Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Гегкити Сослан. Ӕмдзӕвгитӕ.

Гегкити Сослан. Ӕмдзӕвгитӕ.

Гегкити Сослан. Ӕмдзӕвгитӕ.

ГЕГКИТИ СОСЛАН


ӔМДЗӔВГӔ ФИНСӔГ

Ӕз дӕн ефтигъд
Гуп-фатау дамбацай.
Ме 'нгас – денгиз,
Мӕ зӕрдӕ – талинг цъай.

Мӕ каст – бӕрзонд,
Тӕхуй маргъау уӕлзӕнхӕ.
Евгъуд - лухгонд,
Ме 'сон ба мӕрдирӕнхӕ.

Ма 'рхӕссӕ фау
Мӕ миутӕ, мӕ уиндӕмӕ,
Цидӕр, артау,
Реуӕй тонуй ӕндӕмӕ.

Нӕ дӕн къурма,
Монцтӕ ми – зӕрдӕндзӕвгӕ,
Нӕ дӕн ӕрра,
Уотид финсун ӕмдзӕвгӕ.

2022


ЗӔРДӔДАРД

Зонӕ мин уой, мӕ зӕрдӕ дӕубӕл дарун,
Зинаргъ кӕсӕг, мӕ уарзон ӕмбӕстон.
Дӕуӕн мӕ рохсдӕр сагъӕс аурстон,
Дӕуӕн мӕ рохсдӕр аурстон ӕнкъарӕн.

Бӕргӕ, бӕргӕ, еске бафтауӕ деси,
Мин хатти 'сзӕгъгӕ гъуди, схаугӕ дзурд,
Нӕуӕгӕнгас сахуарӕ - цӕрдигурд.
Нӕййес, нӕййес ӕнӕфегъосгӕ неци.

Игон ӕнцӕ сомигӕнӕн тъаффитӕ,
Сӕ хуӕрзгӕнӕг, сӕ бонирохс – де 'нгас.
Ӕрмӕст дӕ цӕсти буни цардӕгас
Деденгутау райхӕлунца рӕнгъитӕ.

Ниххор ун финсгӕ-финсгӕ, ниммӕйдар ун -
Деси 'фтаун дӕ нӕ гъавун бунтон.
Зинаргъ кӕсӕг, мӕ уарзон ӕмбӕстон,
Зонӕ ду уой – мӕ зӕрдӕ дӕубӕл дарун.

2020 анз


ТӔХЕТӔ, МЕ 'МДЗӔВГИТӔ


Рӕнгъитӕ, уо, рӕнгъитӕ!
Сурх тоги тъинккитау…
Кумӕ 'нцӕ уӕ балцитӕ?
Ци ес уин фӕдзӕхстау?

Тӕхетӕ ме 'мдзӕвгитӕ,
Уотӕ тарӕн ӕфхуард.
'Фтаугӕй лӕгбӕл нифситӕ
Цӕфсӕд уӕ реути арт.

Гъудтаги баскъуӕлхетӕ,
Ахедгӕ уӕд уӕ дзурд.
Мӕ бӕсти радзӕгъетӕ
Мӕ фӕндтӕ - зӕрдигурд.

Тӕхетӕ ме 'мдзӕвгитӕ
Рагуалдзӕги цъеутау
Ма уин дзилли зӕрдитӕ
Исуӕнтӕ астъӕнттау.

Дӕлбазур бакӕнетӕ
Дунги рӕуӕгдӕр уад.
Бакъахдзӕф-еу кӕнетӕ -
Кӕми скъуна мӕн над.

2019 анз


АМОНД

Хумӕтӕг мин нӕй амонд.
Куд мӕнгард ӕй?!
Дувӕрсуг хӕссуй е 'сконд –
Хор ехуардау.

Арвбӕл хорау ӕрцӕруй
Цийнӕ зӕрди,
Фал уомӕ фӕндаг цӕуй
Масти сӕрти.


ФИДИБӔСТӔЙ ИДАРДИ

Ӕркӕлунцӕ мӕ иуӕнгтӕ,
Исуст дон фестуй мӕ уод.
Фидибӕстӕ – мӕ уедӕгтӕ,
Ку ниддӕн де 'ной инод?!

Фӕддон унцӕ мӕ зӕнгитӕ,
Мӕ зинӕй нӕййес ледзӕн.
Никкӕнуй зӕрдӕ фӕркитӕ
Райгурӕнӕй фӕххецӕн.

Ес бӕргӕ гъӕздуг бӕститӕ,
Рӕсугъд рауӕнтӕ дуйне -
Зӕрдӕбӕл уотӕ бӕститӕ
Хе бӕстӕй уӕлдай нӕййе.

Кайгӕ хуарз лӕсуй мӕ царӕй,
Мӕ гъуддаг мин лӕдӕрд ӕй:
Ци молон абони армӕй,
Фӕммулд уодзӕн уой зӕрдӕй.

2018 анз

Возврат к списку