин ку ракъуæрай, фал йæ уедæгтæ цардгъон ку уонцæ, уæд бабæй тала суаддзæнцæ ма зæнгæ дæр искæндзæй. Фалæ ин йæ уедæгтæ ку ракъуæрай æма етæ ку бахускъæ уонцæ, уæдта æрцудæй йе сæфт!


1-аг ахурдзау:

- Уотæ адæмæн дæр: нæ абони бон дæр, нæ исони бон дæр аразгæ æнцæ уедæгтæй – не взагæй!

2-аг ахурдзау:

- Историй идард фæндæгтæбæл, æности сæрти нæ фидæлттæ махæн  ниууагътонцæ устур хæзна   æма й скифтæ, сæрматтæ, алантау мах дæр багъæуай кæнæн!

1-аг амонæг: 

- Хуцау уи исарази уæд! Уарзетæ нæ мадæлон æвзаг æма ин аргъ кæнтæ!!!
   


Возврат к списку