«ЦИ КÆНУЙ ЦУМА МЕ’ЛХУЙНÆ?»
«Ци кӕнуй цума ме 'лхуйнӕ», - аци дзурдтӕ ӕвӕццӕгӕн Дигорӕй ка на зонуй, уӕхӕн адӕймаг стӕнтӕ разиндзӕнӕй. Зӕрдӕ сӕ хъӕбӕр ӕлвасуй ӕхемӕ сӕ гъуди ӕма сагъӕсӕй. Малити Геуӕргийӕн кӕд ӕ уадзевзитӕ кӕсунмӕ ӕнцон ӕнцӕ, уӕддӕр сӕ арфгъудидзийнадӕ ба нури уӕнгӕ ӕнхӕст ӕргомгонд нӕма ӕрцудӕй: ӕвзаг кӕд ӕ сугъзӕрийнӕ фӕрдгутӕ римӕхст даруй, уӕддӕр адӕнӕн ба 'й хъуригънӕгау. Ӕвзаг ӕхсинунмæ ‘й, цæмæй реуи хеза, - кӕд уой зӕгъунмӕ гъавта Малити Геуӕрги, кӕд уомӕй нӕбал ӕлвиста йе 'лхуйнӕ.
Кӕд еци поэти дзурд фарстӕй байзадӕй, уӕддӕр ӕ гъуди ба бӕгънӕг не 'ссæй. Уӕхӕн десӕ-месӕ цард кӕнуй дигорон ӕвзаг. Кӕд алкӕд ӕ гъарӕнгӕ ӕма ӕ зард ӕргомӕй ӕ фӕндон ӕ бон зӕгъун н’ адтӕй, кӕд ин уӕхӕн равгитӕ н' адтӕй, уӕддӕр ӕностӕмӕ нӕуӕг киндзау ӕ дессаги ласкъӕрдтӕ нӕ раласта. Дзиназта, исхъурмӕ уидӕ ӕ зӕрдӕ не 'взагӕн, фал ӕ сӕрбӕл ка радзурдтайдӕ, уӕхӕн адӕймаг н' адтӕй. Хӕкъолӕскъуд ӕма бӕгъӕнвадӕй цудӕй еу фӕлтӕрӕй иннемӕ, фал уӕддӕр ӕ зинг нӕ ниххустӕй, басӕ нӕ никъкъӕтӕр æй, йе стӕги хъанз на ниххом ӕй.
Цӕмӕй не 'взаг идарддӕр седзӕргӕси каст мабал кӕна, уой туххæй ӕй гъӕуй адӕймаги гъар уадолӕ, таведзӕ. Аци бонмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕй нӕ цӕстита исуорс ӕнцӕ. Кӕд уотӕ хуарз нӕ дзурдтан дигоронау, уӕддӕр ӕ зӕлӕ не ссӕй гулувзаг.
Ӕнæ 'взаг адӕймаг - аййепгун æй, иуӕнгмард ӕма къохсаст. «Рохсмӕ фӕсевӕд тундзетӕ...» ке зӕрдӕбӕл не 'рбалӕуунцӕ генийи курухон дзурдтӕ. Махӕй уӕлдай аци гъудитӕ ӕнӕзундгонд нӕ адтӕнцӕ, ӕрӕги ци «Абети» киунугӕ рацудӕй, уой автортӕн дӕр. Етӕ ӕнцӕ ахургӕнӕг Хъойбайти Сергей ӕма поэт Цӕрукъати Владимир, «Абетӕ» мухури уагъд ке ӕрцудӕй, уой туххӕй арфӕ кӕнӕн республики адӕмон ахуйради Министрадӕн, ӕ ниффинсгутӕн. Фал нӕ фӕндуй, ци гъӕндзийнæдтæ ӕма си рӕдудтитӕ, ци хуарздзийнӕдтӕ си рабӕрӕг ӕй, уони туххӕй лӕмбунӕгдӕр ӕрдзорун.
