Дигорский язык
Видео
ЖЗЛ
Искусство
Достопримечательности
Поэзия
Фольклор

Героические песни о дигорцах

Героические песни о дигорцах

Героические песни о дигорцах

ДЫГУРЫ ФӔСИВӔДЫ ЗАРӔГ

Уо, талынг ӕмӕ гыццыл Дыгур,
Сӕрибар цардыл бакусын хъӕуы!
Бакусын хъæуы, фӕлӕ йӕ куыдӕй райсӕм?
Авд авды авд ӕмбырды ӕрвæййынц,
Уыдон авд уынаффӕйы куы рахӕссынц.
Сӕдӕ-сӕдӕйы куы бавæййы фӕсивӕды къорд,
Уый ӕрдӕг та куы бавӕййы
Ӕд хӕцӕнгарз бӕхджын ӕфсад;
Адон ныр тырыса куы хъӕуы.
Цавӕр скӕной сӕ тырысайы?
Сырх тырыса ӕфсӕддон у,
Сырх тырыса, цӕй, саразӕм!
Адоны ныр раздзӕуӕг куы хъӕуы,
Раздзӕуӕг та сын чи уыдзӕнис?
Тауытты Хамби, рухсы фӕбада.
Адоны ныр тырысахӕссӕт куы хъӕуы,
Ӕмӕ сын тырысахӕссӕг та чи уыдзӕн?
Уый та, дам, Зембатты Лӕлойы фырт Дзаххо уыдзӕн.
Уӕ, талынг ӕмӕ гыццыл Дыгур,
Нӕ тыхтӕ иу ранмӕ бамбырд кӕнӕм,
Уырысимӕ не 'хсар баиу кӕнӕм,
Афтӕмӕй не 'лдӕртты фесафӕм!


ХОХЫ ДЫГУРЫ ПАРТИЗАНТЫ ЗАРӔГ

Гъей, ныр нын абоны бон сӕрибары хӕсты тох,
Рацӕут, нӕ фӕсивӕд, сӕрибары хӕсты тохмӕ, гъей!
Ӕрцӕуынц нӕм Деникины урс ӕфсӕдтӕ,
Нӕ нӕ уадзынц сӕрибар цард аразын, гъей!
Уӕд, дам, Дыгуры мӕгуыртӕ куы 'рбамбырд вæййынц,
Сырх тырысаимӕ куы фӕраст сты стыр тохмӕ, гъей!
Коммунистон парти мӕгуыртӕн - сӕ раздзӕуӕг,
Уыдоны фӕстӕ куы цæуынц Дыгуры партизантӕ, гъей!
Куы фӕцӕуынц, куы фӕцӕуынц хъӕбатырӕй
Урс ӕфсӕдты ныхмӕ сӕрибары тохмӕ, гъей!
Сӕ сӕрмӕ сырх тырыса тӕмӕнтӕ куы калы,
Афтӕмӕй куы фӕцӕуынц Хъивоны ӕфцӕгмӕ, гъей!
Дыгуры партизантӕ сӕрибары тох ныккодтой,
Нӕ компартийы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ, гъей!
Уӕй, уӕ цӕрӕнбон бирӕ уа, нӕ домбай партизантӕ,
Социалистон арӕзтадыл стыр тохгӕнджытæ, гъей!


ЗАРÆГ ГИБИЗТЫ ДЕБОЛА, ГУСТИТЫ АНДРЕЙ ӔМÆ КЪЕСАТЫ КОЛКӔЙЫЛ

Уой, Дебола Ӕндреймӕ куы бадзуры:
- Уой, уӕртӕ хиды былӕй кӕд ӕмӕ хъуысынц
Къесаты Колкӕйы тохы хъӕртӕ, уой!
Кӕд, дам, джауыр урс хъазахъхъ
Ӕрбабырстой Дзӕуджыхъӕумӕ, уой!
Ӕртӕ боны, дам, кӕд Дзӕуджыхъӕуы уынгты
Туджы къанӕуттӕ пырхӕнтӕ кодтой, уой!
Уӕд, дам, Гибизты Дебола йӕ ныфсхаст хъӕлӕсӕй
Густиты Ӕндреймӕ куы ныхъхъӕр кӕны:
- Уой, Андрей, цом, дам, цом,
Уӕртӕ нын хъӕбатыр Колкӕ цӕнгӕт хиды раз
Ызнӕгты ныхмӕ хъазуат тохы йӕ туг куы калы.
Уӕд сӕм Колкӕ куы ныхъхъӕр кӕны:
- Мӕнӕй уын ницыуал пайда ис, мӕ хуртӕ,
Фӕлӕ уӕхи бафӕсвӕд кӕнут Дзӕрӕхы комы,
Бафӕсвӕд кӕнут ӕмӕ ма 'рынцайут, мӕ хуртӕ,
Цалынмӕ тугцъиртӕй уӕ маст сисат, гъей!
Уӕд ӕм йе 'мбӕлттӕ куы ныхъхъӕр кæнынц:
- Дӕ фӕдзӕхст, Колкӕ, нӕ ферох кӕндзыстӕм,
Тох кӕндзыстӕм, ӕнӕхатыр тох, гъей!
Махӕн нæ раздзӕуӕг нӕхи Киров у,
Уӕлахиз уыдзӕн сӕрибары тох, гъей!
- Уой, Дебола ӕмӕ, зӕгъы, Ӕндрей
Дзӕрӕхы коммӕ куы сфардӕг вæййынц;
- Гъеуым сыл сауджын хӕрхӕмбӕлд куы фæвæййы,
Уый сыл йӕ мӕлгъӕвзагӕй хинӕй куы рацӕуы, гъей!
Джауыр сауджын сӕ уазӕджы ӕфсон
Талынг мӕсыгмӕ куы бацӕйсайы, гъей!
Гъе, уым сыл дуӕрттӕ куы сӕхгӕны
Æмӕ сӕм тары, сау тар ӕхсӕвы,
Джауыр ызнӕгтӕ куы бацӕйбырсынц, гъей!
Уӕ, рухсаг ӕрбауат, рухсаг,
Нӕ барты сӕрыл чи 'рхаста
Нӕ туджы ӕртах, йе 'взонг цард!

Возврат к списку