ЦÆЛКОСТИ ГУЙМАНИ ТАУÆРÆХЪ
Дзагурти Губади
На фото житель Стур Дигоры. 1915 год.
Цардæй Устур Дигори мæгур зæронд лæг – Цæлкости Гуйман, æма еу æхсæмæ ба баунаффæ кодта, загъта: «Исон мæ Хъусхæмайхуæмæ цæун гъæуй галтæй.
Æ уосæ ба ин загъта:
- Цæмæн цæуис?
Загъта ин:
- Мæнæ нæ сувæллæнтæ судæй мæлунцæ, æма син хуар æрбаласон.
Ку ‘рбон æй, уæдта исефтигъта галтæ, æ уæрдуни хуасæ ниввардта; хуаси буни къæссатæ æма берданкæ æд хъатара ниввардта; рабадтæй æма рацудæй Устур Дигорæй æма комидумæгмæ æрхъæрттæй. Комидумæги ба бауорæдта æ галтæ æма сагъæстæ кæнун байдæдта, дууæ нади адтæй, æма, кæци надбæл цæуон, зæгъгæ, сагъæс кодта. Сæ еу хундтæй Ирæнбунау, хæстæг, фал тæссаг фæндаг; иннæ ба – паддзахи над Циколамæ, æма е ба идард, æдас фæндаг.
Сагъæс кодта, уæдта загъта: «Цæй-цæй, Циколай надбæл нæ цæун, идард фæндаг æй æма мæбæл байнафонæ уодзæнæй, æма Ирæнбунауи надбæл цæуон, мæ дууæ галей фудæй ку неке мæлуй ‘ма мин сæ ка райсдзæнæй? Уа-нæуа дæр мин сæ ку истæуа, уæдта сæ, мæ мадистæн, аслантæй нæ ратдзæнæн».
Гъема ранæхстæрæй еци надбæл;
Сурхи байдзæгати[i] исхæрд кодта æма, Ирæнбунаумæ кæми раурдуг кæнуй, уордæмæ исхъæрттæй, уоми ба урдугмæ урдугбæл рараст æй еци надбæл, æ къæхтæ – даргъ уагъд æрдти ‘хсæн, уотемæй сабургай цæуй, гъæуæйттæгæнгæ саугъæди сау къулдунбæл. Уотæ рæхги ба дæлæ æрбацæунцæ надбæл, кæсуй æма – дууадæс бæхгини. Сæ бæрæг син нæ зудта, циуавæр адæм адтæнцæ, уой ‘ма загъта:
«Нур атæ абæргутæ ку разиннонцæ, уæд син мадзалæй ку неци бакæнон, уæд мин мæхе дæр рамардзæнæнцæ æма мин мæ галтæ дæр байсдзæнæнцæ.
Етæ ‘й нæмæ фæййидтонцæ, уотемæй еу аууонæй ралæуирдта Гуйман æ уæрдунæй æма хуаси бунæй фелваста æ берданкæ æд хъатара æма сæ саугъæди еу устур кæлди бунмæ бадавта æма сæ уой буни рацавта, басæнимахста. Фæстæмæ губурти-губурти æрбауадæй æма æ уæрдуни рабадтæй æма загъта: «Хуцауæй боз нур ба, кæд абæргутæ разиннонцæ, уæд син балигъстæ кæндзæнæн, æма мин кæд мæ галтæ нæ райсиуонцæ».
Цæуй æхуæдæгга, куд цудæй, уотемæй саугъæди саукъулдунбæл.
Уотæ рæхги ба ‘ æрбауидтонцæ абæргутæ дæр æма имæ маргъау æрбатахтæнцæ, æрбайбæлæмбурд æнцæ, топпитæ имæ ниддардтонцæ æма ‘й фæрсунцæ:
- Ци дæ, циуавæр дæ? Аци надбæл цъеу-маргъ ку нæ тæхуй, уæд ду ка дæ, кæд хуснæг нæ дæ уæд?