Куд зонӕн, уотемӕй киунугӕ берӕ менеугутӕй федауй. Сӕ еу ӕй къохӕй хузарӕзт. «Абети» райдайӕн фарсбӕл хузӕ: дууӕ скъоладзау сувӕллони фиццагидӕр фӕццӕунцӕ ахурмӕ. Цӕмӕдӕргӕсгӕ кизгӕбӕл нӕхемӕ ласкъӕрттӕ, биццеубӕл - нуриккон дарӕс. Алфавит «исгъӕздуг» киндӕй уӕхӕн муртӕй, кӕцитӕн дигорон грамматикӕ нӕ бухсуй: ДЖ, ЧЪ, — сӕ бӕсти син финсӕн ДЗ, ЦЪ. Е - мури буни хузӕгонд ӕрцудӕй нӕзи. Автортӕ ӕвӕдзи феронх ӕнцӕ, уруссаг алфавит ке нӕ финсунцӕ, фал дигорон уой. Уруссагау сахарӕ - Дигора ес, нӕхе 'рдигонау ба хуннуй Киристонгъӕу, кенӕ ба Дигорӕ.
42-аг фарси финст ӕрцудӕй рӕдуд. Иннемӕй ба автортӕ пайда кӕнунцӕ уӕхӕн нӕмттӕй, ма сӕ игъосгӕ кӕми фӕккодтонцӕ, уобӕл адӕймаг деси бацӕудзӕнӕй. Зӕгъӕн: Лӕксан (47-аг фарс) Гӕдо, Гаги, Гоги - (4-аг фарс). Езӕ ӕма Елмус (57-58-аг) фӕрстӕ, Хъӕрӕби (65 фарс). Ном Фидари бӕсти дигоронау фӕззӕгъунцӕ Федар (53-аг фарс). Дзурд горӕттӕгтӕ раййевун ӕмбалдӕй сахайрӕгтӕй. Уӕдта махмӕ гӕсгæ ирон ӕвзагӕй ӕрбайсгӕ дзурдти хӕццӕ рабаргӕй.
Аци кусти тухӕй гӕнӕн неци ес. Гъудӕй еумӕ ӕмунаффæ гъуддаг исаразун.
Киунугӕ цардамонӕг ӕй, уомӕ гӕсгӕ ба гъӕуама эстетикон ӕгъдауӕй дзӕбӕх рӕвдзӕ ӕма фӕлуст ӕрцӕуа.
Ӕркӕсӕн бабӕй лӕмбунӕгдӕр: 57-аг фарсбӕл еу ӕрдиги тугъдонтӕ хузӕгондӕй, сӕ бакомкоммӕ бӕхтӕ, 57-аг фарсбӕл Егӕ ӕма Елмус, фиццагидӕр уотӕ сувӕллонхуз нӕ 'нцӕ ӕма «Абети» киунугӕ аргъауонцӕ, фулдӕр киндздзон кизгуттӕмӕ 'нгӕс дарунцӕ, иннемӕй ба сӕ еу ӕ галеу къохи цӕмӕн даруй æ финсӕнгарз. Ахурдзау алцӕмӕ дӕр ӕ цӕстӕ лӕмбунӕг даруй.
Дигорон алфавити уруссаг муртӕ - Ю, Я - гъӕуама финст цӕууонцӕ куд — йу, йа, уотӕ. Уруссаг ӕрбайсгӕ дзурдтӕй еци мурти хӕццӕ ка фӕууй, уони ба ниффинсун ӕмбӕлуй, куд ӕнцӕ, уотемӕй. Зӕгъӕн, Юла, Юля, революци ӕма уотӕ идарддӕр.
Мурӕ - Ы - дигорон ӕвзаги ӕппундӕр нӕййес, фал ин автортӕ аци киунуги уӕддӕр цӕмӕндӕр гӕсгӕ исбунат кодтонцӕ. Кӕд бабӕй Хъойбайти Сергей ӕма Цӕрукъати Валодя фӕдздзӕгъӕл ӕнцӕ ирон ӕма дигорон алфавити 'хсӕн. Уӕхӕн ӕнӕргъуди рӕдуд куд гъӕуама ӕрцудайдӕ уагъд киунуги?
