Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Мамукъати Казбек. Катай.

Мамукъати Казбек. Катай.

Мамукъати Казбек. Катай.

МАМУКЪАТИ КАЗБЕК  

 КАТАЙ




Æнæхáйири догæ, ци кæни,
Æрдонáрæг ку 'ссæй ди мæ уод!..
Мæрдиронхи дæ хуæрзти нигæни,
Фуддæр ка 'й, ис æй есис бæрзонд...

Кæд æвгъæди, миййаг, уомæн бадтæ,
Æ й'авдæн ин уозæги узтай, –
Лæгъуз мадау, оххай, курмæ бадæ,
Нæ уидтай, ци фидбилиз хастай?!.

Нæ уидтай, кæмæн кодтай додотæ,
Гæлæхха, кумæ кастæ, цума, –
Ке сæрбæл æркодтай лæги ходæ,
Фæррæсагътай ке къохи хъæма?..


27.10.2022

Возврат к списку