Загъта син Гуйман:
- Мæ хортæ, еунæг хуснæг дæр нæ дæн, мæгур лæг дæн æма уæлæ хонхи лæгæти цæрун, мæхецæн хæссуйнаг сувæллæнттæ – берæ, æма дæле Хъусхæмайхуæмæ мæ сувæллæнттæн хуар æрбаласунмæ цæун.
Дзоруй имæ и хуснæгтæн сæ хецау:
- Ду ци æрбаласдзæнæ аци надбæл хæрдмæ, цъифи, фал нæ сайгæ кæнис, хуснæг дæ ду!
Æма сæ уæдта Гуйман дæр фæрсуй:
- Æ мадта сумах ба ци айтæ, циувæр адæм айтæ, зæгъайтæ мин уой!
Сæ хецау ка ‘дтæй, е загъта:
- Мах ба, хуснæгутæ ка агоруй, адæм тухсунн ка кæнуй, маргæ сæ ка кæнуй, уæхæнттæ агорæн.
- Гъе мадта уин æз ци дæн, уой æцæгæй загътон, æма ма уæ мæнæй ци гъæуй? – загъта син Гуйман.
Сæ хестар ка ‘дтæй, е имæ дзоруй:
- Мах ба е гъæуй, æма нæбæл байрæги æй, нæхуæдтæ ба берæ адæм æма ци бахуæрæн, е нæмæ нæййес æма нин дæ дууæ гали раттæ!
Загъта син Гуйман:
- Неци уин сæ ратдзæнæн! Æз уин мæ галтæ ку раттон, уæд ма мæ сувæллæнтти цæмæй фæддардзæнæн; ку мин сæ райсайтæ, уæд мин мæ сувæллæнтти дæр маргæ кæнтæ. Нур ба уи корун, - зæгъгæ, загъта,- еунæ Хуцауи хатирæй, уæдта уæ хуарз маддæлтæ æма фиддæлти хатирæй, нур уæ базудтон, циуавæр адæм айтæ, уой, æма мин сæ ма райсетæ!
Сæ хецау дзоруй йе ‘мбæлттæмæ:
- Дзубандитæбæл æй ци ниддардтайтæ æвзæр дигорони; ку нæбæл æрталингæ кодта, æ галтæ ин исуæгъдæ кæнтæ!
Дууæ бæхгини галтæмæ бауадæнцæ, хъæматæй тæвингбæстæ фæллухтæ кодтонцæ æма æфсойи кæрæнттæбæл исхуæстæнцæ.
Нур мæгур Гуйман ба бадуй уæрдуни, куд бадтæй, уотемæй, æма ‘й дууæ абæреги ходæгæн хæрдмæ исистонцæ, куд фæрæзтонцæ, уотæ; æма Гуйман дууæ абæрегемæ дзоруй:
- Мæ уæргутæ ресгæ кæнунцæ æма мæ ма ‘ргæлдзетæ æгæр бæрзондæй, ма ‘рцæветæ!
Дууæ абæреги ‘й се ´цæгæй æрцавтонцæ, æма Гуйманæн цъифи æ къæхтæ ниссагъдæнцæ æ уæрагисæрмæ, æма Гуйман никкудтæй:
- Æнирай си искæнтæ уотæ! Мæ галтæ мин райстайтæ, уæд мин мæхе ба ма цæбæл маретæ!
Сæ хецау имæ дзоруй:
- Цæбæл кæуис, зæронд лæг? Аци галтæ дин ци гъоцитæ низзадæй, еци гъоцитæ бабæй дин нæуæгæй низзайдзæнæнцæ уæхæн галтæ.
-Æнæхаир мадта исуæнтæ, ниммæуагътæ мæхе мæгурбæл! – загъта Гуйман.
Дæс бæхгин дууæ гали сæ разæй фæккодтонцæ æма сæ фæттæрунцæ, дууæ бæхгини Гуйманæн æ цори байзадæнцæ гъæуайгæсæн.
