Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Туйгъанти Махарбек

Туйгъанти Махарбек

Туйгъанти Махарбек

ТУЙГЪАНТИ МАХАРБЕК

(1881-1952)

Махарбек Туганов.jpg

Публицист, рохситауæг, адæмон исфæлдистадæ æмбурдгæнæг æма уой æртасæг, Иристони æдæмон хузæгæнæг, Хонсар Иристони аййевадон училищей бундорæвæрæг æма æ фиццаг директор.


Райгурдæй Дур-Дури.

1899 анзи фæцæй реалон училище Владикавкази æма 1900 анзи Санкт-Петербургмæ рандæй Хуæнхаг институтмæ экзаментæ дæдтунмæ. Уордæмæ нæ бахаудтæй, фал 1901 анзи бацудæй Аййевæдти Академимæ. Уоми ахур нæ фæцæй, уотемæй 1903-1905 æнзти цардæй Мюнхени.

1907 анзи, Иристонмæ ку `рбаздахтæй, уæд Туйгъани-фурти хъæппæресæй аййевадон студи игонгонд æрцудæй. Хузæгæнгути, архитекторти си ахур кодта. Бунæттон хузæгæнгутæн аразта равдиститæ. 1911 анзи ба киунугити рауагъдадæ «Ир»-и Правлений иуонг иссæй.

Кодта хъæбæр ахсгиаг куст: æмбурд кодта, куста недзамайнаг материалон культурæ, эпоси, этнографион æрмæгутæбæл, адæмон исфæлдистадæбæл. «Нарти кадæнгитæн» искодта иллюстрацити сери.

Октябри социалистон революций фæсте нæуæг цард аразуни куст кодта.
1920 анзи ТерКавРОСТА-и аййевадон-агитацион хаййи сæргълæууæгæй æвæрд æрцудæй. Кодта плакаттæ, аййевадон æма ахури киунугутæмæ иллюстрацитæ, ахургæнæг адтæй Орджоникидзей Педагогон техникуми.

Туйгъани-фурт æ публицистон кустити финста берæ адæнти туххæй: «Мæскуй губерний æрмгуст», «Дагестани фурттæ. Петровск. Дербент», «Хъазахъхъаг æма хуæнхаг лæг» æма æнд. Е статья «Хæунхаг адæми аййевадæ евгъуди æма нур»-и æртаста дигорон, ирон, дагестайнаг, кæсгон, цæцæйнаг, мæхъæйлон аййевадон стильтæ, хуæнхаг архитектурæ. Астæугкаг Азий, Азербайджани æрæмбурд кодта берæ æрмæг тюркаг адæнти аййевæдти историбæл, еци аййевадæ куд ирæзуй, уобæл; ниффинста сæбæл статьяти цикл «Азербайджан æма Астæугкаг Азий аййевадæ» – еци адæмихæттити адæмон исфæлдистади туххæй.

1930 анзи Туйгъани-фурт фæллигъдæй Хонсар Иристонмæ. Куста Бæстæзонунади музеййи хæццæ, ахургæнæгæй, Паддзахадон театри сæйраг хузæгæнæгæй.

1939 анзи иссæй Цæгат Иристони АССР-и Хузæгæнгути Цæдеси иуонг.

Туйгъани-фурт хъæбæр берæ архайдта аййевадон равдиститæ аразунбæл. 1923 анзи Тауасити Сослæнбеги хæццæ Владикавкази исаразтонцæ гъæууон-хæдзарадон равдист (равдистонцæ си адæмон æрмкосгути исфæлдистадæ). 1936 анзи Орджоникидзей байгон æй «Иристони хузæгæнгути уадзимисти равдист», уæдта «Цæгат Кавкази фиццаг хузæгæнгути аййевади бæстон равдист». Мæскуй Иристони номæй Туйгъанти Махарбек архайдта «Гослитизтати киунугутæ æма графики æртигкаг равдист»-и.

Æ царди фæстаг æнзтæ рарвиста Цæгат Иристони, æ цардæй рахецæн æй 1952 анзи. Нигæд æй Дзæуæгигъæуи Ирон аргъауæни некрополи.


Возврат к списку