Темирати Заурбег уотӕ дзоридӕ, кувдтитӕбӕл, уӕдта, еумӕйагӕй райсгӕй, ӕгъдӕуттӕбæл ӕфтаугӕ дӕр неци ӕй, гӕлдзгӕ дӕр си неци ӕй, зӕгъгӕ. Ӕз, дан, дин сӕ дзорун, нӕ фидӕй, уӕдта хонбӕсти дзурддзӕугӕ хестӕртӕй сӕ куддӕриддӕр игъосгӕ ӕрцудтӕн, уотӕ.
Дӕлдӕр ци текст ниммухур кодтан, уой фӕдбӕл, кай зонуй, фӕйнӕхузи гъуди кӕндзӕнцӕ, гъай-гъайдӕр си фӕззиндзӕнӕй цидӕр фарстатӕ, нӕ уодзӕнӕй сӕмӕ еу цӕстингас. Фал и ӕрмӕг, ӕнӕмӕнгӕ, вазуггин ӕй, арфдӕр ибӕл ку расӕгъӕс кӕнай, уӕд. Ӕз си бафеппайдтон дууӕ ахсгиаг гъуддаги: еуемӕй - дигорон ӕгъдӕутти кӕцидӕр къабазæй нæуæг цидӕртӕ базудтон (гъома, калӕгабуртӕ ӕма мукалгабурти туххӕн), иннемӕй ба - текстӕн ӕ дуккаг аууон фарс махӕн дзоруй, нӕ фиддӕлтӕ цӕмӕй цардӕнцӕ, ци хуардтонцӕ ӕма цӕхӕн фӕрзеумӕ фулдӕр ӕнгъӕл кастӕнцӕ, кӕми цардӕнцӕ, еци зӕнхити цитӕ ирӕзтӕй 'ма сӕ дзӕхӕрати, хумти ци ниййаразиуонцӕ, цӕхӕн сирдтӕ адтӕй ахиддӕр сӕ рӕбунти, циуавӕр мӕргътӕ дардтонцӕ ӕма уотӕ идарддӕр. Цубур дзурдӕй нин, нӕ рагон фӕлтӕрти цардигуагӕ ци догтӕ ӕма дзаманти мегъин ӕмбӕрзӕнӕй ӕхгӕд ӕй, уомӕй еу минкъий гӕбазӕ игон кӕнуй уӕлдӕр лӕвӕрд ӕрмӕг.
Скъодтати Эльбрус.
БÆРКАД ÆМА БЕРЕКЕТ
Берекет ӕй мийнасӕ, фингӕбӕл ке ӕрӕвӕрунцӕ, е. Бӕркад ба - ӕрцӕуйнаг ӕма нури фӕрзеу, ка 'рцудӕй ӕма ка 'рцӕудзӕнӕй хӕдзарӕмӕ. Гъенур, ӕрмӕстдӕр бонгин лӕги адтӕй барӕ берекетти туххӕн раарфӕ кӕнун. Мӕгур лӕги арфӕ кӕнуни барӕ н' адтӕй. Цӕмӕн? Уой туххӕй, ӕма бонгин арази кӕми уидӕ, уоми берекет ӕ бууати адтӕй. Мӕгурӕн ба къӕбӕр бадӕттӕ ӕма боз уидӕ уӕддӕр.
«Берекет болсун», - зӕгъгӕ, зӕгъидӕ гъӕздуг лӕг. Туйгъанти инӕлармӕ ӕрбацӕуидӕ иуазгутӕ Кӕсӕгӕй, Дагестанӕй, Цӕцӕн-Мӕхъӕлӕй, уӕдта - нӕхеуонтӕ ӕма зӕгъиуонцӕ «берекет болсун».
Еу хатти кӕсгон инӕлар ӕрбацудӕй, 'ма ке хӕццӕ ӕрбадтайдӕ, ухӕн надтай, 'ма исистадӕй. Уӕдта еу лӕг ӕ хӕццӕ ӕрбадтӕй, ӕма уобӕл исарази ӕй, тӕргӕ ма 'й куд ракодтайдӕ.
Дзурд «болсун» дзурдтонцӕ махуӕнттӕ дӕр, етӕ дӕр.