Дзоруй сæмæ Гуйман:
- Сугъзæринттæ, мæ рази ма цæмæн дæууетæ, зæронд мæгур лæг ку дæн, гæрзтæ дæр мæмæ ку нæййес, æгæр мæгурдæр ма мæмæ фидхуæрæн кард дæр ку нæййес! Цотæ фæлтау, раййафтæ уе’ мбалти, æз ба мæнæ ме ‘фсой рафтаудзæнæн æма фæстæмæ хонхмæ цæун.
Уотæ син ку радзурдта, уæдта ‘й фæууагътонцæ и дууæ бæхгини дæр æма ратахтанцæ се ´мбæлти фæсте.
Е дæр е ‘фсой фæггæлстæ, æ топп кæми адтæй, уордæмæ маргъау истахтæй. Æ берданкæ фелваста æма загъта: «Йæ, мæ берданкæ, - зæгъгæ, загъта – æдта Æфсатий фонси фæдбæл хæтгæй дæр мин мæ зæрдихудт ку некæд æрхастай! Нур ба мæ дæ сæр багъудæй уæдæй хъæбæрдæр!»
Уæдта æ къæхтæмæ дзоруй: «Сумахæн дæр уæ рун бахуæрон» Сау хонхи сау къæдзæхтæбæл, Æфсатий фонси фæдбæл хæтгæй дæр, ку некæд фæккиудтайтæ, нур ба мæ уæ сæр багъудæй сумахæн дæр!»
Æ гебенæй думæггæгтæ æ сунти рацафта, æ хъатара æрбабаста æма устур коммæ æхе рагæлстæа; уайун байдæдта урдугмæ мæскъæй мæскъæмæ еу лæуирд кодта, уотæ тагъд цъеусорау тахтæй æма берæ фæууадæй уотемæй, уæдта фæллæудтæй æма уæлæмæ къулдунмæ нийгъуста, мæ фæсте райзадæнцæ, зæгъгæ, æви ма мæ разæй æнцæ. Æ разæй се ‘стуф цудæй, æрсæмæхæстæг æй, уотемæй æма бабæй нæуæгæй уайун байдæдта.
Фæллæудтæй бабæй еу рауæн æма нийгъуста, æма се ‘стуф æ фæсте цудæй, æма уæдта загъта: «Гъе нур Хуцау ке зæгъа, е уодзæнæй, æгайти ма мæ фæсте райзадæнцæ!»
Æма хонсари исбурдæй къулдунмæ сæ размæ. Еу уадкалд бæласæбæл фембалдæй æма уой уедæгти буни балæстæй; уоми æхецæн еу æхсайгæ бунат ракодта, над имæ куд зиндтайдæ, уотæ. Кæсуй, топп æ къохи, уотемæй бадуй æма ймæ æрбахъæрттæнцæ, сæ разæй дууæ бæхгини цæуй, сæ хецау æма ма абæргутæй еу, иннетæ ба галти фæсте цудæнцæ. Фиццагидæр ка æрхъæрттæй, еци дууей дууæ æхсти фæккодта æма сæ фæммард кодта, дууæ дæр сæ бæхтæй рахаудтæнцæ.
Æрсæмæфæдеси ‘нцæ, галти фæсте ка цудæй, етæ æма исхæлхъой æнцæ, ка сæ рамардта, ци бæлах адтæй, загъгæ.
Уотемæй ба сæ Гуйман гæрæхтæ кæнун байдæдтæ æма си æ али æхсти дæр еу рахаун кæнидæ; уотемæй ма си дууæ байзадæй, æма етæ, и дууæ бæхгини, ниддалалай кодтонцæ:
- Ка дæ, циувæр дæ, ку нæ ниццагътай? Мах дин неци кодтан, цæмæн нæ ниццагътай?
Нур æй уингæй ба уæддæр нæ кæнунцæ, ка ‘дтæй æма кæцæй æхста, уой.
