Урс бирæгъты дзæмбыты
Ныхас партизан Тандуты Гуыбаимæ
1919 азы декабры мæйы Цыколайæ ацыдтæн Урсдон-Къорамæ. Булкъон Дорофеев Къодахджыны ‘рдæм бацыд æмæ Сындзыхъæу, Къора, Урсдоны алфамблай æртымбыл сты. Партизантæй хъæдмæ дæр бирæ аирвæзт. Фæлæ æз Къорайы уынджы тæккæ тигъмæ куыд бахæццæ дæн, афтæ хæрзæмбæлд фæкодтон Дорофеевы æфсæдтыл. Æз хъавгæ дæр куыд цыдтæн, уымæ гæсгæ топпæргъæвдæй бацыдтæн æмæ иугæр фæзилæн куы никуыдæм уал уыд, уæ сæм топп фæдардтон æмæ дзурын:
Уæ хæцæнгарзмæ куыддæриддæр февналат, афтæ уæ æхсгæ кæндзынæн, - зæгъгæ. Фæсабыр сты. Сæ афицеры тæккæ ныхмæ топп куы ныццарæзтон, уæд сæрдиаг кодта:
- Ма фехс, голубчик, ма фехс…
- Куыддæриддæр исчи йæ хæцæнгарзмæ февнала, афтæ дын æнæмаргæ нæй, - дзурын æм æз.
- Уæддæр æхсгæ ма фæкæн, - дæ хæцæнгарз иуварс акæн, - лæгъстæ кæны, уый.
- Дзырд мын дæттыс, ам мын уæхи фæндæй кæй ницы кæндзыстут, уый?
Дзырд мын радта. Топп иу фарс аппæрстон. Æрбакалдысты мæм, уæд.
- Баджигул æй кæнут, - хъæр кæны æндæр афицер Карабугаев.
Куы 'рбауадысты, уæд фæрстытæ райдыдтой.
- Большевик?
- Большевик!
- Революционер?
- Да.
- Баджигул æй кæнут, - дзуры сæм иу афицер Карабугаев. Фæлæ фыццаг афицер джигул нæ бауагъта. Мæхицæн мын радтын кодтой цы мæм уыд, уыдон.
- Офицер, - дзурын сæм, - иу ныхасæй бар мын раттут.
- Зæгъ.
- Æз уæ уый курæг дæн æмæ мын уæхи 'гъдауæй суд куыд нæ скæнат, фæлæ мæ Чырыстонхъæумæ Дорофеевмæ куыд арвитат.
Сразы сты ууыл æрæджиау. Мемæ мын бафтыдтой 2 лæджы æмæ æртыккаг та æрыдойнаг Газалаты Леско. Фыццаг дыууæ æфсæддоны мæ чи зоны уадзгæ дæр акодтаикой, фæлæ æрыдойнаджы не’сфæндыд. Æгас отрядæй мæ ракодтой Чырыстонхъæумæ.
- Дыккаг бон мæ бакодтой Дорофеевмæ. Бады сынтæгыл æмæ мæстæймарæгау дзуры:
- Цы, бахаудтæ? Чи ма ис демæ?
Ницы йæм дзурын.
- Кæм сты де’мбал хулигантæ?
- Хъæды сты, загътон æз.
- Афицер Тогойты Данил та кæм ис? Офицер… Хæппуд… Фæлыгъд…
- Хъæды ис уый дæр.
- Кæцы партийæ дæ, большевик?
- Большевик, - дзуапп ын дæттын.
- Ныр дæр ма большевик?
- Дæн.
- Уæдæ нал уыдзынæ, æз дæ æрцауындздзынæн.
Иу чысыл алæуды фæстæ дæр та мæ фæрсы: (неразб) зыдтай?
- Зыдтон!
- Уæдæ уымæн æз суд скодтон… Æз дын ныххатыр кæндзынæн кæд большевизмæй дæ къух исыс æмæ махæрдыгæй лæууыс, уæд.
- Нæхиуæтты ныхмæ нæ ацæудзынæн…
- Уæдæ ма ныр дæр большевик дæ?
- Дæн…
Фестад мæм æмæ ме 'хсæрфарсæн хæфт, дыккаг, артыккаг… Уым ма не'хсæн æндæр ныхæстæ рауад, стæй мæ фæрсы:
- 101 цы у, уый зоныс?
- Цæмæй йæ зонын…
- Третьяков фæхъæр кодта – Дорофеев! Æрбауад иу ныллæггомау æфсæдтон.
- Ратт амæн 101.
Ракодтой мæ дуармæ фондзæй. Æрбæгънæг мæ кодтой. Иу мæ сæрыл æрбадт, дыууæ мæ къæхтыл æмæ бæгънæг буары райдыдтой топпы æфсæнфатæй (сомполæй) нæмын. Мæхи ныхъхъæбæр кæнынмæ бæргæ хъавыдтæн, фæлæ иугæр цæфтæ иу 50 куы фæуæлæ сты, уæд мæ бон нал уыд æмæ сæрыл цы бадт, уый асхуыстон æмæ ахаудта. Иуæн дзы йæ сомполмæ фæлæбурдтон æмæ йæ ратыдтон, фæлæ мын иннæ мæ къух æрриуыгъта, æмæ йæ пырх акалд, иу цалдæр боны æмбаргæ дæр ницы кодта.
