Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Хъарати Аланкæ

Хъарати Аланкæ

Хъарати Аланкæ

ХЪАРАТИ АЛАНКÆ



***

Хори тунау, фæлмæн кастæй,

Мæнæн таветæ мæ цард!

Мæ уод мæнæн, гъæуй кæнгæй,

Рохс кæнетæ цардфæндаг!

 

Мæ сæрæй уин ниллæг ковун!

Сумахæй дæн – сæрбæрзонд!

Нийерæги кæдзос уарзтæй-

Хуцауæй дæн арфæгонд!



***

Ерун си Темирати Артури фурт Алани рохс ном...


Æрфестæг уо, бæлцон...
Æривæрæ дæ уаргъ...
Æрцудæй дæ кæрон...
Дæ кæдæн нæ ес аргъ!

Сахъ фурт адтæ бæстæн.
Не вгъау  кодтай дæ уод...
Бухстæ ристæн, зинтæн...
Тухгин адтæ, хуæрзконд!

Знаги нихмæ æрлæугæй,
Нæ ракодтай фæсмон...
Тугъди будури уогæй,
Нæ фæдтæ фудцæсгон...

Адæми цæтисугæн
Нæбал ес нур кæрон...
Нæ Иристони фурттæн
Бæрзонд хæсдзинан сæ ном!

12.04.2023




Возврат к списку