Куд зонӕн, уотемӕй алфавит райдайуй мурӕ «А»-йӕй. 13-аг фарси аги хузӕ искӕнун кӕми гъудӕй, уоми, цӕмӕндӕр гӕсгæ конд ӕрцудӕй къос.
15-аг фарси биццеу туй ӕвӕруй, фал си дамугъа - И - кӕми гъудӕй, уомӕн ба неци балӕдӕрдтан. Иннӕ хузтӕ дӕр уотӕ. Мурӕ - И - бунмӕ сувӕллӕнттӕ ӕхснунцӕ, кӕдзос кӕнунцӕ къахидарӕс, иннӕ ба хуӕргӕ кӕнуй, фал бабӕй си мурæ - И - кӕми гъудӕй, уомӕн ба неци балӕдӕрдтан.
«Н»-бӕл еунӕг дзурд дӕр не 'ргъуди киндӕй, фал си уойхигъд фӕззиндтӕй - НЫ — ӕма еци дамугъа дигорон ӕвзаги уогæ дӕр нӕй. Идарддӕр дӕр уотӕ - МЫ, ЦЫ.
59-аг фарсбӕл ес радзурд «Нӕ завод», зӕгъгӕ, уӕхӕн сӕргонди хæццæ. Ес си уӕхӕн гъудиадӕ: «Ӕрзӕтӕй ами кӕнунцæ цинк, изди ӕма ӕндӕртӕ. Уони завод ӕрветуй ӕрмӕст нӕ бӕсти алли кӕрӕнттӕмӕ нӕ, фалӕ фӕсарӕнтӕмӕ дар». Ами дзурд фалӕ ‘й бӕсти гъӕуама адтайдӕ «фал». Уӕхӕн рӕдудтитӕ ма ес 60-аг фарсбӕл дӕр. Зӕгъӕн, киунуги финст ӕрцудӕй дзурд ‘фабрикмӕ, уогӕ ба гъӕуама адтайдӕ «фабрикӕмӕ». 63-аг aарсбӕл финст ӕрцудӕй сабитӕ, уогӕ ба гъӕуама адтайдӕ «сабийтӕ», «фадуӕттӕ» - растдӕр ба адтайдӕ «равгитӕ».
Ӕмдзӕвгӕ «Раздзӕуӕгӕн» — и финсун гъудӕй «Ду нин дæ реубӕл ниввӕргӕй...» - ами ба финст ӕрцудӕй «нивӕргӕй».
Дигорон ӕвзаги дамугъа - Ж - нӕййес, ӕ бӕсти ин финсӕн - 3. Фал бабӕй аци киунуги ба автортӕ фӕгъгъӕздугдӕр кодтонцӕ мӕнӕ уӕхӕн дзурдтӕй: жираф, журнал, морж, Жаннӕ, Жорӕ, дружинӕ. Куд уинӕн, уотемӕй си еунӕг дзурд дӕр дигоронау нӕ разиндтӕй.
Киунугӕ аразгутӕ хуарз бакодтонцӕ, нӕ бӕсти ӕма нӕ райгурӕн зӕнхи хуӕздӕр адӕнтӕбӕл ке радзурдтонцӕ сувӕллӕнттӕн, уомӕй. Бакӕсӕн си ес Ленини, Плити Исси, Хетӕгкати Къостай, Кучити Юрийи, Юрий Гагарини ӕма ӕндӕр зундгонд адӕймӕгти царди ӕма ӕскъуӕлхтдзийнӕдти туххӕй ӕрмӕгутӕ. Малити Геуӕрги ӕма Багъӕрати Созур ба дигорон ӕвзаг ӕма литератури классиктӕ адтӕнцӕ, ами ба сӕбӕл ӕрмӕстдӕр еугай уадзевзитӕ ӕруадӕй. Сӕ хузти бунмӕ еунӕг дзурд дӕр финст не 'рцудӕй сӕ царди ӕма исфӕлдистади туххӕй. Геуӕргий хузӕ ба мухургонд ӕрцудӕй тӕккӕ фӕстаг фарсбӕл. Йе 'мдзӕвгӕ «Федог» кӕронмӕ финст дӕр ма не 'рцудӕй. Геуӕргий мӕтъӕл цӕсгоммӕ ӕркӕсгӕй адӕймаг ӕнӕбари дӕр рагъуди кӕндзӕнӕй, кӕд аци киунуги ӕдзӕллагдзийнадӕбӕл уотæ ниммӕтъӕл ӕй, зæгъгæ.