Иу афицер сæм ракаст. Къорайы топп кæмæ æрдардтон уый, æмæ мæ тугæй дзагæй куы федта, уæд сæ баурæдта. Дон рахастой æмæ тугтæ æрæхсадтой. Бакодтой та мæ ахæстоны. Канд æз нæ уыдтæн – 67 ахсты уыдис уым. Мулукаты Хадзымуссæ, Доди Бототы, Махъоты Бдзеу æмæ мæнæн ауындзыны тæрхон уыд. Æрцауындзыны тыххæй дæр сæм ныхас уыд, фæлæ уый фæстæ куыд фехъуыстам, афтæмæй полевой суд ууыл се'ппæт не'сразы сты.
Ахæстоны фæдæн 13 боны. Уым мæхицæй староста ацарæзтон. Лидзыны фæнд мæм æрцыд æмæ мыл хъахъæнджытæ цæмæй æууæндыдаиккой, ууыл архайдтон. Фæстагмæ хъуыддаг афтæ рауад æмæ ахстытæй дæр чи куыд рогдæр ахст уыд, афтæ сæ сæ хæдзæрттæм (Чырыстонхъæу) кæрдзын хæрынмæ уадзын байдыдтой. Ахст лæгтæй иу исчи куы куырдта начальникæй нæхимæ нæ ауадз хæрынмæ, - зæгъгæ, уæд та иу начальник мæнмæ фæрсынмæ æрбацыд, - ауадзæмæй, - зæгъгæ. Æз иу иутæй загътон ауадзæм сæ, фæлæ иннæтæй загътон, цыма сын тынг тарстæн уыййау – нæй уымæн ауадзын, миййаг нын куы алидза, зæгъгæ.
Афтæмæй куыддæртæй феууæндон сты. Фæлæ уæддæр æнхъæлмæ кастыстæм æрцауындзынмæ. Иумæ кæимæ бадтæн, уыдон нæ дзырд баиу кодтам æмæ нæм кæнынмæ куы æрбацыдаиккой, уæд нæ хуыссæны бын сæ æфсæн болтытæ æвæрд уыд, уыдонæй хъуамæ ралæууыдаиккам æфсæддонтыл æмæ нæ уæд ауындзгæ нал, фæлæ уый агъоммæ ахсгæ фæкодтаиккой лидзынæй тæрсгæйæ.
Фæлæ æппын æрæджиау мын мæхи дæр хъахъхъæнджытимæ æдтæмæ уадзын байдыдтой хæрынмæ… Цалдæр хатты фæстæмæ æрæздæхтæн. Тогойты Данел дæр мæм хъæдæй æрæрвыста: Куыддæриддæр нæ рахъæр кæнай, афтæ дæ нæхæдæг маргæ кæндзыстæм, - зæгъгæ. Иу æхсæв сфæнд кодтон алидзын. Начальникæн загътон ахсæв хæрынмæ цæудзынæн. Сразы уый. Фæлæ куыддæр (неразб) афынæй дæн. Сыхъал мæ кодта начальник. Дзуры мæм:
- Æхсæвæр хæрынмæ цæуинаг куы уыдтæ?
- Цас сахаты у, - фæрсын æй æз.
- Иуæндæс.
- Оуу… Агæр байрæджы æмæ ма бинонты чи стын кæны.
- Æрæджы нæма у, ацу – хаты мæм начальник.
- Мемæ чи ацæуа, уымæй худинаг у, ныр бинонтæ ныххуысыдаиккой æмæ куы ницыуал сæййафæм уæд. Хæринаг дзы куы нæ ссарæм, - цыма мæ нæ фæнды, уый ныхæстæ райдыдтон.
- Демæ цу салдат ацæуа, уый мæт та цы кæныс, дæхæдæг иу исты бахæр.
- Нæ, махмæ ахæм æгъдау нæй «нæ комын» æз. Уым ма бирæ фæрадзур-бадзур кодтам, стæй мын афтæ зæгъы:
- Уæд та дæхæдæг иунæгæй ацу, бахæр æмæ ахсæв дæр дæ усы фарсмæ ныххуыс.
Уыцы хъуыддагыл дæр та цымæ нæ разы кодтон, афтæ мæхи скодтон, фæлæ уый стæй загътон:
- Хорз, цæуын иунæгæй, фæлæ хъахъхъæнджытæн зæгъ, райсом æхсæвæй æрбацæудзынæн фæстæмæ æмæ ахæстонмæ куыд æрбауадзой, афтæ.
Сразы ууыл дæр. Рацыдтæн. Уынгмæ куы рахызтæн, уæд кæсын æмæ уæртæ патрул лæууынц. «Адон мæ иунæгæй куы ссарой, уæд мæ æрцахсдзысты æмæ мæ хъуыддаг хæлы» - хъуыды кæнын мæхинымæр. Фæстæмæ фездæхтæн.
- Начальник конвой мын ратт мемæ!
- Цы дзы кæныс?
- Уартæ патрул уым сты æмæ мæ куы бауромой. Ратт мын иу æфсæдтон. Фæстæмæ йæм дзурын:
- Цы дын æрхæссон райсом?
- Арачишки.
- Дывайно куы уа, уæд та?
- Уæд та хуыздæр.
Рацыдтæн конвоймæ. Патрул нæм хъæр кæнынц. «Чи стут?»
«Хицæдтæ» дзурын сæм æз. Патрулæй куы рахызтыстæм, уæд мæм мæ конвой дзуры:
- Цæй, æз ардыгæй æдтæдæр нал цæуын, - æмæ фæстæмæ раздæхт.
«Фæндараст фæу» загътон мæхинымæр æмæ рацыдтæн.
Сæ цæст дæр мæ нал ауыдта. Фервæстæн бирæгъты дзæмбытæй.
К-æг.
Фонд № 23
Опись № 1
Ед. хр. 4,5
Научный архив СОИГСИ им. В. И. Абаева