Мӕгур лӕги барӕ адтӕй бӕркади туххӕн райарфӕ кӕнунӕй. Бӕркад ӕй - хӕдзарӕн калӕгабурти лӕвӕрттӕ, хуаллаг. «Исбӕркад ӕй» - е уотӕ лæдӕргæй: ци бӕркад адтӕй, уой бунатмӕ нӕуӕг ӕрцӕудзӕнӕй фулдӕрӕй. «Нӕййес», кенӕ «нæбал ес» зӕгъун не 'мбӕлуй, уомӕн, ӕма уӕд мукалгабуртӕ бостӕ кӕнунцӕ ӕма нецибал фӕллӕвар кӕнунцӕ. «Исбӕркад ӕй», зӕгъгӕ, е ма уотӕ лӕдӕргӕ дӕр ӕй, ӕма ци ес, уомӕй мукалгабурти лӕварӕй боз ан, зӕгъгӕ. Зӕгъӕн, инсад исбӕркад ӕй, зӕгъгæ, уӕд нӕуӕгӕй гъӕуй баинсун, - уотӕ 'й лӕдӕрӕнтӕ и бийнонтӕ. Сӕрдӕ хуӕнхбӕсти дон ивулд уидӕ ӕма куройнӕ куста ӕнӕрлӕугӕй, ӕдзохӕй, зумӕг ба еци уавӕртӕ нӕ уидӕ, ниййабузидӕ, дон ниййех уидӕ, кӕбӕлдӕрти ба ма цӕуидӕ минкъий дон уӕддӕр. Зумӕги дон минкъийдӕр фӕууй, сауӕдӕнттӕ ци уайуй, ӕндӕра цъететӕ нӕбал тайунцӕ, ӕма. Уогӕ, цъете дӕр раст загъд нӕ 'й ами, фал ӕй нур уотӕ хонун райдӕдтонцӕ.
ЦЪЕТЕ
Ци ӕй цъете? Гъенур, хонхи сӕртӕбӕл ци ех ӕма мет ес, уой нуртеæкæ уотӕ хонунцӕ, фал цъете ӕй хуасӕ ӕцӕгӕй ба. Гъенур, бӕрзонд хуӕнхти лӕгӕттӕмӕ бацӕудзӕнӕ, 'ма уӕллӕй тӕдзуй дон, 'ма, кумӕ тӕдзуй, уоми ба ех кӕнуй. Лӕгӕти къӕбурӕй, царӕй тӕдзуй, лӕгӕттӕ ба аллихузи фӕуунцӕ. Уотемæй, ехгондӕй цӕгиндзи хузӕн зӕнхӕй цармӕ ехгӕнгӕ цӕуй, ирӕзгӕ цӕуй, цари уӕнгӕ дӕр исхъӕртуй. Лӕгӕти фӕууй еу цалдӕр ехин цӕгиндзи ӕма си ӕхснеуӕнӕй ӕркъӕртт кӕнӕ ӕма 'й дӕ гъӕлӕси бакӕнӕ, райуинӕ ӕма кӕд неци адӕ кӕнуй, уӕд е цъете нӕй, фал ӕррӕстӕ дон. Кӕд дзӕбӕх тауӕг-адгин адӕ кӕна, уӕдта е ӕй цъете, фӕйпурх кӕнӕ, дӕ гӕбӕт райдзаг кӕнӕ ӕма хоррафтуди ‘й дӕ хӕдзарӕмӕ нихъхъӕртун кӕнӕ. Еци ехи къӕрттитӕ гъар ӕхсири ниггӕлдзунцӕ ӕма, мӕнӕ агӕ куд ирайа, уотӕ исирайуй ӕма бохъ кӕнун кӕнуй, ахсӕн искосун кӕнуй.
КАЛÆГАБУРТӔ ÆМА МУКАЛГАБУРТÆ
Калӕгабуртӕй алке туххӕй дӕр кувтонцӕ нӕ фиддӕлтӕ. Калӕгабуртӕ сӕхуӕдтӕ ӕнцӕ авд. Уӕдта уонӕй ба алли калӕгабурӕн дӕр ес ӕхе авд мукалгабури. Мӕнӕ еци калӕгабурти нӕмттӕ:
1. Тиллеги калӕгабур.
2. Фонси калӕгабур.
3. Рӕзи калӕгабур.
4. Халсарти калӕгабур.
5. Кӕрдӕги калӕгабур.
6. Мӕргъти калӕгабур.
7. Сирдти калӕгабур.