Дзоруй сæмæ Гуйман:
-И гиаур куйтæ! Сумах бабæй цæмæй тæрсетæ? Сумах ка низзадæй, еци цъаммар маддæлтæ бабæй сумах хузæнттæй низзайдзæнцæ!
Æма уæдта и дууæ бæхгини, ка ма байзадæй, етæ искудтæнцæ:
- А ци дессаг æй! И галти хецау ку æй, æма ци амалæй нæ разæй фæцæй, мах бæхтæбæл ку рацудан, е ба зæронд лæг, ци амалæй нæ раййафта?
Дзорунцæ имæ дæлæмæ:
- Дæ еунæ Хуцауи хатирæй, уæддæр мах мабал рамарæ, нæ мæрдтæ нин ами берæгътæн ма бахуæрун кæнæ!
- Нæбал уæ марун, куйта, æз сумах хузæн æдзæсгон нæ дæн; уæ и топпитæ æргæлдзетæ, æма фæдеси цотæ дæлæ Туйгъанти Дзанхотмæ (е сæ фусун адтæй) æма ин зæгъетæ: «Уæлæ нæ Ирæмбунайбæл еу бор зæронд лæг ниццагъта, мах ба ма ниууагъта!» - уотæ ин зæгъдзинайтæ, - уотæ син загъта.
Етæ уотæ ку радзурдтонцæ Дзанхотæн, уæд е ба ниггузавæй æма загъта:
- Йа, уæу-уæй! Фæдзæхсун уин гъудæй, феронх дæн, уæхæн бор лæгбæл, зæгъгæ, ку фембæлайтæ, уæд имæ ма бавналетæ, зæгъгæ. Е Цæлкости цауæйнон Гуйман æй, зæгъгæ.
- Дзанхот загъта:
- Нур ма ци кæнæн, æхсæвигон кумæ фæццæуæн? Исон ба фæдеси фæццæудзинæн, - зæгъгæ, æма уони дæр нæбал рауагъта.
Гуйман баздахтæй æма син сæ бæхтæ ниййахæста æма сæ бæлæстæбæл бабаста, сæ нимæттæ син, сæ фæсæбæрцæ сæргътæбæл баст ка адтæй, уони райхалдта æма сæ еу рауæн зæнхæбæл нийтутудта æма сæбæл мæрдтæ ниййаразта, алке æ нимæтбæл. Бонмæ сæ фæгъгъæуай кодта, бонмæ сæ сæргъи фæллæудтæй.
Сæумæ ба фæдеси иссудæнцæ хъæбæр берæ адæн Дур – Дурæй, Хъусхæмайхуæйæй, ка – бæхбæл, ка – фестæгæй, æма Гуйман мæрдадзи[ii] ниллæудтæй мæрдти рази; ку ймæ исхъæрртæнцæ, уæдта сæмæ никкудтæй, нигъгъарæнгæ кодта.
Фæдесонтæ еугурæйдæр дигорæ адтæнцæ ‘ма ин загътонцæ:
- Ку не ‘рцудайдæ аци гъуддаг, уæд хуæздæр бæргæ адтайдæ; кæми æрцудæй, уоми ба дигорæн нон искодтай, æма ди Хуцау исарази уæд!
Æ уæрдун ин исефтигътонцæ æма ‘й цуппар бмхгиней хæццæ рарвистонцæ æ хæдзарæмæ, Устур Дигорæмæ, байхъæртун кодтонцæ, æма йбæл уоми ба гъæу æрæмбурд æнцæ æма, уæхæн бæлах ке ‘рцудæй, уобæл фæккудтæнцæ.
Гъе уой фæсте ба Гуйман æ хæдзари цæргæ байзадæй. Æрæги уæнгæ фæццардæй, уæдта Хуцауи незæй рамардæй.
***
Устур Дигорæ. 1915 анз:
*
Устур Дигори царгутæ:
[i] Байдзæгат- гъома: цæгат (объясн. Дзанболата)
[ii] Кæуæгмæ ку никкæунцæ, уæд е мæрдадзæ хуннуй (Дзанболат).