77-аг фарсӕй 84-аг фарси уӕнгӕ киунуги финст ӕрцудӕнцӕ ирон текститӕ, кӕцитӕн сӕ фулдӕр хай ӕнцӕ Хетӕгкати Къостайӕй ист. Кай зонуй, ӕхуӕдӕг ма ӕгас ку адтайдӕ, уӕд ӕхецӕн уой бӕрцӕ бунат дӕттун дӕр нӕ бауагътайдӕ дигорон «Абети» киунуги. Хъойбай фурт ӕма Цӕрукъай фурт ба еугӕр Къостай бахӕссунвӕндӕ искодтонцӕ аци киунугӕмӕ, уӕдта син ӕмбалдӕй уомӕн йе 'мдзӕвгитӕ ӕнӕрӕдудӕй рауадзун. Зӕгъӕн, рӕдудтити хӕццӕ уагъд ӕрцудӕнцӕ Къостай ӕмдзӕвгитӕ «Кӕмӕн цы?» ӕма «Скъолайы лӕппу».
Идарддӕр, 82-ӕм фарсбӕл ци минкъий кизги хузӕ искодтонцӕ, е махмӕ гӕсгӕ ӕппундӕр минкъийи каст нӕ кӕнуй. Ӕркӕсетӕ имӕ уӕхуӕдтӕ.
96-аг фарсбӕл радзурд «Гӕггог» хуарзӕй, махмӕ гӕсгӕ, нецӕбӕл исахур кӕндзӕнӕй сувӕллони. Цума ӕндӕр хуаздӕр радзурд иссерӕн н' адтӕй уой бунатмӕ?
91-аг фарсбӕл радзурд «Электрон тухӕ», зӕгъгæ, уоми ӕдеугурӕй ес 38 дзурди, уонӕй ба уруссаг дзурдтӕ ӕнцӕ 13. Цума уӕхӕн радзурд дигоронау цӕбӕл исахур кӕндзӕнӕй сувӕллони?
92-аг ӕма 100-аг фӕрстӕбӕл анзи еугур мӕйтӕ дар нимад ӕрцудӕнцӕ уруссагау, уотемӕй ба син дигоронау дӕр ес хъæбӕр хуарз, сувӕллӕнттӕ зӕрдӕбӕл ке бадардзӕнӕнцӕ, уӕхӕн нӕмттӕ. Зӕгъӕн: январь — ӕнсури мӕйӕ, февраль - комахсӕн, март - хумидайӕн, апрель - комуадзӕн, май - ханс, июнь - амистол, июль — сосӕни мӕйӕ, август — сухи мӕйӕ, сентябрь- рухӕни мӕйӕ, октябрь — кӕфти мӕйӕ, ноябрь — Геуӕргобай мӕйӕ, декабрь — Никколай мӕйӕ.
Мурӕ - Ш - бӕл автортӕ иссердтонцӕ ӕрмӕстдӕр еунӕг дзурд - шарф, фал е дӕр уруссаг ӕвзагӕй ӕрбайсгӕ дзурд ӕй, дигоронау ба хуннуй хъуртохӕн.
Щ-бӕл дӕр иссердтонцӕ еунӕг дзурд - щеткӕ.
Еузагъдӕй, мӕн уотӕ зӕгъун фӕндуй: киунуги автортӕ фагӕ нæ бакустонцӕ «Абети» киунугӕбӕл, ӕгӕр тӕх-хӕлӕфæй æй равардтонцӕ рауагъдадӕмӕ. Зин баууӕндӕн ӕй, еци киунугӕ ести агъаз фӕууа дигорон скъолати ахурдзаутӕн ӕма ахургӕнгутӕн, уобӕл.
Тахъазти Валери, филологон наукити кандидат.
Журнал «Ирæф» 1991 (№1)