Тиллӕги калӕгабур фӕккӕнунцӕ авдисӕри, Уацеллай бони, фӕззæги, тиллӕг есуни рӕстӕги. Зӕгъӕн, Фӕрӕскъæттæ 'й кодтонцӕ Фӕсуйти къулдунбал. Мӕнӕуӕ ку никкӕрдиуонцӕ, уӕд уой нихсниуонцӕ, ни 'й сор кӕниуонцæ, 'ма си къеретӕ искӕниуонцӕ, 'ма уонӕй исковиуонцӕ Хуари Уацелламӕ. Хуцаумӕ исковунцӕ, фӕззӕгъунцӕ, хуарз анз нин ӕй искӕнӕ, гъӕздуг анз, берӕ тиллӕг куд исесӕн ӕма 'й кувдтити, киндзӕхсӕвӕрти куд фӕккайӕн, уӕхӕн нивӕ нӕ уӕд, зæгъгæ. Хуари бӕрӕгбон нӕ фиддӕлтӕмӕ уидӕ ӕцӕг адӕмон бӕрӕгбон.
Тиллӕги калӕгабури мукалгабуртӕмӕ хаунцӕ:
а) мӕнӕуи мукалгабур;
б) хуари мукалгабур;
в) нартихуари мукалгабур;
г) хъудалий мукалгабур;
д) зӕтхи мукалгабур;
ж) картофи мукалгабур;
3) хъӕдори мукалгабур.
Фонси калӕгабури кувд фӕккӕнунцӕ Фӕлвӕрай бӕрӕгбони рӕстӕги, «Скъӕти кувд» (уотӕ хуннуй) искӕнгӕй. Гъенур, зӕгъӕн, гъог ку низзайуй, уӕд исковунцӕ фонси калӕгабурмӕ: «Хаир фонс ӕй фӕккӕнӕ»; «Фонсбӕл ӕй бафтауӕ»; «Нивонд ӕй кӕнӕн (еци) изӕдӕн». Нивондӕн берӕ дарӕн нӕййес. Гъог дууӕ уӕси ку низзайа, уӕд ӕй макӕмӕн зӕгъӕ. Ӕрмӕстдӕр, ӕнӕзмӕлд дор ка ӕй, уомӕ бацо ӕма 'й гъеууомӕн зӕгъӕ, нӕ гъог дууӕ уӕси низзадӕй, зӕгъгӕ. Ку ӕй зӕгъай, уӕдта, дан, бийнонтӕй еу фӕгъгъӕуй. Гъогӕн ӕ фӕздонӕй тог ку цӕуа, уӕд е 'хсирӕй гъеууотемӕй дзикка скӕнунцӕ ӕма ковӕндонӕмӕ бацӕунцӕ, «Уорсаги ковӕндонӕ» хуннуй, ӕма гъеууоми сковунцӕ: «Нӕ гъог нин нез, рунӕй багъӕуай кӕнӕ, хаир ӕхсир нин куд дӕтта, ковӕн дӕмӕ.» «Уорсаги ковӕндонӕ» - Фӕрӕскъӕтти адтӕй «Уорсаги дор» (лигъз дор, 9-10 м2), уобӕл исбадиуонцӕ ӕма уотемӕй ӕхсирӕй исковиуонцӕ биццеутӕ 'ма кизгуттӕ, хестӕр адӕм имӕ нӕ цудӕнцӕ. Хестӕр силгоймӕгтӕ сӕ ниртайуонцӕ, сӕ хъӕппӕл син нихсниуонцӕ 'ма сӕ уотемӕй нирветиуонцӕ кӕдзосӕй.
Баргъондӕр си ка уидӕ, е исковидӕ, иннетӕ ба сӕ къохтӕ хӕрдмӕ исхатиуонцӕ корӕг ӕма «амменӕ» зӕгъиуонцӕ.
Фал, фонси калӕгабури кувд кӕнунмӕ алли гъӕуӕн дӕр адтæй æхе хецӕн кувддонӕ. Уоми нивонд ӕрхӕссиуонцӕ Фӕлвӕрай лӕвӕрттӕй.
Алли гъæуæн дӕр ӕ фонс хезиуонцӕ бӕрӕг балвурд бунæтти ӕма се 'хсӕн уидӕ уорс галтӕ. Гъӕу кувд ку кӕниуонцӕ, уӕд, и уорс галтӕ берӕ уиуонцӕ, ӕма сӕбӕл хӕлттӕ исгӕлдзиуонцӕ. Уотемӕй, ке халӕ исхауидӕ, уой гал равгӕрдиуонцӕ. Мах гъӕу - фӕрӕскъӕтти фонс хезиуонцӕ Устур Фӕзи. Фонси калӕгабури мукалгабуртӕмӕ хаунцӕ:
a) къамбецти мукалгабур;
б) сторти мукалгабур;
в) фусти мукалгабур;
г) сӕгъти мукалгабур;
д) хути мукалгабур;
е) бӕхти мукалгабур;
ж) хӕргути мукалгабур.
