Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Музафер Дзасохов о дигорском языке

Музафер Дзасохов о дигорском языке

Музафер Дзасохов о дигорском языке

***

Рӕгъмӕ цы нӕ рахӕсдзыстӕм, ахӕм нӕй. Дыууæ Ирыстоны ис, дыууӕ диныл хӕст стӕм, дыууӕ 'взагыл дзурӕм. Ирыстонтӕ ӕмӕ динты кой ӕндӕр ран ӕндӕр уавӕрты кӕндзыстӕм, фӕлӕ ӕз цалдӕр ныхасы зæгъынмæ хъавын не 'взӕгты тыххӕй. О, дзурӕм дыууӕ взагыл, æмæ уый цӕмӕй ӕвзӕр у? Цӕуыннӕ хъуамӕ дзурæм дыууæ 'взагыл, кӕд Хуыцауы афтӕ бафӕндыд, уӕд? Нӕ адӕмы ӕвзаджы рагондӕр хуыз цардӕгас кӕй у ӕмӕ ирон ӕвзагимӕ ӕмцыд кӕй кӕны, уый кӕй бахъыгдардта?
Ирӕттӕй-ма исчи йӕхи дыгуроны бынаты авӕрӕд ӕмӕ-ма йын ирӕттӕй исчи афтӕ зӕгъӕд, мах иууылдӕр иу адæм куы стӕм, уӕд цӕмӕн хъӕуы дыгурон театр, дыгурон газет ӕмӕ афтӕ дарддӕр, кӕддӕра йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуид? Нӕ фӕцӕуид. Уӕдӕ, зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддаг кӕнын дӕр нӕ хъӕуы.
Мӕнӕн иу адӕймагӕй тынг ӕхсызгон у, дыгурон ӕвзаг ӕрдӕгфӕндагыл кӕй нӕ баззад ӕмӕ ӕнусты сӕрты махмæ кæй æрхæццæ, уый. Не 'взаджы рагондӕр хуыз зындзинӕдтыл кӕй фӕуӕлахиз, уый руаджы нӕ ивгъуыдӕй бирӕ сусӕгдзинӕдтӕ раиртасӕн ис. Уый иттӕг арф ӕмӕ уырнинагӕй равдыстой ирон ӕвзаг ӕмӕ истори иртасджытӕ, уæлдайдӕр та Миллер Всеволод ӕмӕ Абайты Васо. Цӕмӕй, дыгурон ӕвзаг кӕй ис, ууыл цин кӕнӕм, уый тыххæй ӕрхӕсдзынӕн иу хуымӕтӕг - чи зоны, хуымӕтӕг у, фæлæ бирӕ цӕуылдӕрты дзуры - ӕвдисӕндар.
Цы амоны дзырд «файнуст»? Ӕвӕццӕгӕн, уыцы фарстӕн дзуапп раттын чи нӕ базондзӕн, ахӕм зынӕй разындзӕн. Фӕлӕ, цымӕ, куыд равзӕрд, уымӕн алчи дзуапп ратдзӕн? Зынӕй. Афтӕмӕй та дзы зынӕй ницы ис. Ахуыргондӕн нӕ, фӕлӕ хуымӕтӕг адӕймагӕн дӕр. Дыгуронау «ностӕ» цы амоны, уый куы зона, уӕд.
«Ностæ» дыгуронау амоны «чындз».
Уӕдӕ афтӕ: дыууæ 'взаджы нӕм кӕй ис, уымæй тӕрсын на хъæуы. Тӕрсын хъӕуы, иу ӕвзаг дӕр нын куынӕуал уа, уымӕй. Уымӕн, ӕмӕ уымæй æцæг тӕссаг у.

Мæйты дæргъæн азтæ / Музафер Дзасохты. – Дзæуджыхъæу, 2022. – 647 ф.

Возврат к списку