ХЪУЛЧИТИ МАКСИМ
МÆ НОМ
Чи хуннуй мӕ ном, мӕ мугкаг, мӕ дзилагӕ кӕцӕй ӕй?
Мӕ сӕр бӕрзонд цӕмӕй дарон царди мин чи бантӕстӕй?
Æз дигорон, æз къудайраг, æз ба ирон дæн зæгъуй
Нæ фиддæлти федар бундор, зӕгъай мин, цæбæл лæууй?
Хонхи фӕхстӕбал нӕ гъӕута ку иссӕнцӕ ӕдзӕрӕг,
Сӕ гъӕунгити ӕрзадӕй астӕуи уӕнгӕ кӕрдӕг.
Ӕрдӕг калд дзӕгъӕл мӕсугтӕ кӕсунцӕ бунмӕ ӕнкъард,
Сӕ цӕуӕти бон нӕбал ӕй уонӕн раттун нӕуӕг цард.
Кутемӕй уонцӕ не' гъдӕуттӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ раст
Ку нӕ архайон мӕ ном бӕл, ӕфсарӕй ку нӕ уон фарст.
Ка'й дигорон, ка'й къудайраг, ка хонуй ӕхе ирон?
Дӕхе падзах дӕр исхона, ку нӕ хӕссай лӕги ном…
Ку мӕмӕ нӕ уа ӕфсӕрми, мӕ бӕрцӕ ку нӕ барон
Мӕхецӕй уӕлдай иннети алли рауӕн ку фауон.
Уæд гъæуама куд æндеуон мæхе ести исхонун
Лӕгъуз адаймаг æвадзи, хуӕздæр ном уӕд нæ зонун.
Дӕ царди тӕкка устур дӕр ку кӕнай мулкӕн кадӕ,
Уӕд уотемӕй дӕр бӕлвурдӕй кумӕ тундзис, ма ка дӕ?
Ӕцӕгӕлон бӕсти мæхе цъухæй ку есон бӕрзонд,
Зонӕй, уодзӕнӕй мӕ фӕрчи фидибӕсти ном фудконд.
Ку нæ бæттон нæ адæми кæрæдзебæл уарзонæй
Дессагæн уæд куд бандеудзӕн мæхе исхонун уонæй
Ӕз Ирон дӕн, Ӕз Къудайраг кенӕ Алантӕ зӕгъӕн
Фидтӕлти намус лӕвари зудӕ берӕгътау хуӕрӕн…