Рӕзи калӕгабури бон уидӕ рӕзахуадӕни афони, сосени мӕйи. Рӕзахуадӕн кӕниуонцӕ мӕрдтӕн. Ӕ сувӕллон кӕмӕн рамӕлидӕ, еци мадӕ цалдӕнмӕ рӕзахуадӕн искӕнидӕ, уӕдмӕ ин рӕзӕ хуӕруни барӕ н' адтӕй. Мӕрдтӕн ниххӕлар кӕниуонцӕ рӕзӕ. Рӕзахуадӕн кодтонцӕ алли бийнонтӕ дӕр хецӕнӕй, сӕ мӕрдтӕн ниххӕлар кӕниуонцӕ. Рӕзи калӕгабури мукалгабуртӕмӕ хаунцӕ:
а) фӕткъути мукалгабур;
б) кӕрдтути мукалгабур;
в) цилауий мукалгабур;
г) ӕхсинцъи мукалгабур;
д) хъӕлӕрдзий мукалгабур;
е) ӕхсӕри мукалгабур;
ж) балий мукалгабур.
Халсарти калӕгабурӕн уӕлдай бон н' адтӕй. Кодтонцæ 'й алли анз дӕр, алли бийнонтӕ дӕр. Фал ӕй уӕддӕр ахиддӕр ба кодтонцӕ халсарти цӕттӕ кӕнуни дзамани, гъома, фулдӕр хатт - сӕрди ӕма фӕззӕги мӕйти. Халсартӕ куд пайда ӕнцӕ адӕймаги ӕнӕнездзийнадӕн, уой нӕ рагон дигорон фиддӕлтӕ хуарз зудтонцӕ ӕма еци бӕрӕгбонмӕ хумӕтӕг цӕстӕй нӕ кастӕнцӕ.
Халсарти калӕгабури мукалгабуртӕмӕ хаунцӕ:
а) къабусгай мукалгабур;
б) гъӕдиндзи мукалгабур;
в) къумбули мукалгабур;
г) болги мукалгабур;
д) наси мукалгабур;
е) бадирдзани мукалгабур;
ж) гетърей (хуӕргӕнаси) мукалгабур.
Кӕрдӕги калӕгабур. Хумти хаттайуонцӕ ӕма дзӕхӕратӕ (фотӕги, хугӕрдӕг, фидхуасӕ) ӕрӕмбурд кӕниуонцӕ ӕма си дзӕхӕрагунтӕ искӕниуонцӕ. Хастонцӕ гӕнгӕли, зӕнкӕ, кӕурӕги, цъозӕ ӕма ӕндӕрхузи хуӕрунӕн бӕзгӕ зайӕгхалӕ. Нӕ фиддӕлтӕмӕ адтӕй дохтуреуӕг кӕнуни ацъагъуӕ дӕр, ӕма аллихузти незтӕ дзӕбӕх кӕнунмӕ аллихузи хуастӕ кодтонцӕ зонгӕ кӕрдӕгутӕй.
Кӕрдӕги калӕгабури мукалгабуртӕмӕ хаунцӕ:
а) зӕнки мукалгабур;
б) кӕурӕгий мукалгабур;
в) гӕнгӕлий мукалгабур;
г) дабони мукалгабур;
д) скъелдуй мукалгабур;
e) хумӕллӕги мукалгабур;
ж) бетъинай мукалгабур.
Мӕргъти калӕгабурӕн дӕр хонхбӕсти кӕниуонцӕ сӕрмагонд бӕрӕгбон. Кувтонцӕ атӕ:
- Мӕнӕ нӕ мӕргъти калӕгабури хуарзӕнхӕ уӕд, маргъи ӕхсирӕй ӕфсӕст куд уӕн.
Карк, гогуз равгӕрдиуонцӕ таунӕг ӕвӕруни дзаманмӕ хӕстӕг, хумидайӕни мӕйи. Раги хуӕнхаг бийнонтӕй маргъ ка нӕ дардта, уӕхӕн н' адтӕй. Нури дзамани дӕр, мадта, гъӕуккаг хӕдзарӕ ӕнӕ маргъӕй нӕ федауй. Кӕркитӕ, гогузтӕ, хъӕзтӕ, бабузтӕ ӕма ӕндӕрхузи мӕргътӕ ци бийнонтӕ дарунцӕ, уонӕн ӕнцондӕр ӕй фингӕ райаразун.
Мӕргъти калӕгабури мукалгабуртӕ:
а) гогузти мукалгабур;
б) хъӕзти мукалгабур;
в) кӕркити мукалгабур;
г) бабузти мукалгабур;
д) гъӕддаг кӕркити мукалгабур;
e) хургӕркити мукалгабур;
ж) зумӕргъти мукалгабур.
Сирдти калӕгабури бӕрӕгбони рӕстӕги цауӕйнонтӕ ковиуонцæ Ӕфсатиймӕ. Ӕфсатийи барлӕвӕрдӕй цауæйнон сирд ку ниммаридӕ, уӕд кувд искӕнидӕ синх, кенӕ гъӕуӕн. Хӕйттӕ си не 'рвистонцӕ. Цауӕни размӕ дӕр, ӕфцæгбæл ку бахезиуонцӕ, уӕддӕр Ӕфсатиймӕ исковиуонцӕ, дæ лӕварӕй нӕ фӕххайгин кӕнӕ, зӕгъгӕ.
Арс, берӕгъ, робас ӕнцӕ тогцъухтӕ ӕма си ковун не 'нгъезуй. Айдагъ дӕр сӕфтӕггун сирдтӕй ӕнгъизтӕй ковун. Сирдти калӕгабури мукалгабуртӕмӕ хаунцӕ:
а) сӕгти мукалгабур;
б) дзӕбодурти мукалгабур;
в) сикъети мукалгабур;
г) рӕубести мукалгабур;
д) гъӕддаг хути мукалгабур;
e) хъӕзи сӕгъти (сайгакти) мукалгабур;
ж) тӕрхъости мукалгабур.
Нур ба лӕмбунӕгдӕрӕй зӕгъон, калӕгабуртӕн ци мукалгабуртӕ ес, уони туххӕн. Мукалгабуртӕй алкӕмӕн дӕр ес ӕхе сӕрмагонд ковӕн бон. Зӕгъӕн, мӕнӕуӕ ку фетаунцӕ, уӕд исковунцӕ мӕнӕуи мукалгабурмӕ: «Сӕдӕй дин ӕй дӕттӕн, мин мин хатти минӕй ба нин ӕй фӕззӕг балӕвар кӕнӕ!» Ку'й ӕркӕрдунцӕ, уӕдта 'й исесунцӕ, нихснунцӕ, нийсор кӕнунцӕ, ба 'й инсунцӕ. Еци инсадӕй къеретӕ искӕнунцӕ ӕма нӕуӕгӕй исковунцӕ мӕнӕуи мукалгабурмӕ: «Боз дӕ лӕварӕй, кувдтӕлти хуӕруйнаг нин ӕй искӕнӕ, лӕхъуӕнти кувдтитӕн куд гъӕуа, киндзӕхундтитӕн!» - зӕгъгӕ.
Мукалгабуртӕ ма хонунцӕ «ӕнӕкӕрон мукалгалбуртӕ». Мукалгабуртӕ ӕнцӕ авд авди. Ӕнӕкӕрон ба сӕ уомӕ гӕсгӕ хонунцӕ, ӕма Хуцауи фарни лӕвӕрттӕн кӕрон нӕййес, уӕдта ма сабӕл никкидӕр ӕфтуйгӕ цӕуй.
Адӕн берӕхузти ӕнцӕ ӕма еуети 'хсӕн фингӕбӕл арӕх рауаидӕ уӕхӕн дзубандитӕ ӕма, зӕгъгӕ, е ба (естӕй ном зӕгъиуонцӕ) хуаллаг нӕ 'й, ӕма, дан, ин хецӕн мукалгабур цӕмӕннӕ ес. Иннетӕ бабӕй сӕ нимадтонцӕ бӕлвурд бӕрӕг нимӕдзæй. Аци дууӕ гъудий кӕд нихмӕвӕрд ӕнцӕ, уӕддӕр си алкӕмӕн дӕр ӕхердигон рӕстдзийнадӕ ес.
Аци ӕрмӕгутӕ Темирати Заурбеги дзурдтӕй ниффинста Скъодтати Эльбрус.
14.01.2003. Дзӕуӕгигъӕу.
